МА АМАР   БЫНДЗЫ!

Адæймаг нæ уарзы бындзы. Афтæ йæм кæсы, цыма йын йе ‘нцойад халы йæ гуыз-гуызæй, цыма йын йæ чъизи къæхтæй йæ хæринагыл, гъе та йæхиуыл абадгæйæ, архайы, цæмæй йыл исты хæцгæ низ бахæцын кæна. Æмæ сæ куынæг кæныныл нæ ауæрды. Бындзмарæнæй дзы искæцыйы куы æрцæвы æмæ йæ тыбыртæ куы бацæгъды, уæд æхцондзинад райсы. Æхцондзинад райсы, æндадзæнæй сæрст ауыгъд лентæйæ стæхын куы нал бафæразынц æмæ йыл куы амæлынц, уæд дæр.

Уæдæ цы фæрæдыд лæмæгъ, æнæбон бындз тыхджын адæймаджы раз, æгæрыстæмæй дзынга, джыбы кæнæ галбындзау тугцъир дæр куынæ у, уæд? Гуыз-гуыз кæй кæны, йæ хæринæгтæм ын æмхиц кæй у æви йын йæ буары гом бынæттыл кæй абады, кæй йыл аралидз-балидз кæны æмæ йæ хъыдзыгæнæгау кæй кæны, уый тыххæй? Сæ иуы æмæ иннæйы тыххæй дæр!

Цæвиттон, хатæны дæ æмæ дæхицæн æдас – æнцойæ хуыссыс диваныл. Дæхицæн хъуыдыты аныгъуылдтæ. Уæдмæ дæм гом рудзынгæй батахт бындз. Абадт къулыд кæмдæр æмæ фæйнæрдæмыты акæстытæ кодта. Æнахуыр бынат. Хæринагæй дæр дзы ницы ис. Зонгæ йын дзы цы ис, уый – диваныл чи афæлдæхт, уыцы адæймаг. Комкоммæ йемæ зонгæ нæ уыд, фæлæ ахæмты бирæ хæттыты федта.

Æнахуыр бынаты фæдис систа бындз. Куыд аивæрза ардыгæй, ууыл йæ уд хъарын райдыдта – хатæны къуымты тæхынтæ систа гуыз-гуызгæнгæ. Куы бафæллайы, уæд æрбады куы иу ран, куы æндæр ран æмæ уæд йæ гуыз-гуызæй фенцайы. Цы бакæна мæгуыр бындз, куыд аивæрза ацы ахæстонæй? Уый кæцæй зоны, цы гом рудзынгыл  æрбатахт, фæстæмæ дæр ууылты атæхæн кæй ис. Æмæ тæхы хатæны къуымты иу ранæй иннæмæ, æрбады куы иу дзаумайыл, куы иннæйыл. Æрбады адæймагæн йæхиуыл дæр, цыма йын лæгъстæгæнæгау кæны: «Сыст уæлæмæ, дæ хорзæхæй, æмæ мæ аивæрзын кæн ацы бынатæй. Адæймаг æй не ‘мбары, нæ йæм хъары йæ лæгъстæ. Уый нæ, фæлæ райста бындзмарæн æмæ йæ фæдыл цуан кæнын систа – кæм абады, уым та йæ æрцъыкк кæны. Сæрдыгон бындз рæвдз у – атæхы, аивæрзы бындзмарæны бынæй. Фæлæ йæ уæддæр иу ахæмы æрæййæфта. Æрхауд астæрдмæ æмæ йæ тыбыртæ бацагъта. Рог сулæфыд адæймаг.

Æмæ раст бакодта? Маргæ йæ цæмæн кæныс, дæ рудзгуыты уæрæхдæр бакæн æмæ йæ уырдыгæй фæстæмæ асур йæ æгæрон тыгъдадмæ.

Адæймаг æм мæсты кæны, йæ хæринæгтæ йæ зæрдæмæ кæй цæуынц æмæ  сæм æмхиц кæй у, уый тыххæй дæр. Фыддæр та, йæ чъизи къæхтæй низтæ кæй парахат кæны. Æмæ уым мæсты кæнын цæмæн хъæуы? Цы зоны низтæн уый? Æндæра нæ æхсид махау йæ къæхты æмæ куы хъæуа, уæд-иу сæ дезинфекци дæр не скæнид? Фæлæ уыдæттæ адæймаг йедтæмæ ничи кæны, уыдæттæн уыдон ницы æмбарынц. Не ‘мбарынц – уæд та сæм хъыг кæнын дæр нæ хъæуы. Хъæуы, кæм цæрыс, уыцы бынат сыгъдæг дарын, хæринæгты – бындз кæдæм не ‘фта, ахæм ран æфснайын æмæ дæ уæд тынг нæ тыхсын кæндзысты. Ау, кæд ма уыд афтæ æмæ хъæды бирæгътæ кæй ис, уый тыххæй адæм фос нал дардтой?

Адæймаг хъуамæ йæ зæрдыл дара, бындз хорз хъуыддæгтæ дæр кæй аразы. Цæвиттон, хæдмæлты æмбийын кæны æмæ се ‘нуд тæф нæ фындзы хуынчъытыл æдзух нæ фæуайы. Уый дæр рыгдзыд кæны зайæгойты æмæ нын тыллæг дæттынц… Стæй… Нæ удæгас дунейы уæлдай цæрæгой, уæлдай зайæгой нæй. Не сты уæлдай бындзытæ дæр. Цæмæй цæрæгойты иу хуыз æгæр ма апарахат уа зæххыл, уый тыххæй  йыл цуан кæнынц, хæрынц æй æндæртæ. Бындз дæр кæмæндæр знаг у, хæры йæ, йæхи дæр ын хæрынц æмæ афтæмæй, иумиагæй сигæйæ, хъахъхъæд цæуы æрдзы уæвæгойты æмуæзад.

Адæймаг, ма мæсты кæн бындзмæ, ма йæ мар! Ауадз æй æмæ йæхицæн тæха!

 

ДÆ  ДИССАДЖЫ  СКОНД,  АДÆЙМАГ!

Дунескæнæг бады йе сфæлдыстадон æрмадзы æмæ фæлдисы адæймаджы. Алы æмæ алыгъуызон  æрмæджытæй сарæзта, цыдæриддæр æй хъуыдис, уыдоны – зæрдæ, рæуджытæ, ахсæн, тъæнгтæ, уыргтæ, игæр… Иуты дзы сарæзта дыгæйттæ, иннæты – иугæйттæ. Ныр афтæмæй лæууынц йæ разы æмæ дарддæр хъуыды кæны, куыд сæ баиутæ кæна кæрæдзимæ æмæ сæ уд куыд бауадза, цæмæй змæлой, кусой, цæрой.

Иууылдæр ын фæлмæн æрмæгæй арæзт кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йæ хъуыд ахæм хъæбæр æрмæг æрымысын, цæмæй æмбæлон фæткыл кæрæдзийы фарсмæ уыдаиккой, уыимæ сæ хъахъхъæдтаид алыгъуызон тыхбахастытæй. Æмæ æрымысыд стæг. Æрымысыд æй æрмæст уыдонæн нæ, фæлæ къæхтæ æмæ къухтæн дæр, цæмæй къæхтæ иу ранæй иннæ ранмæ цыдаиккой æмæ къухтæ та хæринаг амал кодтаиккой.

Стджытæ йын цалдæр хуызы рауадысты. Къæхтæ, къухты стджытæ – мидæгæй хуынкъ, хæтæлты хуызæн, астæуыстæг бирæ хицæн хæйттæй конд у, цæмæй кæрæдзийыл ныдзæвгæйæ, змæлой æмæ астæу ратас-батас кæна, кусынмæ арæхса. Тъæпæнтæ та оныстæг, сæры кæхц, фæрсджытæ æмæ æндæртæ сты. Уæдæ хъултæн дæр сæхи формæ ис. Сфæлдисæгæн æнæхъуаджы нæ рауадысты алыгъуызæттæ. Уый зыдта, кæй дзы кæм равæра. Æмæ сæ равæрдта. Рауад дзы адæймаджы стæгдар. Фæлæ стджытæ хъæбæр сты, кæрæдзийыл ныдзæвгæйæ ихсыдаиккой æмæ сын уæд  сæ ныдзæвæн бынæтты бавæрдта, стæгæй фæлмæндæр, фыдæй та хъæбæрдæр æрхытæ. Дарддæр, цæмæй уыцы стæгдар змæлыдаид, уый тыххæй йыл бафидар кодта, баныхæста фыд-хæцъæфтæ. Æдзухдæр кæм змæлыдаиккой, уым – фылдæрбæрцæй. Цæвиттон, къæхтæ, къухтыл уыдон фылдæр сты, сæры кæхц та иу æнæхъæн у, стæг не змæлы æмæ йыл цармæй дарддæр ницы ис. Кæд разил-базил кæны, уæддæр бæрзæйы хæцъæфты руаджы

Сфæлдисæг дарддæр æрывнæлдта, кæй æрцæттæ кодта, уыцы хуылфыдзаумæтты æрбæстон кæнынмæ. Райдианы уал зæрдæ æмæ рæуджыты бавæрдта разæй. Уый хорз æмбæрста, иууыл хъахъхъæнинагдæр уыдон кæй сты æмæ астæуыстæгæй рауагъта фæрсджытæ-тæлмытæ, стæй сæ баиу кодта риуы гуыдыры. Бынæй сæ ахицæн кодта иннæ хуылфыдзаумæттæй тæнæг фыдæй æмæ сын сæ рæбын ахсæны сæвæрдта. Афтæ сæ бынæттæ ссардта иннæтæн дæр. Иууыл æргомдæр ранмæ æрхаудысты тъæнгтæ – гуыбыны цармæй дарддæр сæ ницы хъахъхъæдта. Фæлæ сын уымæй фыдæнæн ми нæ бакодта – æдтæрдыгæй тыхы уыдон æнцондæрæй баурæдтаиккой.

Алкæмæн дæр йæ бынат ссаргæйæ, машинæйы хæйтты куыд баиу кæнынц, афтæ сæ Сфæлдисæг дæр æндæр æмæ æндæр хуызты баиутæ кодта, стæй сæ фыдцъары æрбатыхта. Æппæт уыдæтты фæстæ бавнæлдта сæрмæ æмæ йын йæ кæхцы  арæхстгай бавæрдта магъзы. Сæрмагонд къусджыты сæ бынат ссарын кодта цæстытæн, сæ бынмæ дæргъæрдæм баныхæста фындзы, цæхгæрмæ ацарæзта дзыхы, фæрсæрдыгæй та сæрыл андæгъта хъусты æмæ… адæймаг цæттæ. Ауадзын ма хъуыд йе уæнгты туг æмæ уый дæр  ауагъта, стæй… стæй базмæлыд нæ иумæйаг раг-рагфыдæл æмæ цæуын, цæрын райдыдта а-зæххыл.

Сфæлдисæг нæ ахæм æви æндæр хуызы сфæлдыста, уый бæлвырдгæнæг нæ дæн. Фæлæ бæлвырд у, Сфæлдисæг æрмдæсны, хъæддæсны, гъе та æндæр алыгъуызон æрмæджытæй дзаума аразæг кæй нæ уыд. Уый сарæзта, йæхæдæг дзаумæттæ чи аразы, ахæм дзаума – адæймаджы. Куыд æй сарæзта, ууыл та абон дæр быцæу кæнынц стыр ахуыргæндтæ, сæ сæр сæттынц, фæлæ йын дзуапп ссарын сæ бон нæ æмæ нæу. Æмæ, æцæгæйдæр, уæлдæр цы афыстон, уымæн йæ фæстæ цас æмæ цас сусæгдзинæдтæ ис æмбæхст! Нæ буар фыд æмæ стæгæй конд у, сæйраджыдæр. Нæ амæлæты фæстæ фыд æртхутæгмæ рахизы, стæг та лæууы æмæ лæууы мин мин азты. Стæгимæ рæстæгæн сæттын нæ комынц сæрыхъуынтæ, дæндæгтæ, ныхтæ… Адæймаджы фæлдисгæйæ, цæмæн бахъуыд Сфæлдисæджы ахæм фидар æрмæджытæй спайда кæнын, йæ цард цыбыр куы у, уæд?

Вазыгджын, иттæг вазыгджын у нæ буар, нæ организмы сконд. Нæ мидæггаг органттæй алкæцыйæн дæр йæхи формæ ис. Уый Сфæлдисæг батыхст, цæмæй кæрæдзийы фарсмæ хуыздæр æрбадой, кæрæдзийы ма хъыгдарой æмæ кæрæдзиимæ сæ иумæйаг хæс хуыздæр æххæст кæной. Мах зонæм, нæ буары хæйттæй алкæцыйæн дæр йæхи сконд кæй ис, фæлæ нæ зонæм, алы органæн дæр йæхи æрмæг куыд æмæ кæм равзæрста, цæмæй йæ куыст, йæ хæс æмбæлон уагыл æххæст кæна æдзухæй, æнæрынцойæ.

Цæмæй адæймаг цæра, уæва, уый тыххæй йæ Сфæлдисæг æнгом сбаста æдтаг дунеимæ. Уырдыгæй исы хæринаг æмæ йæ хæры, уырдыгæй исы туаггуыр уæлдæф сулæфгæйæ. Фæлæ ам Сфæлдисæгæн фæзын – туаггуыр хицæнæй нæ алфæмблай нæ уæвы, уæлдæфы та æвзалытуаг дæр  ис. Æмæ уæд аскъуыддзаг кодта, цæмæй уæлдæфы улæфа, туаггуыры организм райса, иннæйы та фæстæмæ раулæфа.

Адæймаджы организм цæрдхъом йæ рæуджытæ æмæ ахсæны руаджы у. Арф ран æвæрд кæй сты, уымæ гæсгæ сæ Сфæлдисæг комарынджы рæбынмæ баиу кодта: рæуджыты хъæбæр, тæлытæ хурхы, ахсæны та фæлмæн ласæггаджы руаджы. Цæмæй фындзæй уæлдæф рæуджытæм сæрибарæй цæуа, дзыхæй ахсæнмæ та – хæлц. Æмæ кæд уæлдæфæн йе сконд иугъуызон у, нæ ивы, уæд хæлц та кæм хъæбæр вæййы, кæм фæлмæн æмæ кæм та тæнгъæд. Хъæбæр хæринæгтæ цæмæй хурхы ма ныххафой, ахсæнæн та æнцондæр тайынгæнæн уой, уый тыххæй дзыхы, æфсæртыл хъæбæр дæндæгтæ ныффидар кодта. Уыдон ахæм хæринаджы ныллыстæг кæнынц, сæт та йæ фæлмæн скæны æмæ афтæмæй араст вæййы ахсæнмæ.

Хуылфыдзумæттæй бынтон хицæнæй, сæры кæхцы Сфæлдисæг бынат рахицæн кодта магъзæн. Магъз ис хæтæл стджыты, астæуыстæджы, фæлæ сæйраг уæддæр сæры магъз у. Æндæр уæвæгойты хъауджыдæр Сфæлдисæг адæймаджы сæры магъзы схайджын кодта зондæй, хъуыдыкæнынадæй æмæ сæ уымæй хицæн кæны. Диссаджы æрхъуыдыдзинад у уый Сфæлдисæгæн. Зондæн нæй фенæн, басгарæн, нæ фондз æнкъарæны йæ разы ницыхъом сты. Уый æххæссы дардыл, дæрддзæг цы у, уый нæ зоны. Нæ зонд, нæ хъуыды нын аразын кæнынц нæ алы фезмæлд, нæ алы архайды дæр. Сфæлдисæг мах схайджын кодта ахæм миниуæгæй æмæ нæ зонды æдзух рæзын кæнæм, арфдæр æмæ йæ уæрæхдæр кæнæм. Чи – фылдæрбæрцæй, чи та – къаддæрбæрцæй. Нæ зонды руаджы мах кусæм, фæлдисæм, нывæндæм нæ дарддæры царды плæнттæ.

Туг. Стыр диссаджы тæнгъæд! Сфæлдисæджы диссаджы æрхъуыдыдзинæдтæй сæ иу! Зæрдæйы кусæн æрмæг. Махмæ хъуысы йæ цавд æмæ алы цавдæн дæр туджы рахизын  кæны ставд дадзин – аортæйыл, дарддæр ацæуы артеритыл, стæй та капилляртыл – лыстæг, тынг лыстæг дадзинтыл æмæ туаггуыр, хæлц хæссы нæ буары алы хай, алы чырæгмæ.

Тугдадзинты системæйæ дарддæр ма нæ организмы Сфæлдисæг схайджын кодта нуæртты системæйæ дæр, кæцыйы руаджы махæн ис æнкъарынад, нæ бон у змæлын, баст стæм нæ алфæмблай дунеимæ.

Стыр диссаджы сконд ис нæ организмæн. Адæймаг, медицинæйы зонад фæлвары йæ базоныныл, фæлæ йын Сфæлдисæг ахæм зонды тых нæ радта æмæ йæ кæронмæ базона. Æмæ йæ, зæгъгæ, базыдта, сахуыр æй кодта кæронмæ, уæддæр йæ бон дзуапп радтын нæ бауыдзæн ахæм фарстæн: ахæм хуызы нæ цæмæн сфæлдыста Сфæлдисæг æмæ æндæр хуызы цæуылнæ? Стæй æрмæст адæймагыл æрæнцад нæ удæгас дуне? Ахæссæм ма нæ цæст нæ Зæххыл! Йæ уæлцъар, йæ мæры, йæ дæтты æмæ уæлдæфы цас хуыз цæрæгойтæ ис, цас æмæ цас хуыз зайæгойтыл æмбæлæм. Æмæ дзы алкæйы дæр Сфæлдисæг сфæлдыста йæхирдыгонау, цахæм у, ахæмæй. Алкæмæн дæр дзы йæхи буары сконд, йæхи цардуаг, йæхи бынат, йæхи дуне ис нæ иумæйаг дунейы.

Мах, хъыгагæн, кæронмæ не ‘мбарæм, кæнæ та нæ нæ фæнды бамбарын, Сфæлдисæг нын кæй сфæлдыста, уыцы диссаджы организм – хæзнайæн йæ хицæуттæ кæй стæм. Фæлæ йыл куыд æмбæлы, афтæ нæ аудæм, нæ йæ хизæм алыгъуызон фыдбылызтæй. Æмæ нын сæ азарæй  нæхи бахизын фæзын вæййы…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.