Юстицийы министрад хыгъд радта йæ бакæнгæ куысты тыххæй. Хыгъдон æмбырды раныхас кодтой министрады дæлхæйтты æмæ дæлведомствойон органты сæргълæуджытæ.

Æмбæстагон уавæры актты ныффысты (ЗАГС-ы) управленийы къухдариуæггæнæг Æлборты Роксанæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй хыгъдон рæстæджы республикæйы регистраци æрцыд 1123 акты, уыцы нымæцы — 126 — райгуырды тыххæй, сæ цард баиу кодтой 139 æмкъайы, 101 æмкъайы та ахицæн сты, сæ нæмттæ аивтой 48 адæймаджы, 65 адæймаджы сбæлвырд кодтой фыдиуæг, фæзиан сты 643 адæймаджы, иу бинонтæ та сывæллон райстой хъомыл кæнынмæ.

Юстицийы министрады æнæкоммерцион организациты фæдыл хайады архайды тыххæй хыгъд сарæзта йæ хистæр Мæргъиты Мадинæ.

Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй ведомствойон реестры регистраци æрцыдысты 165 æнæкоммерцион организацийы, 7 политикон партийы 35 регионалон хайæдтимæ, иу динон организаци 6 приходимæ.

Министрады ис 5 фæсарæйнаг партнеры.

«2022 азы 11 январæй 2022 азы 31 декабрмæ рæстæджы æнæкоммерцион организациты хайадмæ æрбацыд 29 куырдиаты паддзахадон регистрацийы тыххæй. Куырдиæттæй 28 скъуыддзаг æрцыд, уыцы нымæцы 5 куырдиаты уыдысты ногæй сырæзгæ æнæкоммерцион организацийы паддзахадон регистрацийы тыххæй. Уыдонæй иу куырдиат паддзахадон регистраци не ’рцыд», — банысан кодта Мæргъиты Мадинæ.

Тæрхонон экспертизæты хайады архайды тыххæй йæ сæргълæууæг Уалыты Наталья куыд фехъусын кодта, афтæмæй хыгъдон рæстæджы хайад сарæзта аст тæрхонон-бухгалтерон экспертизæйы.

Адвокатурæ æмæ нотариаты фадыджы барадон бæстонкæнынад æмæ контролы хайады сæргълæууæг Цхуырбаты Лаурæйы хыгъдмæ гæсгæ, республикæйы нотариустæ хыгъдон рæстæджы бакуыстой 13634 нотариалон документыл. Лицензитæ дæттыны реестры регистраци æрцыд 23 лицензийы, 3 лицензийы бацæттæ кодтой нотариалон архайды бары тыххæй.

Юстицийы министрады Паддзахадон регистраци, кадастрæ æмæ картографийы службæйы къухдариуæггæнæг Коцты Аленæ фехъусын кодта, зæгъгæ, æмбæстæгтæй райстой 6200 куырдиаты, барадон экспертизæйы фæстиуджытæм гæсгæ лæвæрд æрцыд 1820 æвдисæнады барады паддзахадон регистрацийы тыххæй. Кадастрон исады тыххæй бакуыстой 1687 объектыл.

Коцты Аленæ ранымадта сæ хайады бакæнгæ æндæр куыстытæ дæр.

Тæрхондоны пъырыстыфты куысты тыххæй радзырдта сæ сæйраг кусæг Дзæгъиаты Вадим. Йæ ныхæстæм гæсгæ 2022 азы сæ службæмæ уыд 8381 хъуыддаджы, уыдонæй фактон æгъдауæй æххæстæй бакуыстæуыд 7697 хъуыддагыл. Уый та у, куыстыты иумиаг нымæцы 96,8 проценты.

Дзæгъиаты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, 2022 азы тæрхондоны пъырыстыфтæ -æххæстгæнджыты куыст фæфылдæр 3089 хъуыддаджы, уый та 2021 азимæ абаргæйæ, у 58 проценты.

Юстицийы министрады æфхæрдæххæстгæнæн управленийы сæргълæууæг Гуыцмæзты Аланы ныхæстæм гæсгæ, 2023 азы 1 январмæ рæстæгмæдарæн изоляторы 24 ахæсты, уыдонæй 9 уыдысты иумæйаг режимы изоляторы æмæ 15 та — карз режимы колонийы фадыджы. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æппæт ахæстты дæр медицинон хайады дохтыр рæстæгыл басгæрста æмæ кæй хъуыд, уыдон æрвыст æрцыдысты Республикæйы бирæпрофилон медицинон центрмæ уæлæмхас басгæрсты тыххæй æмæ сын уым æмбæло-нæй схос кодтой.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.