Ивгъуыд къуырийы кæрон цæгатирыстойнаг сценæмæкæсджытæ аргъгæнæг уыдысты зындгонд ирон драматург Туаты Дауыты пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль, музыкалон комеди «Пæсæйы фæндон»-æн, кæцы йæ рæстæджы нымад цыдис нæ театры хуыздæр спектаклтæй сæ иуыл. Спектаклы æвæрæг-режиссер у Цæриаты Валери.

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр горæт Дзæуджыхъæуы Тæбæхсауты Балойы номыл паддзахадон академион театры сценæйыл сæ цæгаттаг коллегæтимæ иумæ равдыстой музыкалон комеди «Пæсæйы фæндон». Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй спектакль дыууæ Ирыстоны артистты хайадистæй æвдыст æрцыд ныр дыккаг хатт. «Классикон спектакль „Пæсæйы фæндон“-ыл стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты цæгатирыстойнаг театрдзаутæ, хорз тæлмæнтæ сыл кæй ныууагъта, уый бæрæг уыдис сæ арфæтæ æмæ хъарм ныхæстæй», — банысан кодтой пресс-службæйы.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы аз 15-æм октябры Туаты Дауыты райгуырдыл 120 азы кæй сæххæст æмæ йæ номыл Ирыстоны цæгаты æмæ хуссары дæр, арæзт кæй цæуынц алыгъуызон мысæн мадзæлттæ. Абон дæр ирон театрты репертуартæй драматургы пьесæтæ нæ хизынц æмæ та йын радон хатт йæ ном ссардтой йæ пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектаклæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.