Сырх Дзуарæн кувæндæттæ Ирыстоны бирæ рæтты ис. Этнографтæ куыд амонынц, афтæмæй Сырх Дзуарæн йæ сæйраг кувæндон кæм ис, бæрзонд хохы сæрыл, уым дуртæ æмæ кæрдæг дæр сты сырх æмæ, дам, ардыгæй равзæрд йæ ном дæр.

Сырх Дзуары кувæндон уыд нæ горæты цæгатфарс 8-æм июны уынгыл. Нырма зæххæнкъуыст, уый фæстæ хæсты аххосæй, ныппырх кувæндон. Цалдæр хатты хъавыдысты кувæндон сæндидзын кæнынмæ, фæлæ йын нал æмæ нал æнтыст. Сырх Дзуар саразынмæ цавæрдæр амалиуæггæнæг куы бавнæлдта æмæ йын йæ дуртæ куы аласта брондонмæ, уæд уый фæстæ æрцыд мистикон цау: уыцы аразæгæн йæ æрыгон чызг йæхи рудзынгæй раппæрста. Уый адыл аразæгпрораб Сырх Дзуармæ хæстæг дæр нал æрцыд. Дзуары алфæмблайы цæрджытæ дуртæ æртымбыл кодтой æмæ сæ фæстæмæ сæ бынатмæ схастой.

Ныр та Сырх Дзуар ногæй саразынмæ æрæвнæлдта Алайнаг епархи.

«Кувæндоны арæзтадæн бындур æвæрд æрцыд 19 октябры, апостол Фомæйы бон, раст уыцы бон бавнæлдтам, Сырх Дзуар цы сыгъдæг бынаты уыд, уырдæм. Арæзтадыл цы финансон фæрæзтæ хардз цæуы, уыдон сты Алайнаг епархийы бæрны. Фæстæдæр, ома, финанстæ куы фæцух уæм, уæд бакæндзыстæм хыгъд, кæцыйæн арæзт æрцæудзæн цæстдарæн совет æмæ арæзтад скæндзыстæм æппæтадæмон. Ныртæккæ дæр немæ æмархайд кæнынц Парламенты депутаттæ цалдæрæй», – зæгъы фыд Иаков

Алайнаг епархийы динамонæг ма куыд загъта, афтæмæй Сырх Дзуарæн хъахъхъæд æрцæудзæн йæ архитектурон хуыз. Æцæг аргъуан амад æрцæудзæн нырыккон фадæттæй пайдагæнгæйæ, фæлæ йæ раздæры хуыз баззайдзæн. Сырх хохы сæрыл цы кувæндон ис, уый арæзт æмæ конд у ахæм систæй, кæцытæн сæ дурты иу хай у сырх хуыз, кæннæд та сырхбын чи дары, ахæмтæ. Сæ иунæг фæрæз уыд чъырызмæст, систæ дæр амад уыдысты чъыримæ. Йæ сæр та æмбæрзт уыд хохаг къæйдуртæй æмæ астæуæй та æнцой кодта тулдзхъæды цæджындзтыл. Ирыстоны территорийыл кæмдæриддæр Сырх Дзуæрттæ арæзт æрцыд, уыдон дæр хъуамæ уыдаиккой ахæм хуызы. Сырх хохыл цы дзуар ис, уый йæхæдæг конд у дыууæ хатæнæй, фыццаг чысылдæр, йæ дæргъ скæсæнæй ныгуылæнмæ 3.20 м, уæрхырдæм та 1,70 м. бæрц. Фыццагæй бахизæн ис дыккаг хатæнмæ. Дыууæты бахизæнтæ дæр сты ныллæг æмæ сты хуссарварсæрдыгæй.

Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон дæр, цы проект бацæттæ кодтой, уый æрæмных кодтой раст уыцы архитектурон хуызимæ. Æххуыс ма сын кодтой Культу-рæйы министрады историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайад дæр. Проектыл уынаффæ цыд Парламенты рабадтытæй сæ иуы.

Мах цымыдис кодтам, Сырх дзуары арæзтады рæстæджы спайда кæндзысты æви нæ, раздæры  кувæндоны дуртæй. Уый фæдыл та фыд Иаков зæгъы, зæгъгæ кувæндоны дуртæй иутыл уыд галтæ, æфсондз, сыкъатæ æмæ фыры нывтæ. Уыдонæй ма æнæхъæн чи сты æмæ реставрацийæн чи бæззы, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр спайда кæндзысты. «Кувæндон 90 проценты онг уыдзæн йæ раздæры хуызы, ивындзинæдтæ хаудзысты, æрмæстдæр арæзтады рæстæджы цы ног технологитæй пайда кæнынц, уыцы фарстатæм», – зæгъы фыд Иаков.

Алайнаг епархийы ма куыд загътой, афтæмæй кæд нырма æхсæнадмæ, æххуысы тыххæй нæ фæсидтысты, уæддæр сæм æрвылбон дæр æрбацæуы дæсгай адæймæгтæ. Уæлдай активондæр сты Дыргуисы районы цæрæг æвзонг фæсивæд. Арæзтадмæ йе ‘ххуысы къух чи фæдаргъ кæна, уыдон хаст æрцæудзысты аразджыты номхыгъдмæ æмæ сæ номыл цæудзæн Хуыцаумæ скуывдтытæ, службæтæ уадзыны рæстæджы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.