Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Джыгкайты Томас æрхуыдта Мæскуыйæ Бакулевы номыл сывæллæтты зæрдæйы низты медицинон центры кардиохирург Хуыгаты Заза æмæ бæрзонд квалификацийы травматологортопед, медицинон зонæдты кандидат Цыбырты Георгийы.

Ацы дыууæ хирургы руаджы Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны арæзт æрцыд 17 операцийы. Уымæй уæлдай ма лæмбынæг басгæрстой сæдæмæ ‘ввахс чысыл пациенты.

Зындгонд дохтыртæм Хуссар Ирмæ операцитæ æмæ амынддзинæдтæ райсынмæ æрцыдысты пациенттæ Астрахань, Ижевск, Краснодар, Кæсæг æмæ Цæгат Ирыстонæй.

Хуыгаты Заза æмæ   Цыбырты Георгийæн Мыхуыры хæдзары уыд пресс-конференци. Уыдон лæмбынæг радзырдтой се ‘рцыды нысаны тыххæй. «Сывæллæтты республикон клиникон рынчындонмæ æрцыдыстæм Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Джыгкайты Томасы æрхуындмæ гæсгæ. Уымæн социалон хызæгты ис сæрмагонд фарс. Уым æрæмбырд кодта Ирыстонæй ацæугæ дохтырты æмæ йын семæ ис æппынæдзух бастдзинад. Æцæг ирон туг кæй нуæртты змæлы, уыдон се ‘ппæт дæр цымыдис кæнынц Ирыстоны хабæрттæм. Ацы къорды руаджы æз дæр базыдтон, Сывæллæтты рынчындоны кæй хъæуы хирургортопед. Джыгкайты Томасимæ баныхас кодтам, уый мæ фæхуыдта æмæ мæнæ æрцыдтæн.

Уæ рынчындоны мæ профилы операцитæн ис æппæт уавæртæ дæр. Астрахань, Ижевск æмæ Краснодарæй сывæллæтты æркодтой операцитæм, уыдоны ныййарджыты дисæн кæрон нал уыд, рынчындоны комфортон уавæртæ фенгæйæ. Къаддæр дисы сæ нæ бафтыдта медперсоналы ахаст рынчынтæм. Ирон  адæмы зæрдæхæлардзинадыл дис кæнæм нæхæдæг дæр. Кæд Ирыстоны райгуырдтæн, уæддæр схъомыл дæн Челябинскы. Хорз æмæ æвзæр адæмтæ бирæ ис, фæлæ Ирыстоны адæмæй цас хъармдзинад цæуы, уыйас иу адæмæй дæр нæ банкъардтон», – загъта Цыбырты Георги.

Зындгонд хирург-кардиолог Хуыгаты Заза бахъынцъым кодта, зæгъгæ, Ирыстоны нал уыд 2012 азæй фæстæмæ. Ныр та æрцыд нæ министрады фæхуындмæ гæсгæ. Зындгонд дохтырмæ бахауынмæ рады тынг бирæ сывæллæттæ æнхъæлмæ каст, суанг ма хистæр кары адæймæгтæ дæр.

Уымæн бантыст алкæйы дæр  басгарын, семæ аныхас кæнын. Сæйраджыдæр, дæм цахæм низ-тимæ рынчынтæ цыдысты, зæгъгæ йæ куы бафарстам, уæд загъта:  «Зæрдæйы дывæрсыг артериалон клапантæ æхгæд кæмæн сты, ахæм рынчынтæ бирæ сбæрæг. Ахæм низ сывæллæттæ фылдæр гуырцæй рахæссынц. Бирæтæ йæ зæронды бонмæ дæр нæ базонынц, уымæн æмæ сæм афтæ фæкæсы, зæгъгæ, йе сконд у ахæм. Ахæм сывæллон вæййы лæмæгъ, æнцонтæй бафæллайы, йе ‘мкарæнтæм цы физикон цæттæдзинад вæййы, уый уымæ нæй. Ахсджиаг у æрвылаз медицинон басгæрсты руаджы ахæм диагнозтимæ пациенттæн хос кæнын».

Бакулевы номыл медицинон центры дохтырмæ журналисттæ лæвæрдтой ахæм фарстатæ дæр, ома, фæстаг азты зæрдæйы низтимæ рынчынты тенденци бæрæг фæбæрзонддæр æви нæ? Æмæ ма операцитæ цы рынчынтæн хъæуы уыцы сывæллæттæ УФ-йы кæцы клиникæтæм снысан кæндзыстут?

«Нæй афтæ зæгъæн æмæ фæстаг азты зæрдæйы низты тенденци хæрдмæ ацыд. Нæ дуджы бирæ гæнæнтæ ис зæрдæйы алыхуызон низтæн хос кæнынæн. Куыд хорз уаид, уæ республикæ куы самал кæнид хъæуæг медицинон ифтонгæдтæ, цæмæй бынаты уадзæм вазыгджын операцитæ. Æз сæрмагондæй мæхæдæг цæттæ дæн Ирыстонмæ æрцæуын, афæдз цал хатт бахъæуа, уал хатты. Сывæллæтты рынчындоны цы уавæртæ ис, уыдон мæ зæрдæмæ цæуынц. Уæззау операцийы фæстæ реабилитацийæн дæр уæм иттæг хорз уавæртæ ис. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ уæд æгас Цæгат Кавказæй Ирыстонмæ цæудзысты операцитæ кæнынмæ. Уæрæсейы бирæ ис ирон фæлтæрдджын дæсны дохтыртæ, мæнмæ гæсгæ уыдонæй ничи базивæг кæндзæн йæ адæмæн балæггад кæнынмæ. Джыгкайты Томасæн ахæм стыр авторитет ис æмæ уый хатырæй мах цæттæ стæм зындзинæдтæн быхсынмæ. Уый нын йæхи цæвиттонæй фенын кодта операцитæ æнæаргъæй аразыны мадзал. Уæхимæ ис иттæг хорз дохтыртæ, алцæмæдæр лæмбынæг кæсынц, иу уысм дæр æнæ хъуыддаг не сты. Мах цы операцитæ сарæзтам ацы бонты, уыдон-иу аххæссыдысты æмбисæхсæвтæм. Рынчындоны персонал æдзухдæр уыдысты нæ уæлхъус. Цыбырты Георгиимæ нын иттæг хорз тандем сырæзт. Ацы бонты иумæ операци сарæзтам, фæндагон-транспортон фæстиуæгæн уæззау травмæтæ чи райста, ахæм лæппуйæн. Георги йæхи профилы архайдта операцийы рæстæджы, æз та – мæхи. Мæнмæ гæсгæ нæ операци ацыд иттæг хорз», – радзырдта Хуыгаты Заза.

Хуыгаты Заза цы сывæллæтты зæрдæты уавæр сбæрæг кодта, уыдонæн сарæзта бацамындтытæ, кæйдæрты дзы схуыссын кодта рынчындоны, се ‘хсæн ис ахæмтæ дæр, кæцытæ йæм ацæудзысты Мæскуымæ Бакулевы номыл медицинон центрмæ.

Дохтырты къорд радон хатт нæ республикæмæ æрцæудзæн июлы мæйы. Сæ ныхæстæм гæсгæ сæ сæйраг нысан уыдзæн низы хъæдтæ сбæрæг кæнын. Уæлæнгай операци кæнын куы бахъæуа, уæд та йæ гæнæн уæвгæйæ бынаты сараздзысты. Ныртæккæ уыдонмæ хыгъды ис аст сывæллоны. Фæлæ уыцы номхыгъд фæфылдæр уыдзæн, уый тыххæй пациентты бакæнын хъæуы рынчындонмæ, уым ын йæ медицинон гæххæттытæ бацæт-тæ кæндзысты фадыгон дохтыртæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.