Алайнаг епархийы хъæппæрисæй цы Сырх Дзуар арæзт цæуы, уый сындæггай сæндидзыдта. Дзуар арæзт цæуы йæ раздæры хуызы, фæлæ аразджытæ пайда кæ-нынц нырыккон æрмæджытæй. «Ис нæм проект, раздæр Сырх Дзуарæн цы архитектурон проект уыд, уымæ гæсгæ конд. Æрæмных æй кодтам культурæйы министрады историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайадимæ. Уынаффæ йыл цыд Парламенты профилон комитеты рабадты дæр», – зæгъы фыд Симон.

Нырма зæххæнкъуыст, уый фæстæ та хæсты аххосæй ныппырх кувæндон. Цалдæр хатты хъавыдысты кувæндон сæндидзын кæнынмæ. Фæлæ йæм æппынфæстаг бæстонæй бавнæлдта Алайнаг епархи. Цалдæр азы размæ йæ бæргæ райдыдтой, фæлæ финансон фæрæзтæй бынтон рæвдз нæ уыдысты æмæ арæзтад адаргъ. Кæд финансон хъуагдзинад æййафой, уæд бакæндзысты хыгъд, кæцыйæн уыдзæн цæстдарды совет æмæ суыдзæн æппæтадæмон арæзтад. Ныртæккæ Сырх Дзуары арæзтадмæ сæ хайбавæрд бахæссынц парламенты депутаттæ цалдæрæй.

Мах бацымыдис кодтам, систæ арæзтады раздæры кувæндоны дуртæй пайда цыд, æви нæ. Уый фæдыл фыд Иаков афтæ загъта, кувæндоны дуртæй иутыл уыд галтæ,  æфсондз, сыкъатæ æмæ фыры нывтæ. Уыдонæй æнæхъæнæй чи баззад æмæ реставрацийæн чи бæззы, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр спайда кодтам. Алайнаг епархийы динамонæг ма куыд зæгъы, афтæмæй дзуараразджытæ сты ахæм специалисттæ, кæцытæм ис фæлтæрддзинад ацы хъуыддаджы. Сырх Дзуармæ баххуысы фæндимæ арæх æрбацæуы дæсгай адæймæгтæ, уæлдай активон сты 8-æм июны уынджы  цæрæг æвзонг фæсивæд. Фæнды сæ, цæмæй сын исты куыст радтой æмæ уымæй сæ хайбавæрд бахæссой аргъуаны арæзтадмæ.

Сырх Дзуары кувæндæттæ Ирыстоны бирæ ис. Этнографтæ куыд амонынц, афтæмæй йæ сæйраг кувæндон ис бæрзонд хохы сæрыл, уым дуртæ æмæ кæрдæг дæр сты сырх æмæ, дам, ардыгæй равзæрд йæ ном дæр. Уым цы кувæндон ис пырхæй, уый абон дæр лæууы, уымæн йæ агъуыст æмбæрзт у хохаг къæйдуртæй, астæуæй та æнцой кæны тулдзхъæды цæджындзтыл. Систæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, кæрæдзийыл хæцынц чъырызмæстæй. Ирыстоны территорийыл сырх дзуæрттæ иууылдæр сты Сырх хохыл цы дзуар ис, уый йæхæдæг куыд конд у, ахæм хуызы. Дыууæ хатæны – фыццаг чысылдæр, йæ дæргъ скæсæнæй ныгуылæнмæ. Фыццагæй бахизæн ис дыккаг хатæнмæ. Дыууæты бахизæнтæ дæр хъуамæ уой хуссарварсæрдыгæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.