Мидхъуыддæгты министр милицийы инæлар-майор Гуыцмæзты Алан арфæйы ныхæстæ загъта слестгæнæн управленийы рæнхъон скондæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Ведомствойы сæргълæууæг банысан кодта, Мидхъуыддæгты министрады системæйы слестгæнæн управлени  кæй ахсы сæрмагонд бынат, слестгæнджытæ кæй хæссынц егъау бæрндзинад æмæ сæ æдзух кæй домдæуы профессионалон ахаст сæ куыстмæ. Уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта службæйы ветерантæн, кæцытæ бирæ азты дæргъы сæ фæлтæрддзинад лæвæрдтой æрыгон кусджытæн.

Сæ службæйон хæстæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæнынц æмæ сын сæ профессионалон архайды æнтыстытæ кæй ис, уый фæдыл къорд кусæджы хорзæхджын æрцыдысты ведомствойон хорзæхтæй.  2022 азы сæ бакæнгæ куыстæн хыгъд саразыны фæстиуæгæн, «Хуыздæр слестгæнæг»-ыл нымад æрцыд экономикæйы æмæ хъалонисæн къабазы фыдракæндтæ раргом кæныны хайады хистæр слестгæнæг Харебаты Снежанæ.

Милицийы дæлбулкъон Харебаты Снежанæ мидхъуыддæгты органты кусын райдыдта 2008 азы иумæйагуголовон фæдыздæхты æмæ фæндагон-транспортон цауты фыдракæндтæ раргом кæныны хайады. Æрыгон æвæлтæрд кусæджы уайтагъд сæ дæлбар бакодтой службæйы фæлтæрд кусджытæ æмæ йæ зонгæ кодтой слестгæнæджы куысты сусæгдзинæдтимæ. Куыстмæ æвæстиатæй хæццæ кæнын, æрфарстытæ, фыдракæнд кæнæ æнамонд цауы бынат басгарын ссис æрыгон чызджы æрвылбонон куыст. Фыццаг хатт куы ацыд, æвирхъау цау кæм æрцыд, уыцы бынатмæ, уæд тынг зын уыд йæ психикæйæн.

«Уый уыд фæндагон-транспортон цау, кæцыйы фæмард æрыгон лæппу. Æз мæ куыст кæ-нын райдыдтон æмæ мæ цæссыгтæ згъæлдысты, тынг мæт кодтон йæ хиуæттыл æмæ цъус фæстæ мæ бон нал уыд кусын. Абоны бон мын æнцондæр у – сфæлтæрдтон, мæ эмоцитæ уро-мын фæразын. Дæхиуыл куы нæ хæцай, уæд дæ куыст профессионалон æмвæзадыл никуы бакæндзынæ», – зæгъы Снежанæ.

Харебаты чызджы цыппар азы фæстæ ракодтой экономикон фыдракæндты хайадмæ.

«Слестгæнæгæн йæ куысты иууыл сæйрагдæр у, дæ професси куы уарзай, уый. Уымæй уæл-дай ма дæм хъуамæ уа объективондзинад, хатай бæрндзинад, уай цæсгомджын æмæ зын уавæрты дæхи ма хъуамæ ауадзай»- загъта Харебаты чызг.

             Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.