23-æм ноябры та ногæй бавнæлдтой, нæ горæты 8-æм июны уынджы Уæлахизхæссæг Георгийы номыл цы Сырх Дзуар ис, уый арæзтадмæ. Сырх Дзуары кувæндон арæзт цæуы Алайнаг епархийы хъæппæрисæй. Ис Культурæйы министрады хъусдарды бын, цæмæй арæзт æрцæуа, йæ историон хуыз бахъахъхъæнгæйæ.

Кувæндоны арæзтадæн бындур æвæрд æрцыд дыууæ азы размæ 19-æм октябры апостол Фомайы боны. Райдианы арæзтадыл цы финансон хæрдзтæ цыд, уыдон уыдысты аргъуаны фæрæзтæ. Фæлæ уыдон фаг нæ уыдысты æмæ аргъуаны кусджытæ фæндон рахастой, цæмæй арæзтад æппæтадæмон суыдаид. Иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ конд хъуамæ æрцыдаид хыгъд, цæмæй уыцы фæрæзтæй пайда кодтаиккой. Сырх Дзуары æндидзынкæнынад адæмæн æрхаста æхцондзинад разынд ахæм хицæн адæймæгтæ, кæцытæ ахадæн æххуыс бакодтой. Фыд Иаков куыд зæгъы, афтæмæй Парламенты депутаттæй дæр дыууæйæ баххуыс кодтой арæзтадæн. Фæлæ уыцы финансон фæрæзтæ фаг уыдысты æрмæстдæр Сырх Дзуарæн бындур æвæрынæн æмæ ма йын йæ алфæмблай ныссыгъдæг кæнынæн. Ивгъуыд аз дзуары арæзтадмæ нал бавнæлдтой, бакъуылымпы сæ кодта пандеми. Ныр дæр уавæр кæд æндыгъд у, уæддæр дзуарæн æнæарæзгæ нæй.

«Систæ амад æрцæудзысты, нырыккон технологитæй пайдагæнгæйæ, йæ раздæры хуыз баз-зайдзæн. Сырх Дзуарæн Ирыстоны цыдæриддæр кувæндæттæ ис, уыдонæн сæ систæ сты сырх дурæй арæзт, кæннод та сырхбын чи дары, ахæмтæй. Сæ сæртæ та æмбæрзт сты хохаг къæйдуртæй. Йæ сæйраг кувæндон кæм ис, Сырх хохыл, уым йæ алфæмблай цы кæрдæг зайы, уый дæр у сырх. Куыд зонæм, афтæмæй дзуар аразыны рæстæджы нæ фыдæлтæ æрмæстдæр пайда кодтой чъырзмæстæй. Сырх хохыл цы дзуар ис, уый йæхæдæг конд у дыууæ хатæнæй. Фыццаг – чысылдæр, йæ дæргъ – 3,20 метры, уæрхырдæм та – 1,70 метры бæрц. Фыццагæй бахизæн ис дыккаг хатæнмæ. Дыууæты бахизæн дæр сты хуссары ‘рдыгæй», – радзырдта нын фыд Иаков.

Динамонæг зæгъы, зæгъгæ, уыдон дæр цы проект скодтой, уый æрæмных кодтой раст уыцы архитектурон хуызмæ. Уыцы проект бавдыстой Культурæйы министрады историон цыртдзæ-вæнтæ хъахъхъæныны хайадмæ. Бавдыстой йæ Парламентмæ дæр, цæмæй цалдæр азы размæ цы рæдыд æруагъдæуыд, уый та фæлхатт ма æрцæуа.

Зæххæнкъуыст æмæ хæстон архайдтыты фæстæ куы ныппырх, уæд цалдæр хатты хъавыдысты кувæндон сæндидзынмæ. Йæ дуртæ йын аластой, ома, нал бæззынц, ныцъцъæлтæ сты, зæгъгæ. Хъавыдысты ног дуртæ  саразынмæ. Фæлæ сæ аразынæн ис сæхи фæтк æмæ æгъдау. Йæхи дуртæй иутыл конд уыд галтæ, æфсондз, сыкъатæ æмæ фыры нывтæ. Уыдонæй бирæтæ сты æнæхъæн, цъæлтæй кæцыдæртæ бæззынц реставрацийæн æмæ сæ спайда кæндзысты, дзуары систæ аразгæйæ. «Кувæндон 90 проценты онг уыдзæн йæ раздæры хуызы, ивындзинæдтæ хаудзысты, æрмæстдæр арæзтады рæстæджы цы ног технологитæй пайда кæнынц, уыцы фарстатæм», – зæгъы фыд Яков.

Дины кусæг ма куыд зæгъы, афтæмæй кусæгдыхæй арæзтады рæстæджы никуы фæтыхстысты. Алчи дæр йæ хæсыл нымайы йæ хайбавæрд бахæсса дзуары арæзтадмæ, уæлдай активон сты Дыргуисы районы фæсивæд. Арæзтадмæ æххуысы къух чи фæдаргъ кæны, уыдон хаст æрцæуынц номхыгъдмæ æмæ сæ номыл уагъд æрцæуы Хуыцаумæ скуывдтытæ службæ уадзыны рæстæджы. «Аргъуанмæ цы адæм цæуынц, уыдон æмæ ма æндæртæ дæр, кæцытæн ницы иудзинад ис кувæндонимæ, арæх ныууадзынц сæ телефоны номыртæ, ома, кæд бахъæуæм, уæд цæттæ стæм арæзтады хайад райсынмæ. Уый æхцондзинад хæссы зæрдæйæн. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ дзуар иумæйаг тыхтæй арæзт куы æрцæуа, уæд дзы фылдæр фарн уыдзæн», – зæгъы фыд Иаков.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.