Нæ зынгæ интеллигенцийы минæвæрттæй сæ иу Гаглойты Несторы фырт Рутены райгуырдыл ацы аз сæххæст 135 азы. Ацы нысаниуæгджын боны фæдыл нæ горæты 12-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд мысæн мадзал. Бацæттæ йæ кодтой уагдоны ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыгæнæг Гасситы Дусяйы сæргълæудæй. Мадзалмæ æрцыдысты Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады методист Тыбылты Эдуард æмæ Гаглойты Рутены хъæбулы хъæбултæ Гаглойты Белæ æмæ Алисæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. 19 æнусы кæрон æмæ 20 æнусы райдианы Хуссар Ирыстоны фæзындис ахæм интеллигенцийы фæлтæр — алыгъуызон дæсныйады специалисттæ, куыд зæгъæм инженертæ, дохтыртæ, агрономтæ, юристтæ. Уыдон ахуырад истой Уæрæсейы, уымæн æмæ уæд æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ Цæгат Кавказы дæр нæ уыдис уæлдæр ахуыргæнæндæттæ.

Сæ зынгæдæртыл нымад у Гаглойты Рутен дæр. Уыд тынг курдиатджын, йæ хъуыддаджы дæсны кæй фæхонынц, ахæм адæймаг. Иттæг хорз специалист, инженер, æхсæнадон архайæг, революционер, ахуыргæнæг, поэт, публицист. Абайты Васо куыд фыста, афтæмæй, æцæгæйдæр, уыдис «комы аргъ лæг».

Скъолайы æвзонг ахуыргæнæг Сиукъаты Виктория мадзалмæ æрбацæуджыты базонгæ кодта Гаглойты Рутены цардвæндаг æмæ сфæлдыстадимæ. Йæ ном хъуыстгонд у канд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма уымæн æддейæ дæр. Рутены кой кæнгæйæ мах уайтагъд ахъуыды кæнæм Транскамы автомобилон фæндаджы тыххæй, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирæн бастдзинад ис куыд Цæгат Ирыстонимæ, афтæ Уæрæсеимæ дæр. Уый уыдис йæ бæллиц. Хъыгагæн, йæ удæгасæй ацы ахсджиаг фæндаг арæзт не ‘рцыд æмæ мæрдтæм дæр йæ мæтæй зæрдæдзургæйæ бацыд. Ручъы фæндагæн егъау историон æмæ ахсджиаг нысаниуæг кæй ис, уый мах нæхæдæг бавзæрстам 1989-æм æмæ 2008 азты. Ацы фæндагæн фыццаг проект саразæг у Гаглойты Рутен. Цалдæр азы фæфыдæбон кодта, хъæуи-хъæу зылд æмæ Хуссар Ирыстонæн сарæзта картæ. Æрмæст ацы картæйы схемæйæ дæр бæрæг у цы стыр курдиаты хицау уыдис, уый. Йæ фæндтæ се ‘ппæт дæр йæ къухты нæ бафтыдысты, фæлæ йæ рухс ном цæры æмæ цæрдзæн адæмты зæрдæты. Æппæт тыхтæй архайда йæ Ирыстонæн æмæ йæ ирон адæмæн лæггад кæныныл. Æппынæдзух хайад иста арæзтæдты хъуыддаджы. 1928 азы сарæзта проект Зæрæмæг-Уанел сосæфæндагæн. Ацы хъуыддаг саразын гуырдзыйы националистты зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ репресситы амæттаг бацис. 1937 азы йæ æрцахстой æмæ йын бирæ хъизæмæрттæ бавзарын кæныны фæстæ бабын кодтой.

Мадзалы презентацийы рæстæджы Гасситы Дуся сывæллæтты лæмбынæг базонгæ кодта Гаглойты Рутены конд арæзттæдты æмæ проектты къамтимæ. Къамты æхсæн уыдис авгæй мигæнæн, кæцыйы тыххæй йæ мысинæгты радзырдта Рутены хъæбулы хъæбул Гаглойты Алисæ. «Мæ мад Азæ ног чындз уыдис æмæ иу афон скъаппы иу агуывзæмæ фæкомкоммæ, лæууы иунæгæй æнæ æмбæлттæй. Иннæ агуывзæтæм абаргæйæ йæм сæрфинаг фæкаст. Райста йæ æмæ йæ ныхсадта, сæрттивын æй кодта æмæ йæ уæд фæстæмæ йæ бынаты сæвæрдта. Мæ нана (Рутены бинойнаг) куыстæй куы æрбацыд æмæ агуывзæ сыгъдæгæй, ног æхсадæй куы федта, уæд тынг æрынкъард æмæ йæ цæссыгтæ акалдта. Мæ мад хабар уайтагъд нæ бамбæрста æмæ йæ тыхстæй афарста, зæгъгæ, цы хабар у. Уæд ын нана æнкъардæй загъта: «Рутенæн ыл йæ былы фæдтæ уыд æмæ йæ уымæн не хсадтон». Хъуыддаг уый мидæг уыд æмæ Рутенмæ ахсынмæ куы æрбацыдысты, уæд ма фæстаг хатт бауад, ацы агуывзæ йæ къухмæ систа æмæ Хуыцаумæ скуывдта ахæм ныхæстимæ: «Хуыцау, мæ рæстдзинад мын ма бамынæг кæн». Уый фæстæ йæ йæ бинонтæ нал федтой. Уый тыххæй йæ нана дардта зæрдылдарынæн”,- йæ мысинæгты радзырдта Алисæ.

Мысæн мадзал — 12 астæуккаг Скъолайы

Гаглойты Белæ йæ ныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй Рутен йæ ныхасы сæрты никуы ахызти йæ амæлæты онг дæр. Дæсаздзыдæй йæ хæларæн цы ныхас радта, ома, куы сыстыр уон, уæд, дам, хъуамæ дыууæ Ирыстоны астæу фæндаг саразон, æндæра, зæгъгæ, афтæ куы баззайæм, уæд гуырдзиæгтæн уыдзыстæм æнцон марæн. Æмæ, æцæгæй куыста уыцы хъуыддагыл сыххæст кодта. Йæхицæн ахæм æмгæрттæ равзæрста æмæ сæ, æгæрыстæмæй, куы ‘рцахстой æмæ сын се ‘мбæлтты банымудзыны тыххæй фыстæджытæ куы фыссын кодтой, уæд сæ иу дæр нæ фæрæдыд, кæронмæ кæрæдзийыл иузæрдионæй баззадысты. Рутен, æцæгæйдæр, бафæзминаг у æвзонг фæлтæрæн, æцæг æмгæрттæн.

Ахуыргæнинæгтæ мадзалы бакастысты Рутены фыст æмдзæвгæтæ «Тарды сагъæс», «Хуссармæ», «Европæ», «Æцæгæлон бæстæ» æмæ æндæрты.

Гаглойты Рутены тыххæй сæ мысинæгтæ радзырдтой Гасситы Дуся æмæ Тыбылты Эдуард. Скъолайы директор Æрсойты Геннади стыр бузныг загъта мадзалы организатортæн номдзыд инженеры цардвæндаджы фæдыл ахæм цымыдисон мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Райгондæй баззад сывæллæтты арæхстдзинадæй дæр.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.