Тæрхондонон системæйы цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Тæрхондонон систе-мæйы кусæджы боны цытæн!

Тæрхондонон хицауад у барадон паддзахады ахсджиагдæр бындуртæй сæ иу. Уымæн ис егъау нысаниуæг закъондзинад ифтонг кæнын, конституцион нормæтæ æххæст кæнын æмæ адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы.

Тæрхондонон системæйы кусджытыл æвæрд ис стыр сæрмагонд бæрндзинад сæ куысты æмæ фарстытæ скъуыддзаг кæныны фæстиуджыты фæдыл, кæцытыл баст у адæмы, по-литикон институтты æмæ æндæр уагдæтты хъысмæт, хатт та – æнæхъæн паддзахады. Куыст у Закъонæн удуæлдайæ  лæггад кæнын, кæцыйы, кæй зæгъын æй хъæуы, фидаргонд у тæрхондæттæм æхсæнады æууæнкдзинад.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын тæрхондонон системæйы ветерантæн, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой фидар барадон базæ саразыны хъуыддагмæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны  закъондзинады æмвæзад сфидар кæнынмæ.

Ныфс мæ ис, Фемидæйы лæггад-гæнджыты ныры фæлтæр кæй адарддæр кæндзысты хуыздæр традицитæ, кæцытæн бындур æрæвæрдтой ветерантæ, профессионализм, хъуыддагыл æнувыддзинад æмæ хæсмæ иузæр-дыгдзинад та суыдзысты раст тæрхоны идеалтæн цæсгомджынæй лæггад кæныны цæвиттон.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы цæсгомджын куыст хорздзинад æмæ рæстдзинады сæраппонд, фидар æнæниздзинад æмæ бинонты фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.