Мæ царды рæдау лæвæрттæй сæ иу у Цъæхилты Аврамы чызг Земфирæимæ фембæлд. Скъоладзауæй йæ цалдæр хатты федтон стыр экраныл, стæй та централон телеуынынады дæр. Алыхуызон советон адæмыхаттыты минæварæй-иу растади актрисæ: молдавайнаг, украинаг, азербайджайнаг, сомихаг, гуырдзиаг, таджикаг, уырыссаг æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон сылгоймаджы фæлгонцты. Уыдоныл ма æнæмæнг хъæуы бафтауын фæсарæйнаг сылгоймæгты ролтæ дæр: французаг, ромайнаг æмæ индиайнаг («Капитан Немо»-йы бинойнаджы роль, 1975 аз).  Тæмæссаг рæсугъд æмæ курдиатджын актрисæимæ искуы æввахс хæлæрттæ суыдзыстæм, зæгъгæ, уымæ уæд бæллын дæр нæ уæндыдтæн. Фæлæ, æвæццæгæн, Сфæлдисæгмæ æндæр фæндтæ уыдис æмæ абон сæрыстыр дæн, Мæскуыйы ирон культурон æхсæнады советы куыст нæ зонгæ дæр æмæ хæлар дæр кæй бакодта, уымæй.

 Хъысмæты фæндæгтæ

Стыр Фыдыбæстон хæсты тæмæны, 1943 азы 24 апрелы, Рухс Куадзæны æхсæвы Цъæхилты Аврам æмæ йæ цардæмбал Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Бидеты Варварæйæн Алагиры райгуырди чызг. Сабибонтæй фæстæмæ Зифæ бæллыди актеры профессимæ. Райгуырæн горæты цыдис театралон студимæ. Скъола сызгъæрин майданимæ каст куы фæци, уæд йæ мады фæндон æххæстгæнгæйæ бацыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институтмæ, фæлæ дзы дыууæ мæйы дæр нæ бафæрæзта. Ныууагъта йæ ахуыр æмæ ирон театрмæ кусынмæ бацыдис. Райстой йæ уырдæм массон сценæты актрисæйæ. Уыцы рæстæджы театры аивадон разамонæг уыдис зындгонд режиссер Брытъиаты Зариффæ. Иу азы фæстæ та ирон студийы фæлгæтты нæ, фæлæ йæхæдæг иунæгæй ацыди Мæскуымæ Щукины номыл театралон институтмæ æмæ фыццаг фæлварæны фæстæ бахаудта уырдæм, зындгонд педагог æмæ ректор Борис Захавайы курсмæ. Земфирæ кæимæ ахуыр кодта, уыдоны нæмттæ абон хорз зоны театралон æмæ кинематографион дуне: Евгений Стеблов, Наталья Селезнёва, Наталья Егорова, Борис Хмельницкий, Марианна Вертинская. Фæстæдæр уыцы курсыл бафтыдысты Валентина Малявина æмæ Инна Гулая, Анатолий Васильев, Владимир Долинский. «Рæсугъд курс у, – зæгъдзæни Вахтанговы номыл театры аивадон разамонæг Рубен Симонов, – Рæсугъд уæвынæн дæр курдиат хъæуы».

Уататы Бибоимæ

Ахуыры рæстæджы Вахтанговы номыл театры хъазыди чысыл ролты. Иууылдæр æнхъæлдтой, зæгъгæ, ацы театры адарддæр кæндзæн йæ куыст (театралон институт Вахтанговы номыл театры цур байгом кодтой кæддæр).   Фæлæ Моссоветы номыл театры уæды рæстæджы режиссер Юрий Завадский «вахтангæгтæй» фæраздæр, уымæн æмæ уыцы рæстæджы разæнгардæй архайдта йæ труппæмæ æвзонг артисттæ æрбахоныныл. Æмæ йын бантысти курдиатджын фæсивæд æрбаввахс кæнын: Маргарита Терехова, Александр Леньков, Геннадий Бортников, Наталья Богунова, Юрий Кузьменков. Се ‘хсæн уыдысты æртæ æвзонг ирон артисты: Беройты Вадим, Бестауты Татьянæ æмæ Цъæхилты Земфирæ. Театры сæ уайтагъд хъазгæйæ «Осетинский кишлак» хонын райдыдтой. «Ирыстоны кишлактæ никуы уыди, зæгъгæ, нæ быцъынæг скъуыдтам, фæлæ ныл уæддæр уыцы ном ныффидар», – худгæйæ фæмысы Земфирæ. Æртæйæ иумæ æнтыстджынæй ахъазыдысты дебютон спектакл  «Экзюперийы цард»-ы.

Дыууынæртæаздзыдæй Цъæхилты чызгæн кинематографы фæд-фæдыл уыдис æртæ дебюты. Киномæкæсджытæ бахъуыды кодтой йæ цымыдисаг дуэт Александр Збруевимæ журналисткæ Тоняйы ролы киноныв «Два билета на дневной сеанс»-ы. Иннæ дыууæ дебюты та систой Азербайджаны: «Почему ты молчишь?» æмæ «Следствие продолжается». Фæстæдæр та йын уыдис тынг цæстахадгæ куыст «Арменфильм»-ы. Цъæхилты Земфирæ ам ахъазыди Армен Джигарханянимæ дохтырты царды ки-ноисторийы «Жил человек». Хъыгагæн, ацы цымыдисаг лентæ куыддæр рохуаты аззадис æмæ йæ бирæтæ уынгæ дæр никуы фæкодтой.

Уый фæстæ йæ кинобиографийы фæзындис ноджы бирæ дзæбæх куыстытæ «Молдова-фильм» æмæ Довженкойы номыл студийы. Иттæг хорз ахъазыди Земфирæ уыцы ролты: Одарка «Пропавшая грамота»-йы, Вероника  «Последний гайдук»-ы, Инга  «Когда человек улыбнулся»-йы.

1971 азы Земфирæ хъазыд Цæгат Ирыстоны киностудийы аивадон киноныв «Последний снег»-ы Баситы Чабæханы ролы. Куыд зонæм, афтæмæй, Чабæхан уыдис Алагиры скъолайы немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг. Оккупанттæ домдтой, цæмæй Баситы сæрыстыр чызг фашистон знаджы газеты кусын райдайа. Æмæ сын куы нæ сразы ис, уæд æй фехстой. Амæлæты фæстæ хъæбатыр чызджы схорзæхджын кодтой Фыдыбæстон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй.  Ацы куыстæн Земфирæйы зæрдæйы уæлдай бынат цæмæн ис, уый зын бамбарæн нæу. Æдæппæт та Цъæхилонæн ис 24 киноролы.

 

Амондимæ фембæлд

Цæгат Ирыстоны ирон драмон театры Земфирæ иу азы бæрц йедтæмæ нæ бакуыста, фæлæ йæхи бауарзын кодта труппæйæн. Хистæр фæлтæры актертæ Зифæйы рæвдыдтой, раст цыма сæ хъæбул уыдис. Йæ аивадон æнтыстытыл цин кодтой.

Иу изæр Моссоветы театры радон спектаклы размæ театрдзауты æхсæн сценæйы æмбæрзæны аууонæй Зифæ ауыдта Советон Цæдисы адæмон артист Тæбæхсæуты Балойы. Спектаклы фæстæ чызг уынгмæ рахызти. Бало æнæзонгæ бæрзонд лæппуимæ уым лæууыд æмæ æдзынæгæй касти театралон службæйон дуары ‘рдæм. Бацыди йæ размæ Земфирæ, «уæ изæртæ хорз», зæгъгæ, сдзырдта. Бало йыл атыхстис, раппæлыди актрисæйы хъазтæй, стæй уæд йæхи азылдта йе ‘мбæлццоны ‘рдæм æмæ йæ базонгæ кодта Цæголты Георгиимæ.

Йæ хъæбулы хъæбултимæ

– «Хуынд стæм абон æз æмæ ды Цæ-голты хæдзармæ, Зифæ. Цом æмæ дæ базонгæ кæнон Ирыстоны разагъта лæгтæй иуимæ. Георги та йæ лæппу у», – загъта Тæбæхсæуты Бало, фæхæцыди чызджы къухыл, абадтысты хæдтулгæ «Победæ»-йы æмæ цалдæр минуты фæстæ балæууыдысты Горькийы номыл (ныртæккæ Тверская) уынджы  6-æм хæдзары цур. «Диссаджы изæр рауадис нæ экспромтæй – рагацау цæттæгонд литературон-музыкалон изæрæй хуыздæр». – дзырдта мын йæ мысинæгтæ Земфирæ. Уый уыдис хъысмæт бæлвырдгæнæг изæр. Æвзонг удтæ уарзондзинады уацары бахаудысты. Ӕмæ цыбыр рæстæгмæ сæ цард баиу кодтой. Дыууæ фырты æмæ иу чызг схъомыл кодтой иумæ актрисæ Цъæхилты Земфирæ æмæ экономикон зонæдты доктор, амалиуæггæнæг, журналист, РАЕН-ы академик Цæголты Георги.

Мæскуыйы цæрæг ирон адæмæй сæ хæдзармæ фæуазæг уæвыны амонд кæй фæцис, уыдон никуы ферох кæндзысты тæмæссаг фысымты хæларзæрдæ ахаст. Уæлдайдæр та сæ традицион 1 январы фембæлдтæ æмæ июлы мæйы фæстаг хуыцаубоны «Урс фестивалтæ». Алы ахæм фембæлдæн дæр-иу уыдис сæрмагонд тематикæ. Зæгъæм, 2015 азы, ома, Стыр Уæлахизы юбилеон азы райдианы, хуынд уыдыстæм тематикон изæр «Землянка наша в три наката». Сценаритæ Цъæхилон йæхæдæг фыста æмæ-иу архайдта, цæмæй иу мадзал иннæйы хуызæн макуы уа, ууыл. Ахъуыды ма кæнут, цас сфæлдыстадон потенциал хъæуы уымæн.

Хæдзары хицау, Георги (ныртæккæ дзæнæттаг) уыцы фембæлдтыты фысым дæр уыдис æмæ раздзог дæр.

Цас цымыдисаг æмæ зындгонд адæмимæ базонгæ дæн уым! Айдагъ дзæнæттаг Валентина Толкуноваимæ цалдæр фембæлды мæ зæрдæйы цы фæд ныууагътой, уый йæхæдæг хæзна у. Монон хæзна. Ацы изæртæн ма уыдис иу вазыгджын нысан – сæ фæрцы Уæрæсейы алыхуызон адæмты минæвæрттæ зонгæ кодтой ирон цардыуаг, ирон культурæ, ирон æгъдæуттимæ. Мах та уыдоны культурæимæ. Уыцы мадзæлтты махæй алчидæр архайдта нæ адæмы кад бæрзонд кæныны хъуыддагмæ йæ хай бахæссыныл.

Георги æцæг дунемæ цы бон ацыд, уыцы бонæй фæстæмæ Земфирæйы зæрдæ нал комы традицион фембæлдтæ сног кæнын. «53 азы дæргъы иу тызмæг ныхас дæр никуы фехъуыстон мæ цардæмбалæй. Цыфæнды аразгæйæ дæр тырныдтон, цæмæй Гогæйы (афтæ йæ хуыдтой æввахс æмбæлттæ æмæ Зифæ йæхæдæг) зæрдæмæ мын фæцæуа. Кæмæн ма сæ аразон ныр?» – загъта мын æнкъардæй фарон зымæджы ме ‘мбал Цъæхилон.

 

Уæлæмхасæн ахуырады педагог

Æцæг аивад, æцæг курдиат никуы сæфынц. Цъæхилты Земфирæ йæ цард афтæ спълан кодта, æмæ 10 азы театры бакуыста, 24 кинонывы ролтæ ис йæ къæбицы, йæ бинойнагимæ африкайнаг æмæ европæйаг бæстæты дæргъвæтин командировкæты азгæйттæ фæцарди, æртæ хæрзуаг, зондджын æмæ кадджын хъæбулы схъомыл кодта.  Фæндзай азы йыл куы сæххæст, уæд та уæлæмхасæн ахуырады уагдон байгом кодта æмæ йæ эстетикон хъомылады скъола «Катюша»-йæн ацы аз нысан кæндзæн 30-азон юбилей.

Ам сывæллæттæ лæвар исынц уæлæмхас ахуырад, æртæазонтæй райдайгæйæ.  Сæ ныййарджытæ ницы фидынц, Цъæхилоны та хъæуы уæхскуæзæй бакусын, цæмæй йæ бинонты, йе ‘ввахс æмбæлтты, йæ спонсорты фæрцы ссара фæрæзтæ æмæ баххуырса иттæг хорз педагогты. Уыцы ахуыргæнджытæ та сæ рады сывæллæттимæ афтæ зæрдиагæй бакусынц æмæ сæ концерттæм чи æрбацæуы, уыдон дисы бахауынц – адон сабитæ сты æви профессионалон артисттæ, зæгъгæ. Иттæг бæрзонд æмвæзад æвдисынц!

Рухс æмæ хорздзинадхæссы йемæ

Карз домæнтæ ис Зифæйы скъолайы.  Алкæй бон нæу уырдæм бахауын. Цалдæр азы размæ 13-аздзыд кафæг чызг Мæргъиты Дианæ дзырдта, зæгъгæ, астæуккаг скъолайы фæстæ «Катюша»-мæ стыр зæрдиагæй атагъд кæны, бæрæгбоны хуызæн йæм кæсы алы урок дæр. Æмæ кæд йæ скъолайы уроктæ æхсæвыгон кæнын бахъæуы, уæддæр «Катюша»-йы ницæуыл баивдзæн. Дианæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта, зæгъгæ, мæ ныййарджытæ мын тынг æххуыс кæнынц æмæ сæ фæрцы астæуккаг скъолайы дæр хорз ахуыр кæнын.

11 дисциплинæйы ахуыр кæнынц сывæллæттæ «Катюша»-йы: актеры дæсныйад, аивадон каст, музыкæ, вокал, хореографи æмæ æнд. Эстетикон скъолайы рауагъдонтæ систы киноактертæ, телеамонджытæ. Се ‘хсæн ис конкурстæ æмæ фестивалты лауреаттæ. Чидæр та Бауманы номыл техникон университет равзæрста. Фæлæ «Катюша»-йы хæрзахъаз тæфаг алкæуыл дæр хорзырдæм фæзынд.

Земфирæ та цыфæнды æнтыстджын концерты фæстæ дæр лæмбынæг равзары сæ алы рæдыд дæр. Уымæн æмæ æцæг аивады ницæййаг хъуыддæгтæ нæ вæййы.

«Катюша»-йыл ауды Мæскуыйы ирон культурон æхсæнад дæр. Æвзонг артистты ам уарзынц æмæ уыдон дæр æхсæнады алы мадзалы дæр разæнгардæй архайд райсынц. «Катюша»-йæн бур æмæ сау сæрыхъуынтæ, цъæх æмæ сау цæстытæ ис. Дзургæ дæр алыхуызон æвзæгтыл кæны – йæ ахуыргæнджытæ æмæ йæ хъомылгæнинæгтæ алыхуызон нациты минæвæрттæ сты. Уымæн ис сæ репертуары уырыссаг, кавказаг, индийаг æмæ испайнаг кæфтытæ. Æмдзæвгæтæ та куыд кæсынц ацы сывæллæттæ, уый диссаг у, æвæдза. Тæхуды æмæ искуы куы фехъуыстаиккат Катя Старшова (популярон сериал «Папины дочки»-йы хъазыди Пуговкæйы ролы) Ахмадулинайы æмдзæвгæ «Ты человек» куыд кæсы! Цыбыр ныхасæй, «Катюша»-йæн Мæскуыйы культурон-рухстауæн царды æмæ рæзгæ фæсивæды хъомылады ис стыр нысан.

 

Фæсныхасы бæсты

Рагæй зонын Цъæхилты Земфирæйы æмæ мæ уырны: йæ хуызæн адæймæгтæ сæ адæмимæ æмзонд, æмхъуыды вæййынц. Ацы ныхасы мæнг уæлтæмæндзинад ма агурут. Уымæн æмæ Земфирæйы хуызæн адæймаг мæнг идеалты уацары никуы бахауы, йæ бæстæйы ивгъуыд дызæрдыккаг æмæ æбæрæг фидæны сæраппонд никуы ныссæнды.

Земфирæйыл сæххæст 80 азы, фæлæ йæм абон дæр ис фаг тыхтæ (Хуыцау йын сæ ноджы фылдæр скæнæд!), рухс фидæнмæ фæндаг иумæ лæгæрдынæн.

Ныртæккæ дунейы цæуæг хабæрттæй сæ ахсджиагдæртæй иу хонынц 4-æм æви 5-æм, фæскъахыг йæ зонæг, технологон революци. Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уæд дын – рæхуыст – аразгæ интеллект, ома, зонд, дам, у нæ фидæн.

Хатыр, фæлæ технологитæ фидæнаразæг не сты. Аристотелæй ныры онг адæм нæ фæзондджындæр сты. Леонардо да Винчийæ ранымайгæйæ сæ курдиат нæ фæфылдæр. Технологиты цагъары бахауын мæ фыдæзнагæн дæр мæ зæрдæ нæ зæгъдзæн.  Уды растæй, уды рæсугъддзинадæй бæлвырд кæны æцæг  адæймаг.

Афтæмæй та нæ фидæн нæ цуры ис – нæ хъæбултæ æмæ уыдоны фæдонтæ. Уымæн сыл афтæ тынг ауды Земфирæ.

Цъæхилон царды фæндæгтыл хæссы йемæ рухс æмæ хорздзинад. Æнæмæнг, Земфирæ у Ирыстоны æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы национ хæзна, æцæг рæсугъд æмæ уæздан сылгоймаджы фæлгонц.

Бирæ азты нын дзæбæхæй цæр, Земфирæ!

ДАМБЕГТИ Ирина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.