Нæ горæты цæгатфарс 8-æм июны уынгыл цы Сырх Дзуары кувæндонæн ис, уый цадæггай рæзы. Нырма зæххæнкъуысты, уый фæстæ та гуырдзиаг-ирон хæсты азарæй ныппырх кувæндон. Цалдæр хатты хъавыдысты йæ сæндидзын кæнынмæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ дзуарæн аразын не ’нтыст.

Ныр та йæ аразынмæ æрæвнæлдта Алайнаг епархи. Дзуарæн хъахъхъæд æрцыд йæ архитектурон хуыз. Æцæг, аргъуан арæзт цæуы нырыккон æрмæджытæй пайдагæнгæйæ, фæлæ уæддæр райсдзæн раздæры хуыз. Конд у дыууæ хатæнæй, фыццаг — чысылдæр æмæ ууылты бахизæн уыдзæн дыккаг ха-тæнмæ. Арæзтады прораб куыд зæгъы, афтæмæй йæ къухы цы проект ис, уый арæзт æрцыд, Сырх хохыл цы дзуар ис, уымæ гæсгæ. Æрæмных сæ кодтой, æххуыс ма сын кодтой Культурæйы министрады историон цыртдзæвæнты хъахъхъæныны хайад. Проектыл уынаффæ цыд Парламенты дæр.

«Кувæндоны арæзтадæн бындур æвæрд æрцыд 2020 азы 19 октябры, апостол Фомæйы бон. Арæзтадыл цы финансон фæрæзтæ хардз цæуы, уыдон сты Алайнаг епархийы бæрны. Финансон фæрæзтæй нын æххуыс кæнынц хицæн адæймæгтæ дæр. Нырма нæ тыхсæм финанстæй, фæлæ фæстæдæр куы фæтыхсæм, уæд æрситдзыстæм адæммæ. Ныртæккæ дæр немæ æмархайд кæнынц Парламенты депутаттæй дыууæйæ», — загъта нын фыд Яков.

Алайнаг епархийы динамонæг ма куыд зæгъы, афтæмæй дурты иу хай дзуарæн йæхи дуртæ сты, иннæтæ та сты сырх хуыз æмæ сырхбын чи дары, ахæмтæ. Ирыстоны Сырх Дзуары номыл цыдæриддæр дзуæрттæ арæзт цæуы, уыдон дæр хъуамæ уой ахæм хуызы. Раздæры кувæндоны дуртæй иутыл уыд галтæ, æфсондз, сыкъатæ æмæ фыры нывтæ.

Æнæхъæн чи уыдысты æмæ реставрацийæн чи бæззыд, уыдонæн се ’ппæтæй спайда кодтой арæзтады рæстæджы. Систæ аразыны рæстæджы та, кæй зæгъын æй хъæуы, спайда кодтой ног технологитæй. «Мах тырнæм, цæмæй дзуар йæ раздæры хуыз райса, фæлæ зонæм уый систæ амайынæн аразгæ чъырызмæстæй кæй ничиуал пайда кæны. Этнографтæ куыд амо-нынц, афтæмæй Срых Дзуарæн йæ сæйраг кувæндон кæм ис, бæрзонд хохы сæрыл, уым дуртæ æмæ кæрдæг дæр сты сырх. Йæ ном дæр уырдыгæй рав-зæрд. Кувæндонæн йæ агъуысты æмбæрзт хохаг дуртæй уыд æмæ астæуæй та æнцой кодта тулдзхъæды цæджындзтыл. Уыцы хиæдтæ мах нал бахастам аразгæ-аразын нæ проектмæ», — зæгъы арæзтады прораб.

Алайнаг епархийы ма нын куыд загътой, афтæмæй кæд нырма æхсæнадмæ æххуысы тыххæй нæ фæсидтысты, уæддæр сæм æрвылхатт дæр æрбацæуы дæсгай адæймæгтæ. Уæлдай активондæр сты Дыргуисы районы цæрæг фæсивæд. Арæзтадмæ йе ’ххуысы къух чи фæдаргъ кæна, уыдон хаст æрцæу-дзысты аразджыты номхыгъдмæ æмæ сæ номыл æрвылхатт дæр цæудзæн скуывдытæ Хуыцаумæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.