Æрæджы, нæ университет бацæттæ кодта 50 гид-экскурсиамонджытæ. Уыдон райстой профессионалон ахуырады тыххæй дипломтæ. Ахуыр сæ кодтой æнæаргъæй æмæ йæ нысан уыд Хуссар Ирыстоны туризмы рæзтæн баххуыс кæнын, туристты цымыдисдзинад раздахын ирон адæмы культурæ æмæ историмæ. Ирыстоны бирæ ис культурон цыртдзæвæнтæ, историон бынæттæ, кæцытæ хъахъхъæд æрцыдысты сæ раздæры хуызы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый цымыдисдзинад æвзæрын кæны туристтæм æмæ уыцы фарстатæн информаци хъуамæ райсой профессионалон гидæй.

Фæлæ æрмæст гид-экскурсиамонджытæ бацæттæ кæнын фаг у, цæмæй æддагон туризммæ цымыдисдзинад активондæр уа? Ахæм фарстимæ бацыдыстæм компани «Карсан-тур» саразæг Карсанты Гураммæ. Уый зæгъы:

«Фæстаг цалдæр азы Хуссар Ирмæ æддагон туризмы цымыдис фæактивондæр. Уымæн йæхи аххосæгтæ ис. Фыццаджыдæр, нæ æрдз, нæ хæхтæ тынг цымыдис кæнынц, мегаполисты æндæвдад кæуыл ис, ахæм адæмы. Стæй фæсарæнтæм дæр фадат кæй нал ис цæуынæн, уый дæр разæнгард кæны туристы, сæрмагондæй — Хуссар Ирыстоны равзарынæн. Æрмæст нæ компанийыл æрвылаз дæр Хуссар Ирмæ æрцæуы цалдæр сæдæ туристы. Фæлæ нырма бирæ бакусын хъæуы, æрмæст эксурсиамонджытæ бацæттæ кæнын фаг нæу. Ахсджиаг у туристты развæлгъау домæнтæ зонын. Махмæ уазæг куы æрцæуы, уæд ын кад æмæ цыты тыххæй æрæвæрæм дзаджджын фынг. Сбуц æй кæнæм æртæ чъири физонæгæй, карз нозтæй. Фæлæ туристæн ис йæхи домæнтæ. Чи карчы фыдæн хæры æрмæстдæр йæ урс дзидза, кæй та уæливых æнæхъæнæй нæ фæхъæуы.

Уарзынц натуралон нозт, экологион æгъдауæй сыгъдæг хæринæгтæ. Уыцы хабармæ та цæттæ нæма сты нæ хæрæндæттæ. Стæй ма нæм бæстон нæу турфирмæйы куыст дæр. Цы туристтæ нæм цæуы, уыдон фылдæр цæуынц сæхæдæг, развæлгъау интернеты фæрцы «Карсан-тур»-имæ бастдзинад саразгæйæ. Æз гиды роль дæр мæхæдæг æххæст кæнын æмæ сæ кæдæм аласон, уый дæр мæхæдæг скъуыддзаг кæнын. Ирыстоны районтæй кæдæм акæнын туристты, уый куыд дæрддзæфдæр у æмæ фæндæгтæ цы уавæры сты, уыдонæй алкæмæндæр ис фиксацигонд æргътæ. Турагентад та хæсджын у бæлццæтты хæрд, цæрæнуатæй сифтонг кæнын. Комфортон уавæртæ, æдасдзинад, хæлцы меню — уыдонæй хъуамæ туристон фирмæ ифтонг уа. Фæлæ уыцы фарстатæ нырма сты бакусинаг. Ивгъуыд аз РХИ-йы Президент Гаглойты Алан, адæм æмæ Парламентмæ йæ ныстуаны фехъусын кодта, цæмæй, фарст кæмæ хауы, уыдон бакусой æмæ сæндидзын кæной туризм. Экономикон райрæзты министрады ис сæрмагонд хайад дæр, фæлæ дзы нырма размæ ницы ацыд. О, раст у, ивгъуыд аз Президенты бахæсмæ гæсгæ кæцыдæр министрадтæ кувæндæтты алфæмблайтæ ныссыгъдæг кодтой. Культурæйы министрадæн дæр хæсгонд æрцыд алы кувæндон æмæ цыртдзæвæныл информацион табличкæтæ бакæнын. Фæлæ нырма уыцы куыстытæй размæ ницы ацыд. Цалынмæ ацы фарстыл паддзахад нæ бакуса, уæдмæ уал хъуамæ архайой иугай адæймæгтæ. Хæхбæстæй чи ралыгъд, ахæмтæн æз арæх фæдзурын, зæгъын горæты чысыл магазинтæ гом кæныны бæсты, уæ фыдæлтæ кæцæй ралыгъдысты, уым саразут хæдзæрттæ æмæ уæм туристтæ цæудзысты. Фæлæ мах адæм уар-зынц, цæмæй сæм æфтиаг тагъд æмæ æнцонæй æфта. Туризм та дæргъвæтин перспективæ у, бирæты йæ пайда уырнгæ дæр нæ кæны.»

Этникон музей «Борджнис»-ы саразæг æмæ гид Бететы Юрийы хъуыды дæр ахæм у:

«Цалдæр азы кæнын ацы куыст æмæ фидарæй бамбæрстон, туристты æрдзы хъæбысæй нал фæфæнды горæтмæ. Хæххон хъæуты уавæртæ куы уаид, турист кæм баулæфа — хæрд, нозт кæм уа, уæд уый къуыри дæр нæ рацæуид ахæм бынатæй. Фæстаг азты нæ горæты фæзынд цыппарстъалыйон æмæ ма цалдæр сæрмагонд уазæгдоны. Уым се ’ппæты дæр ис комфортон уавæртæ, хъастгæнæн сæ ницæмæй ис. Фæлæ цахæм хъуыды ис, махмæ цы туристтæ æрцæуы, уыдонмæ? Уыдон фæнды горæтæй баулæфын, хæхты тезгъо кæнын, уый фæстæ хорз, сыгъдæг ран бахсæвиуат кæнын, стæй национ хæринæгтæ бахæрын. Мæ уазджытæй исчи ахæм сервис куы фæдомы, уæд сæ афæдзæхсын, нырма ныр кæй райдыдтам нæ къахыл лæууын æмæ нæм уавæртæ кæй нæма ис, размæдзыд паддзахадтау», — зæгъы Бетейы фырт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.