Бирæ цæуылдæрты дзурæг уыдзысты æвзæрстытæ Гуырдзыстоны
Гуырдзыстоны хæстон конфликт нæй, фæлæ сæ политикон тыхты ‘хсæн тохты фæстиуджытæй æввахс рæстæджы бæрæг уыдзысты Гуырдзыстоны фидæн æмæ ныгуылæны дарддæры æндæвдады гуырахст æгас Евразийы континентыл. Кæд æмæ Украинæ кæнæ Палестинæйы цаутау актуалон не сты Гуырдзыстоны хабæрттæ, уæддæр вæййынц нысаниуæгджын æмæ ма хахуырхæссæг. Æмæ ахæм информацион уацтæ ардыгæй фæззæгмæ арæхдæр хъусдзыстæм, уымæн æмæ сæм 26 октябры уыдзысты радон парламентон æвзæрстытæ.

Æрæджы Гуырдзыстоны разамынад цы закъон райстой иноагентты фæдыл, уый ссонт кодта ныгуылæн бæстæты къухдариуæггæнджыты æмæ кæрæдзийы дзыхæй ныхас исгæйæ фынккалгæ æртхъирæнтæ кæнынц Гуырдзыстонмæ. Евроцæдис уал бартхъирæн кодта, ома уын уæ куырдиат аздахдзыстæм Евроцæдисмæ æрбахизыны фæдыл. АИШ та хъавы йæ зæронд методæй спайда кæнынмæ – иноагентты закъон райсджытæн рахæсдзысты санкцитæ. Евроцæдисы минæвар Жосеп Боррель та комкоммæ загъта, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн фæкъаддæр кæндзысты финансон æххуыс æмæ уыимæ иумæ егъау финансон фæрæзтæ рахицæн кæндзысты оппозицийæн, хицауады ныхмæ цæуæг информацион фæрæзтæн æмæ ма парламентон æвзæрстытæм агиацийæн. Германы минæвар Гуырдзыстоны Петер Фишер та Евроцæдисмæ бахизыны хъуыддаг бабаста парламентон æвзæрстытимæ, ома Гуырдзыстон фæззæджы æвзæрстытæ æмбæлон æмвæзадыл куы нæ ауадза, уæд ын Евроцæдисмæ кандидаты статус байсдзысты. Цымæ ны-гуылæн бæстæтæм гæсгæ æмбæлон æмвæзад цы нысан кæны? Куыд хъуамæ ауадзой æвзæрстытæ афтæ, цæмæй еврочиновникты зæрдæмæ фæцæуой?

Ацы факт ууыл дзурæг у æмæ Гуырдзыстоны разамынадмæ бæстон æрхъавыдысты ныгуылæн бæстæтæ æмæ æцæгæйдæр парламентон æвзæрстытæ бирæ цæуылдæрты уыдзысты дзурæг. Кæд æмæ сæ бæстæйы пайдайæн архайа Гуырдзыстоны разамынад, уæд æнæмæнг европæйаг стандарттæн дзуапп нæ ратдзысты æвзæрстытæ æмæ сæ банымайдзысты фальсификацийыл. Кæд æмæ фæтæрсой санкцитæй æмæ демонстрацитæй, уæд та бирæ цæуылдæрты сразы уыдзысты æмæ та барвæндонæй бацæу-дзысты ныгуылæны цагъайраджы æфсондзмæ.

Гуырдзыстоны уагъд цæуæг митингты архайджыты фылдæр хай вæййынц фæсивæд. Уымæ гæсгæ бæстæйы разамынад хъуамæ аныхас кæна ацы категорийы минæвæрттимæ æмæ сын æй бамбарын кæна, фæсарæйнаг организацитæ сæ кæй пайда кæнынц, кæй сæ кæнынц се ‘хсæнады ныхмæ, кæй сын пырх кæнын кæнынц сæ паддзахады бындур. Æрмæстдæр рæстдзинад дзургæйæ раздахæн ис фæсивæды æууæнк.

Æрæджы немыцаг дзыллон информацийы фæрæзтæ бафарстой сæ канцлер Олаф Шольцы, зæгъгæ, ныгуылæн бæстæтæ зæххы къорийыл сæ партнертимæ ахастыты цæмæ æмæ кæдæм тырнынц. Йæ дзуапп уыд диссаг: «Мах фæнды, цæмæй дунейы паддзахадтæ æмæ хицауадтæ сæ къухтæм мауал исой историйы чингуытæ æмæ сыгъдæг сыфæй райдайæм цæрын». Ома, комкоммæ зæгъгæйæ, цыдæриддæр фыдракæндтæ сарæзтой ныгуылæн бæстæтæ, уыдон алчидæр ферох кæнæд, цæмæй та ногæй райдайой сайын, стигъын, марын, гадзрахатæй цæуын.

Фæскавказы регион рагæй фæстæмæ англосакстæн вазыгджын у æмæ сæ фæндыд йæ контроль кæнын. Уæрæсейы импери куы нæ уыдаид, уæд сын æнтысгæ дæр бакодтаид, уымæн æмæ Октябры революцийы агъоммæ Фæскавказы территорийыл англисаг спецслужбæтæ бындуронæй æрбынат кодтой. Суанг ма Ираны хуызæн егъау паддзахады дæр контроль кодтой. Советон Цæдис цалдæр азмæ асыгъдæг кодта Фæскавказ ныгуылæны æндæвдадæй, фæлæ та 90-æм азтæй фæстæмæ англосаксты æндæвдад, хæцгæ низау, апарахат ногæй ацы регионы.

Гуырдзыстон дæр сын у вазыгджын территори æмæ йæм уайтагъд бæстонæй æрæвнæлдтой. Уæлдайдæр та Михаил Саакашвилийы рæстæджы Гуырдзыстоныл бындзытау ныттыгуыр сты алыгъуызон æнæхицауадон организацитæ æмæ фондтæ Европæйæ æмæ АИШ-æй. Уыдон бирæ азты дæргъы куынæг кодтой национ политикон элитæты, нал сæ уагътой хицауиуæгон бынæттæм. Хъуыддаг ахæм мæгуырау уагмæ æрхаудта æмæ сын абоны бон президентæй нысангонд у Францы æмбæстаг Саломе Зурабишвили. Æрæджы Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзе Зурабишвилийы фæаххосджын кодта, ома паддзахадыл гадзрахатæй цæуыс. Ам сбæлвырд кæнын хъæуы «кæцы паддзахадыл». Зурабишвили райгуырд æмæ схъомыл Францы æмæ абоны онг йæ райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй никуыма рацыд. Кæд æмæ Кобахидзе Гуырдзыстоны кой кодта, уæд фæрæдыд – Зурабишвили Тбилисы уæвгæйæ æнтыстджынæй хъахъхъæны Францы интерестæ.

Зурабишвилийы журналисттæ цалдæр хатты бафарстой, зæгъгæ Гуырдзыстоны фæсарæйнаг агентты закъон аивынæн цы аргументтæ ис, цæмæннæ хъуамæ бацæуа йæ тыхы. Ацы фарсты фæдыл æм бæлвырд дзуапп нæ разынд, æрмæст загъта, ома ныгуылæны зæрдæмæ нæ цæуы æмæ æрмæст уый тыххæй дæр ивд хъуамæ æрцæуа. Комкоммæ зæгъгæйæ та, ныгуылæн бæстæты нæ хъæуы хæдбар Гуырдзыстон – фæсарæйнаг организацитæ æмæ фондтæ дзы куы нæ архайой, уæд сæ сæ бон контроль кæнын нæ уыдзæн. Гуырдзыстон АИШ-ы хъæуы æрмæстдæр Уæрæсейæн исты разиан кæныны нысанæн æмæ йæ ныр куы уынынц, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн экономикон бастдзинæдтæ фидар кæнынц, уæд фырмæстæй атонынмæ хъавынц. Уæлдайдæр ма авиабастдзианд куы æрбайгом кодтой, уæд критикæйæн кæрон нал уыд æмæ сын сæ разамынады хонын райдыдтой «уæрæсейаг агенттæ».

 

Æцæгдзинад æмæ бæллицтæ

Æртхъирæнты бын кæй фесты Гуырдзыстоны разамынад, уый фæдыл Кобахидзе бахæс кодта, цæмæй фæсарæнты хъуыддæгты министрад бæрæг фæкъаддæр кæна йæ фембæлдтытæ ныгуылæн бæстæты минæвæрттимæ. Комкоммæ та загъта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны хæдбардзинад уæййаг нæу, нæдæр æй ныгуылæйнаг визæтыл баивдзыстæм. Цымæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй разындзæн æви нæ разындзæн фаг уæйгæнджытæ радон паддзахадон фæфæлдæхт саразынæн?

Гуырдзыстон фыццаг бæстæ нæу, æмæ, æвæццæгæн, фæстаг дæр нæ уыдзæн, ныгуылæн бæстæтæ афтæ тынг кæй хъавынц сæ къæхты бын ныссæндынмæ. Æрæджы Азербайджаны дæр афтæ тæрсын кодтой Хæххон Карабахы тыххæй – рахастой йын алыгъуызон санкцитæ, нал ын рахицæн кодтой финансон æххуыс, развæлгъау бадзырдтæм гæсгæ йын æфсæддон æххуыс дæр нал бакодтой. Фæлæ Ильхам Алиев нæ фæтарст, ныхмæ сæм фæлæууыд æмæ сæм фæстæдæр АИШ-æй хатыркурæг ныццыд паддзахадон секретарь Блинкены хæдивæг О Брайен. Уымæн æмæ Алиевы нал уырнынц евроинтеграциимæ баст гæды ныхæстæ æмæ сын æй комкоммæ зæгъгæ дæр кодта, зæгъгæ, Азербайджанæн Евроцæдисмæ бахизын йæ пъланы нæй. Фæлæ Гуырдзыстон уыцы фæндыл лæуд сты нырма дæр, ис ма сæ цыдæр ныфсытæ. Стæй Гуырдзыстонæн сæ Конституцийы фыст дæр ис НАТО æмæ Евроцæдисмæ бахизыны фæндон. Æмæ ныры разамынад бар-æнæбары æххæст кæ-нынц сæ сæйраг закъон.

 

Фæсайдтой уæ уæ фынтæ

Æрæджы ма Кобахидзе йе ‘мбæстæгтæн ныфсытæ æвæрдта, ома 2030 аз-тæм уыдзыстæм Евроцæдисы уæнг æмæ, ома, немæ уыдзысты абхазаг æмæ ирон æфсымæртæ æмæ хотæ дæр. Фыццаджы уал, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон цы хуызы уыдзысты Гуырдзыстоны сконды? Стæй ма ныгуылæны фæнды гуырдзиаг иноагентты закъон айсын, ЛГБТ-йы пропаган-дæ парахат кæнын, традицион æгъдæуттæ ныппырх кæнын. Раст зæгъгæйæ, Кобахидзейы ныхæстæ æцæгдзинадмæ дард лæууынц. Æвæццæгæн æй фæн-дыд йе ‘мбæстæгты зæрдæтæ алхæнын.

Ныгуылæн афтæ не ‘рсабыр уыдзæн – йæ тыхтæ æмбырд кæны парламентон æвзæрстытæм. Оппозици куы фембылды уа, уæдæ ныгуылæн æвзæрстыты æнæмæнг банымайдзæн фальсификацийыл æмæ дзы сараздзысты протестон акцитæ, паддзахадон фæфæлдæхт саразыны нысанæн. Ныридæгæн ис информаци, гуырдзиаг оппозицийæн кæй æрвитынц егъау æхцайы фæрæзтæ фæсарæнтæй. Ныгуылæйнаг куратортæ йæ хорз æмбарынц, ныры разамынад иноагентты закъон кæй нæ аивдзæн. Ахæм къахдзæф куы саразой, уæд сæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ нæ бамбардзысты, се ‘ууæнк фесафдзысты æмæ сын адæм нал схъæлæс кæндзысты. Уымæ гæсгæ АИШ æмæ йæ сателлиттæ хъавдзысты революцийы хуызы Гуырдзыстоны разамынад баивынмæ. Ахæм хъуыддæгты сæм стыр фæлтæрддзинад ис.

Политикон эксперттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй Фæскавказы уавæр комкоммæ баст у Украинæйы цæуæг конфликтимæ. Уæрæсе тагъд рæстæджы ацы конфликты куы фæуæлахиз уа, уæд Фæскавказ дæр уыдзæн йæ контролы бын. Кæд æмæ конфликт адаргъ уа ноджы цалдæр азы, уæд НАТО-йы уæнгтæ архайдзысты Гуырдзыстон æмæ Сомихы территориты æрбынат кæнынмæ. Ныридæгæн уал ныгуылæн бæстæты фæнды Гуырдзыстоны разамынады баивын, цæмæй сæ рæстæгыл бакæной НАТО-йы скондмæ æмæ уый та тæссаг у дунеон хæстæй. Ацы уавæр æмбарынц Гуырдзыстоны ныры разамынад дæр æмæ архайынц, цæмæй сæ паддзахад скуынæгæй бахизой. Уымæн та хъæуы бирæ хъару æмæ фæрæзтæ, æмæ сæ бон бауыдзæн англосаксойнаг тугцъирты ныхмæ фæлæууын, уый та рæстæг равдисдзæн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.