2023 азы 9-æм июны 105 азы сæххæст Ирыстон æмæ Уæрæсейы хъæбатыр фырт, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг, фыццаг ирон контр-адмирал Цæллæгаты Пантелей Константины фырты райгуырдыл. Уый уыд фыццаг ирон, кæцыйæн радтой æфсæддон ном контр-адмирал. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæн  стыр нысаниуæг кæй уыд, уымæ гæсгæ сыл йæ хæстон мемуарты «Битва за Кавказ»-ы  фыста Советон Цæдисы маршал Андрей Гречко. Фыста ма сыл армийы инæлар Иван Тюленев, кæцыйыл документалон уацау «Пламя над Тереком» ныффыста Дзаттиаты Тотырбег.

Цæллæгаты Пантелей Константины фырт райгуырд 1918 азы 9-æм июны Мæздæджы районы Новоосетиновскаяйы станицæйы. Дзæуджыхъæуы каст фæцис астæуккаг скъола æмæ уый фæстæ та –  Цæгат Кавказы  хæххон-металлургион институты цур рабфак. Ахуыр кодта доны хæдзарады Одессæйы институты, Бакуйы æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндоны. Фæлæ йын йæ ахуыр хæст бахъыгдардта.

Денджызон æвзонг афицерæн райдыдта вазыгджын æмæ зын рæстæг. 1941 азы Цæгат-Ныгуылæн фронты хицæн денджызон бригадæйы сконды Мæскуыйы цур тох кодта немыцаг-фашистон æфсæдты атакæты ныхмæ. Командæ кодта пулеметчикты взводыл, уый фæстæ та – пулеметон ротæйыл. 1942 азы январæй службæ кодта денджызон фистæгæфсæддон 74-æм хицæн бригадæйы, Сырхтырысаджын Балтийы флоты денджызон фистæгæфсæддон батальоны штабы хистæрæй, ацы батальоны командирæй. Цæллæгайы фырт йæ дæлхæйттимæ хъæбатырæй тох кодта Ленинграды къулты цур, Цæгат Кавказы тыгъдады.

1942 азы июлы æрвыст æрцыд Фæскавказы фронты Цæгаттаг къордмæ, Терчы хъахъхъæнынадон арæнмæ, йæ райгуырæн горæт Мæздæджы цурмæ. Сентябры денджызон фистæгæфсæддон бригадæ, 44-æм армийы хæйттимæ æмархайгæйæ, алыг кодтой знаджы мотомеханизацион æфсæдты фæндаг Малгобекмæ бацæуæнты.

Уыцы цауты тыххæй Советон Цæдисы Хъахъхъæнынады министр, маршал Андрей Гречко йæ чиныг «Битва за Кавказ»-ы  сæргонд «Мæздæджы здæхты» фыссы: «Гвардейскийы хуторы кæрон нæ развæдсгарджытæ амынæты ракодтой 370-æм дивизийы къорды афицеры. Уый радзырдта, зæгъгæ, десантон къорд «Блиц» дыууæ хатты фæтыхджындæр фистæгæфсæддон полчы 30 танкæйы æххуысæй. Æмæ 7 сентябры райсом раджы хъуамæ ахизой Терчы хуссар донбылгæронмæ Вознесенскы бацахсыны хæслæвæрдимæ. Капитан-лейтенант «Бета»-йы (Цæллæгайы фырт) командæйы бын батальон цы нарæг фадыг хъахъхъæдта, уым фæнд кодтой  3-аг танкон дивизийы 100 танчы онг æмæ штурмгæнæн хæцæнгæрзты дыууæ ди-визионы тохмæ ракæнын…».

Контр-адмирал Цæллæгайы фырт йæ мемуарты фыста: «Цæстдарæн пункт сифтонг кодтон бæрзæнды, кæцыйы денджызонтæ хуыдтой «Крейсер». Уæд æй мах нæма зыдтам, ацы бæрзæнд Терчы хохрагъы хъысмæт кæй скъуыддзаг кæндзæн, уый. Ныхмæлæууæг ракодта 100 танчы æмæ уайтагъд бацыдысты Терчы хохрагъы бынмæ. «Крейсер»-ы бæрзæндæй сыл сæмбæлдыстæм тыхджын æхстытæй. Цалдæр сахаты дæргъы цыд карз тох бæрзæнды тыххæй. Знаджы тыхджын атакæтæм æнæкæсгæйæ, махæн нæ бон ссис ахсджиаг позици бахъахъхъæнын».

Капитан-лейтенант Цæллæгаты Пантелей, денджызон фистæгæфсæддон 62-æм Сырхтырысаджын бригадæйы батальоны командир, йæ райгуырæн Ирыстоны зæхх хъахъхъæнгæйæ, хайад иста Æрыдон, Елхот, Змейкæйы ссæрибар кæныны тохты. 1943 азы майы майор Цæллæгайы фырт – æхсæг полчы штабы хистæр хайад иста Таманскы æрдæгсакъадахы атоныны операцийы. Уыцы аз октябры мæйы Пантелей денджызон ном – æртыккаг рангы капитаны ном райсгæйæ, Сауденджызон флоты æфсæдты сконды дæрæн кодта фашистты Сау денджызы зонæйы.  Пан-телейæн-иу арæх йæ зæрдыл æрлæууыд Сау денджызæй Зæххыастæу денджызмæ «балцыты куыд цыд», уый. Йæ хæстон службæ дзы домдта, цæмæй сбæрæг кодтаид потенциалон ныхмæлæууæджы. Оперативон-территориалон денджызон баиугæнды командир, Керчæй туркаг донбылгæрæтты онг хæсджын уыд, цæмæй фиппайдтаид æмæ къухдариуæгад кодтаид артиллерион заводты куыстæн, хъахъхъæдтаид егъау стратегион фæсауæрцтæ æмæ афтæ дарддæр. Æппæт ацы егъау куыст тынг хорз æххæст кодта Цæллæгайы фырт.

 

Контр-адмиралы фæсхæсты цардæй

Бæрæг куыд у, афтæмæй кадрон афицерæн службæ хæстимæ нæ фæвæййы.  Гитлерон Германыл фæуæлахизы фæстæ Цæллæгаты Пантелей каст фæцис К.Ворошиловы номыл Ленины ордены Æфсæддон-денджызон академийы æххæст курс æмæ куыста крейсер «Молотов»-ы командиры хистæры æххуысгæнæгæй. Ацы бынаты службæ кодта крейсер «Куйбышев»-ы дæр. Хæсты фæстæ контр-адмиралы биографийы фылдæр хай баст у бæстæйы хъахъхъæнынады министрады централон полигоны уæлдай хицæн паддзахадон хæстæ æххæст кæнынимæ. Ам уагъд цыдысты ядерон хæцæнгарзы фæлварæнтæ. Цæллæгайы фырт æфсæддон хъысмæтмæ гæсгæ, цалдæр азмæ æрвыст æрцыд дард Заполярьемæ уæлдай сусæггаг мисси æххæст кæнынмæ. Командæ кодта сæрмагонд нысаниуæджы науты бригадæйыл æмæ хайад иста фыццаг донгуырон (водородный) бомбæйы фæлварæнты. 1956 азы майы мæйæ 1960 азы октябры онг, уый фæстæ та – 1968 азæй 1972 азмæ уыд зæххы кæрон, Новая Земляйы  сакъадахты – æнусон салд, мит, ихтæ, даргъ полярон æхсæвтæ – бахъуыд æй ахæм уавæрты кусын. Адмиралы службæйон номхыгъды Новая Земля нысан цæуы кодон номыры бын æфсæддон хайæ (алцыдæр уыд тынг сусæггаг). Пантелей Константины фырт йе службæйы ацы периоды афтæ мысыд: «Ног Зæхх у хæстæй тæссагдæр. Азы дыууæ хатты къухтæ æрфыссыны – хæс мыл уыд паддзахадон сусæгдзинад ма раргом кæныны тыххæй. Ног Зæхх у тынты (лучевая) низ. Уый у цæстырухс фесафын, уый у ихджын полигон, фæлварæнтæ, фæлварæнтæ, фæлварæнтæ…».

 

Лæвæрд ын æрцыд контр-адмиралы ном

Сусæггаг документтæ куы раргом кæной æмæ  йæ фæстагæттæ куы базонгæ уой, тæссаг уавæрты Цæллæгайы фырт цавæр вазыгджын æмæ тæссаг хæслæвæрдтæ æххæст кодта, уæд  уæлдай тынгдæр сæ сæртæй ныллæг кувдзысты Ирыстон æмæ Уæрæсейы зынгæ фырты сгуыхтдзинæдтæн. 1972 азы райдианы Цæллæгайы фырты службæйы номхыгъды æрцыдысты ивындзинæдтæ – Советон Цæдисы Хъахъхъæнынады министры бардзырдмæ гæсгæ фыццаг рангы капитанæн лæвæрд æрцыд контр-адмиралы ном. Уый фæдыл райста бирæ-нымæц арфæйы телтæ.

Рæмонты Александр, Уæрæсейы Æфсæддон-денджызон флоты гарзджын тыхты ветеран, РЦИ-Ала-нийы ветеранты советы уæнг: «Уый махæн уыд иууыл сæйрагдæр адæймаг æмæ цæвиттон. Æрмæст куыд адæймаг афтæ нæ, фæлæ ма куыд адмирал дæр. Махмæ уый у фыццаг адмирал. Хæсты рæстæджы ссис ацы æфсæддон номы аккаг. Мах – денджызонтæ дзы иууылдæр истам цæвиттон».

Контр-адмиралы хион Мзокты Фиалетæ: «Йæ цардæмбалимæ йын арæх ныхас кодтон. Еленæ-иу мын радзырдта, Пантелейæн куыд зын уыд службæ кæнын, фæлæ уæддæр кадимæ æххæст кодта йæ хæстæ. Новая Земляйы дæр. Ацы уæззау донгуырон бомбæйæн дæр фæлварæнтæ уым арæзтой. Æмæ уыцы уæззаудæр фæлварæнты фæстæ фæрынчын тынты низæй. Бакуырм, фесæфта йæ дæндæгтæ иууылдæр, фæлæ уæддæр йæхимæ тыхтæ ссардта службæмæ æрбаздæхыны тыххæй. Йæ царды бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ сын бафæрæзта æмæ ссис хъæбатырдзинады æцæг цæвиттон».

1975 азы запасы ацæуыны фæстæ Пантелей æрæздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ, цард Дзæуджыхъæуы. Цалдæр азы лæууыд республикон ДОСААФ-ы сæргъ, кодта активон æфсæддон-патриотон куыст. Ирон хъæбатыр рацард зын, вазыгджын, фæлæ цымыдисон цардæй. Йæ фæсномыг уыд «Железный». Йæ фидар характермæ гæсгæ йæм æххæстæй  æмбæлыдис уыцы фæсномыг. Уыимæ иумæ уыд зæрдæхæлар адæймаг. Контр-адмирал науæй куы цыд, уæд матростæ йæ фæстæ куыдтой, афтæ тынг ахуыр ыл уыдысты. Йæ карздзинады тыххæй цыдысты легендæтæ, фæлæ йын матростæ кодтой стыр аргъ кодтой. Пантелей йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй царды куыдта æрмæстдæр иу хатт, Севастополы  порты йын йæ крейсер «Куйбышев»-ы куыд лыг кодтой, уый куы федта, уæд. Ацы крейсер сæрибар кодта Сауденджызы донбылгæрон, уый фæстæ та цасдæр рæстæджы дæргъы Сау денджызы акватори сыгъдæг кодтой  куыд немыцаг, афтæ советон мингай минæтæй дæр.

 

Кады Аллейæ

Ирыстоны номдзыд фырт  цардæй ахицæн 2009 азы 21 октябры. Æфсæддон кадимæ ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы, Кады Аллейы. Дзæуджыхъæуы кæм цард уым – Кировы уынджы йын æвæрд æрцыд Мемориалон фæйнæг. Уыд горæттæ Дзæуджыхъæу, Æрыдон, Новопавловск, болгайраг горæт Созополы кадджын æмбæстаг. Хорзæхджын уыд: Сырх Тырысайы, фыццаг къæпхæны Фыдыбæстæйон хæсты дыууæ ордентæй, Сырх Стъалыйы æртæ орденæй, Фæллойы Сырх Тырысайы орденæй,  «За оборону Кавказа», «За боевые заслуги», «Во славу Осетии»-йы майдантæ æмæ бирæ æндæр хорзæхтæй.

Æфсæддон интеллигенцийы минæвæртты галереяйы Цæллæгаты Пантелей йæ хъæздыг курдиæттæ æмæ характертæй ахсы иууыл бæрзонддæр бынат. Чи йæ зыдта, уыдон æй иууылдæр бахъуыды кодтой зæрдæхæлар æмæ раст адæймагæй. Сæрыстыр дзы сты Ирыстон æмæ Уæрæсе дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.