Президент Бибылты Анатоли Цхинвалы районы Присы хъæуы  бабæрæг кодта базальты заводы  арæзтад.

Инспекцион азылды хайад райстой Фæсарæйнаг бæстæтимæ Æхсæнрегионалон æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты управленийы хистæр Игорь Маслов, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Бекъойты Ген-нади æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

«Ир-Базальт»-ы кондады директор Джиоты Роман радзырдта ног фадæтты, ифтонггæрзты, заводы продукци æмæ кондады гуырахсты тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысы æмæ размæцыды программæйы тыххæй ацы сæрд нæ къухтæ æрфыстам дæс азмæ  ООО «Инвест Капитал»-æй хæс райсыны тыххæй бадзырдыл. Ацы программæмæ гæсгæ арæзт цæуы базальты кондад.

Абоны бон завод цæттæ у скусынмæ, цыдæриддæр æй ифтонггæрзтæ хъæуы, уыдон иууылдæр æрластам æмæ сæ сæвæрдтам. Цæмæй æнæ къуылымпыйæ продукци уадза, уый тыххæй ма  йæм баиу кæнын хъæуы электроэнерги», – загъта Джиоты Роман.

Игорь Маслов банысан кодта, зæгъгæ, проект у тынг цымыдисон æмæ хъæуæг, æмæ йæ бацымы-дис кодтой кондады дарддæры рæзты  плæнттæ.

Джиоты Романы ныхæстæм гæсгæ, композицион æмæ армиргонд æрмæг рауадзыны тыххæй кондадæн иууыл перспективондæр у базальты волокно.

«Базальтон волокно рауадзынæн хъæуæг æрмæг у базальты хуыр. Ацы кондад ницы зиан у адæмæн, экономикæйæн та у пайда. Йæ уадзыны процессы арæзт цæуы хъæрмадон энергийы стыр гуырахст, кæцыйæ спайдагæнæн ис бæстыхæйтты æмæ хъæрмуатты схъарм кæнынæн.

Цы базальтон волокно уадздзыстæм, уымæй пайдагæнæн уыдзæн композитон æрмæджыты кондады, сæрмагондæй, арматурæ, арæзтадон æмæ фæндагон-арæзтадон хыз æмæ базальтон тел аразыны», – загъта уый.

Джиоты Роман ма радзырдта объекты арæзтад æххæст кæй цыд ВТБ банчы (ПАО) хатырон  кредиттæ дæттыны системæмæ гæсгæ.

Йæ рады Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн базальты завод æппындæр ницы тæссаг у.

«Заводы тыххæй ис специалисттæ-экологты æппæт бæлвырдгæнæнтæ дæр. Уыцы бæлвырдгæнæнтæ куынæ уыдаиккой, уæд республикæйы территорийыл базальты заводы арæзтад нæ райдыдтаид. Базальты завод хъæуы куыстадон бынæттæ æмæ паддзахады æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны тыххæй», – загъта Президент.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.