Сæ оперативон-службæйон хæстæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæнынц, æхсæнады сабырдзинадмæ егъау хайбавæрд кæй хæссынц æмæ ма æрæджы сæ профессионалон бæрæгбон кæй банысан кодтой, уый фæдыл мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери майдантæй æмæ грамотæтæй схорзæхджын кодта цалдæр фадыгон инспекторы. Чи фесгуыхтис, уыдоны ‘хсæн уыдис чызджытæ дæр, кæцытæ нæлгоймæгты æмрæнхъ службæ хæссынц ахæм зын куыстуаты. Гæззаты Валери дæр йæ арфæйы ныхæсты банысан кодта, фадыгон инспектортæ сæрмагонд бынат кæй ахсынц æгас барадхъахъхъæнæг системæйы æмæ сын йæ цæст бауарзта ноджы фылдæр æнтыстытæ сæ куысты æмæ сæ бинонтимæ царды.

Милицийы фадыгон инспекторты дæлхай нымад цæуы иууыл вазыгджындæр æмæ ахсджиагдæрыл, сæ архайдæй цæрджытæ аргъ кæнынц æгас барадхъахъхъæнæг органты куыстæн. Уымæ гæсгæ ардæм службæ кæнынмæ исынц цæттæдæр кусджыты, кæцытæ фидæны адæмæн уыдзысты ныфс æмæ сæ хъахъхъæндзысты фæткхалджытæй æмæ фыдгæнджытæй.

Уымæй уæлдай ма Гæззаты Валери йæхимæ æрбахуыдта милицийы ветеранты æмæ дзы цалдæры схорзæхджын кодта ведомствойон майдан «Ветеран МВД»-йæ. Милицийы ветерантæ егъау хайбавæрд бахастой Ирыстоны паддзахад сæндидзын кæныны хъуыддагмæ, бирæ азты дæргъы æнæмсæр тох кодтой мидæггагон æмæ æддагон знæгтимæ. Æмæ кæд ныр сабыр дуг ныллæууыдис, уæддæр сæ рох кæнын нæ хъæуы. Мидхъуыддæгты министр сын раарфæ кодта йæхи æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты номæй дæр сæ иузæрдион лæггады тыххæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр