Нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон 118-æм бирæуæладзыгон хæдзар сырæзт 1983 азы. Бирæуæладзыгон хæдзарæн уый стыр æмгъуыд нæу. Фæлæ хæдзары 2008 азы 8-æм августы хæсты Гуырдзыстоны хотыхджын æфсæдтæ уæззау артиллерийы æхстыты бын фæкодтой. Цы 60 фатеры дзы ис, уыдонæй  басыгъд 17.

Хæсты фæстæ æндидзынгæнæн куыстытæм куы бавнæлдтой, уæд хъуамæ раивтаиккой ацы хæдзары æмбæрзт дæр. Куыстытæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ ныддаргъ сты æмæ бирæ рæстæг уæлхæдзар æнæмбæрзтæй баззад. Къæвдайы дæттæ фæцыдысты фатертыл æмæ тынг разиан кодта, хæстæй ма æвыдæй кæцы фатертæ баззадысты, уыдонæн дæр. Афтæ цардысты сæ хицæуттæ сæ мидæг. Хæдзары уавæр сбæрæг кæныны тыххæй Арæзтады министрад Цæгат Ирыстонæй æркодта экспертон къамис. Уыдон сбæрæг кодтой, хæдзар  аварион кæй у, æмæ йын сцалцæг-гæнæн кæй нал ис. Хæдзары цæрджытæ бамбæрстой сæ уавæр, фæлæ сæ хъысмæт скъуыддзаг нæ цыд. Азæй-азмæ сын æргъæвтой сæ фарст. Бирæтæ бафæлладысты æнхъæлмæ кæсынæй æмæ бавнæлдтой сæхи фæрæзтæй сæ фатертæ цалцæг кæнынмæ. Хæдзары цæрджытæй сырæзт къорд, кæцытæ æппынæдзух цыдысты хъаст кæнынмæ алы инстанцитæм, фæлæ сын сæ дзуапп уыд, ома, багæдзæ кæнын хъæуы.

Бибылты Анатоли РХИ-йы Президентæй нысан куы æрцыд, уæд сæ хъаст уымæ дæр бахастой. Президент сын ныфс бавæрдта 2020-2022 азты Инвестпрограммæмæ сын хаст кæй æрцæудзæн сæ хæдзары арæзтад. Куыддæр Гуыбаты æфсымæрты уынджы ног хæдзæрттæ арæзт фесты, афтæ уырдæм конд æрцыдысты цæрджытæ æмæ ныр бавнæлдтой уыцы бирæуæладзыгон хæдзар пырх кæнынмæ. Хæдзары бынаты хъуамæ сырæза ног корпус. Цæрджытæй Гуыбаты æфсымæрты уынджы цæрын кæй нæ бафæнда, уыдонæн бар уыдзæнис, цæмæй сæ хæдзар арæзт куы фæуа, уæд фæстæмæ ардæм æрбаздæхой.

Харебаты Исахъы уынджы №32 æмæ 36-æм бирæуæладзыгон хæдзæрттæ дæр сты аварион. Хæдзæртты бынæтты сырæздзæн ног 75 фатерон бирæуæладзыгон хæдзар.

Фидæн аз ма Гуыбаты æфсымæрты уынджы сырæздзæн ноджы иу бирæфатерон хæдзар.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты 2020-2022 азтæн нæ горæты Ирæтты уынджы кæрон дæр сараздзысты дыууæ, нырыккон домæнтæн дзуапп чи хъуамæ дæтта, ахæм бирæуæладзыгон корпустæ.

Цæрæн фонд фылдæр кæны районты дæр. 2019 азы Знауыр æмæ Дзауы арæзт æрцыд фæйнæ 18-фатерон хæдзары. 2020 азы ма ноджы сараздзысты фæйнæ дыууæ хæдзары.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.