Фæстаг азты республикæйы масштабон бæрæгбонты æфсæддон парадты активон хайад райсынц  сылгоймæгты парадон расчеттæ дæр, – уыдоны ‘хсæн Мидхъуыддæгты министрадæй дæр. Ӕмæ раст зæгъгæйæ, хорз рафидауын кæнынц бæрæгбонон мадзал сæ аив рæнхъон цыдæй, æгæрыстæмæй ма бирæ лæппутæй хуыздæр равдисынц сæхи. Парадмæкæсджытæй профессионалон æфсæддон цæстæнгас кæмæн ис рæнхъон цыдмæ, уыдон ацы хъуыддаг арæх бафиппайынц æмæ фæбузныг вæййынц чызджыты парадон расчеттæй.

Нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, зонынц, æфсæддон парад уæлдай тынгдæр кæй фæрцы рафидауы, уыдоны, æмæ 3 декабры Мидхъуыддæгты министрады парадон расчетты хайадисджытæй 16 адæймаджы схорзæхджын кодтой ведомствойон майдантæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæз-тыл 30 азы сæххæсты сæраппонд цы цытджын мадзæлттæ уагъд æрцыд, уым активон хайад райсыны тыххæй милицийы сылгоймæгты парадон расчетты минæвæрттæ æмæ тырыса хæсджытæ хорзæхджын æрцæуæд Хъахъхъæнынады министрады ведомствойон майдан «За боевое содружество»-йæ», – дзырдæуы хорзæхты бардзырды.

Гассеты Ибрагим зæрдиагæй раарфæ кодта йæ фыстæджы, парады æппæт хайадисджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сымах стут фæзминаг Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы.

Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб цытджын æгъдауæй радта майдантæ сæ хицæуттæн æмæ сын арфæйы ныхæстæ загъта сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

«Парады рæстæджы дæр æмæ куысты дæр сымах уæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнут цæсгомджынæй. Уæлдай æхсызгон та вæййы, дæ куысты æддейæ ма дæ исчи куы фæбуц кæна, уæд. Фæнды мæ, цæмæй уæ ацы майдантæ сразæнгард кæной ноджы фылдæр æнтыстытæм», – банысан кодта Пухаты Мераб.

ДЖИОТЫ Александр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.