Хуссар Ирыстоны Парламенты æртæ депутатæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад байсыны тыххæй  Президент Гаглойты Алан радзырдта, ахæм уавæр цæй тыххæй сæвзæрд æмæ паддзахадон арæны тыххæй фарстыл цы куыст цыд уæрæсейаг коллегæтимæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, æппæт дæр райдыдта, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы тыххæй экс-президент цы паддзахадон къамис сарæзта, уый архайдæй. Къамисы сæргъ лæууыд Мулдарты Гарри.

«Къамис бакуыста, архивтæй систа документтæ, бацæттæ кодта картæ æмæ къамисы куысты фæстиуджыты фæдыл хатдзæгон доклад. Ууыл йæ куыст фæцис. Документты пакет арвыста къухдариуæгадмæ. Мах сæ райстам æмæ Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды рæстæджы фæндон бахастам, цæмæй æркастæуа æмæ сахуыр чындæуа ацы документтæ», – загъта Гаглойты Алан.

Фæстæдæр план цыдис уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг фæрстæй кусæгон къорд саразын. Уыцы къорд хъуамæ банысан кодтаид æппæт фарстаты дæр æмæ æрцыдаиккой иумæйаг хатдзæгмæ. Документты пакет æрвыст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты сæргълæууæджы номыл.

Уыцы рæстæджы паддзахадон арæны фарстыл активонæй уынаффæ кæнын райдыдтой Хуссар Ирыстоны Парламенты дæр.

Депутаттæ цалдæр хатты фæхуыдтой юстицийы экс-министр Гаглойты Олегы, уый фæстæ та – ныры министр Джиоты Аланы, цæмæй арæны тыххæй закъонмæ ивындзинæдтæ бахастаиккой.

«Уавæр куы райтынг, уæд сæвзæрд комкоммæ фарст: «Цæй тыххæй ма сарæзтой кусæгон къордтæ, кæд æмæ хицæн адæймæгтæ иуварсонæй  архайдтой арæны тыххæй закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыныл?». Уый раст фарст уыд. Уæдмæ республикæмæ æрцыдысты уæрæсейаг коллегæтæ æмæ уынаффæ цыд ацы фарстыл. Æз Парламенты фембæлдтæн æппæт фракцитимæ, æмæ иумандатонтимæ æмæ сын бамбарын кодтон уавæр. Абон иуæй-иу депутаттæ куы фæдзурынц, зæгъгæ, уый тыххæй ницы зыдтой, уый раст нæу», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, депутаттæн иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодтой, сæ архайдæй национ æдасдзинадæн тæссаг уавæр кæй аразынц.

Уый тыххæй загъдæуыд Парламенты спикер Æлборты Аланæн, вице-спикер Плиты Александрæн, депутаттæ Диакъонты Амиран æмæ Остъаты Робертæн, кæцы стыр куыст бакодта арæны фæдыл къамисы фæлгæтты.

Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, уыдон бамбæрстой, сæ архайды рæстæг кæй нæма уыд, уый.

«Президентæй райдайгæйæ, республикæйы тæссаг уавæры æппарыны бар никæмæн ис. Иу мисхал тæссагдзинад æвзæрыны бар дæр никæмæн ратдзæн, цæмæй та нæ хуссайраг сыхаг йæ ныфс бахæсса хæст райдайынмæ. Мах  уынæм, коллективон ныгуылæн йæ бафæлвæрдтытæ кæй нæ уадзы дыккаг фронт бакæныны тыххæй», – фехъусын кодта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, бæрндзинадæй йæхи нæ сæрибар кæны, фæлæ ноджыдæр фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны адæмыл тасы уавæры æппарын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй.

«Сæ политикон хъæзтытæ иуварс ныууадзæнт», – загъта Гаглойты Алан.

Президент радзырдта, Санахъоты Давид æмæ Медойты Дзамболатимæ кæй фембæлд, уый тыххæй дæр.

«Медойты Дзамболат радзырдта, зæгъгæ, Мæскуымæ æнæраст информаци æрвыст кæй цыд, уымæй бæстæйы къухдариуæгады кæм аххосджын кæны, йæ уыцы видео соцхызæгмæ баппарыны фæстæ ноджыдæр сараздзæн видеосидт, цыран банысан кæндзæн, зæгъгæ, йæм нæй аххос кæныны бæлвырдгæнæнтæ. Медойы фырты ныхæстæм гæсгæ, афтæ кæй нæу, уый куы сбæлвырд уа, уæд цæттæ у хатыр ракурынмæ», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, æртæ депутатæн сæ уæрæсейаг паспорттæ сæ къухты сты, æмæ дыууæрдæм дæр сæрибарæй хизынц Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны арæны сæрты.

«Нырма ничи никæйы æмбæстагдзинад байста. Иуæй-иу депутаттæ уæрæсейаг паспорттимæ сæрибарæй хизынц арæны сæрты «Дæллаг Зæрæмæджы» уадзæн пунктыл», – банысан кодта Президент æмæ ма ноджыдæр сфæлхатт кодта, зæгъгæ, уавæры тæссагдзинад æмæ вазыгджындзинады тыххæй сæ бирæ хæттыты бафæдзæхста, уыдонæй йæ бирæтæ бамбæрстой  æмæ сарæзтой раст хатдзæгтæ.

«Махæн нæй нæ депутатты фарс ма рахæцыны позици. Мах æппæт фадæттæй дæр архайæм, цæмæй уыдон рæдыд хъуыддаг ма саразой. Æппæт дæр сæхиуыл баст у», – загъта Президент.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.