Республикӕ Абхазы Ӕдасдзинады советы секретарь Сергей Шамба фехъусын кодта, зæгъгæ, Очамчиры районы ацы аз эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн уæрæсейаг æфсæддон-денджызон флоты базæ. Ам советон дуджы дæр æфсæддон базæ уыд æмæ дзы уымæ гæсгæ арæзтадон куыстытæ бакæнинаг бирæ нæй – хъæуы йæ бæстон цалцæг кæнын, цæмæй дзуапп дæтта ныры дуджы домæнтæн.

Ацы базæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадæн радтыны тыххæй дзырд цыд 2009 азы æдасдзинады Бадзырды фæлгæтты. Бадзырдмæ гæсгæ Уæрæсе йæ хæстæ æххæст кæны, ома хъахъхъæны Абхазы æдасдзинад æддагон знæгтæй – 2008 азæй фæстæмæ сын сæ наутæ ничиуал баурæдта. Уыцы бадзырды фæлгæтты Абхаз йæхимæ хæс райста, цæмæй Уæрæсейы денджызон флотмæ радта Очамчиры районы раздæры æфсæддон базæ. Уый фæстæ ацы хъуыддаг рохуаты аззад, Уæрæсейы уæды рæстæджы ницы пайда хаста æфсæддон базæ æмæ йыл æхцайы фæрæзтæ та дзæвгар бахардз уыдаид. Украинæйы æрцæугæ цауты фæстиуæгæн ныгуылæн бæстæтæ хъавынц Уæрæсейы азмæлæнтæ Сау денджызы акваторийы скъуындæг кæнын. Уымæ гæсгæ Очамчиры æфсæддон базæйæн райдыдтой дæттын егъау нысаниуæг. 2023 азы Абхазы президент Аслан Бжания фехъусын кодта, зæгъгæ, тагъд æрæвналдзысты æфсæддон базæ аразынмæ.

Уæрæсейæн Сау денджызы æфсæддон-денджызон флот бирæнымæц нæу Сабыр океаны денджызон флотимæ абаргæйæ, фæлæ йæ разы фылдæр хæстæ æвæрд ис бæстæйы æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Уымæн æмæ ам НАТО-йы уæнгтæ сты хæрзæввахс, стæй Гуырдзыстон æмæ Украинæйы территоритæ дæр рæстæгмæ сæ къухты сты æмæ Уæрæсейы æфсæддон-денджызон флоты хæстхъомдзинад ацы регионы бæрзонд æмвæзадыл хъуамæ уа.

Уæрæсейæн Сау денджызы акваторийы егъау æфсæддон-денджызон базæтæ ис дыууæ – Севастополы æмæ Новороссийскы, къаннæгдæртæ та – Донузлавы æмæ Феодосийы. Фæлæ уыдон фаг не сты. Денджызгæроны дæргъ Уæрæсейæн ацы регионы иу мин километрæй фылдæр æмæ йæ хъæуы хорз хъахъхъæнын знæгтæй. Зæгъæм, туркæн йæ денджызгæрон дæрддзæг къаддæр у, фæлæ йын æфсæддон-денджызон базæтæ фылдæр ис. Уымæй дæр, ацы регионы Уæрæсейы территоримæ иууыл æнцондæр æрбабырсæн у, Новороссийскæй Гуырдзыстонмæ цы арæнтæ ис, ууылты. Ома арæнтæ ацы бынаты лæмæгъдæр хъахъхъæд цæуынц иннæ рæттимæ абаргæйæ.

Алыварсонæй дæр æм куы бакæсæм, уæд Очамчиры æфсæддон-денджызон базæйæн ис стратегион нысаниуæг. Гуырдзыстон ныр 30 азы дæргъы Уæрæсейы цыфыддæр знæгтæм ивазы йæхи – НАТО-мæ æмæ Евроцæдисмæ, æмæ портты сæрибарæй æрбынат кæндзысты не ‘взæрмæбæлджыты æфсæддон наутæ. Стæй ма Турчы хуызæн хъомысджын паддзахад дæр хæрзæввахс у æмæ уый дæр НАТО-йы сконды ис. Уымæ гæсгæ Абхазы территори у иууыл хуыздæр бынат Уæрæсейы æфсæддон наутæн. Кæд æмæ дзы Севастополы хуызæн егъау базæ ницы пайда у, уæддæр резервон пунктæн иттæг хорз у.

Фидæны дзы æрбынат кæнниккой, чысыл десантон наутæ, катертæ, æмæ куы бахъæуа, уæд ма дзы бауромиккой егъау æфсæддон наутæ дæр. Донбылгæрæтты æрæвæриккой уæлдæфы ныхмæ хъахъхъæнынады системæтæ æмæ контроль кæниккой суанг Турчы арæнты онг территоритæ ӕмӕ сӕ позицитӕ ацы регионы бӕрӕг сфидар кӕниккой. Уымæй уæлдай ма Очамчиры портмæ советон дуджы уыд æфсæнвæндаг арæзт, стæй дзы ничиуал пайда кодта æмæ раууатмæ æрцыд. 2008 азы йæ уæрæсейаг инженертæ сцалцæг кодтой æмæ ныр дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Фæарфдæр ма кодтой портмæ бацæуæнтæ дæр 9 метры онг æмæ ныр йæхимæ райсдзæн егъау наутæ æмæ ма дæлдондзог бæлæгътæ дæр. Порты инфраструктурæ нырма цалцæг нæу, фæлæ йæ куы реконструкци кæной, уæд æй фидарæй схонæн уыдзæн сæйраг æфсæддон базæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æфсæддон базæйы арæзтады ныхмæ рацыдысты Гуырдзыстоны разамынад æмæ æгас дунейы цъиувæдис кæнынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ Уæрæсе Гуырдзыстоны территорийы, ома «Абхазы регионы», ссис хицау æмæ дзы уадзы интеграцион про-цесстæ. «Ахæм гуымир архæйдтытæ халынц Гуырдзыстоны суверенитет æмæ йæ территориалон æнæнхъæндзинад. Нымайæм æй провокацийыл, кæцы нысанмæздæхт у Абхаз æмæ Цхинвалы регионты оккупацийæн легитимизаци саразынмæ», – дзырдæуы сæ дзуаппы.

Гуырдзыстоны политиктӕ ӕмӕ патриоттӕ нырма дӕр нӕ басастысты ууыл, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы республикӕты кӕронмӕ кӕй адард кодтой сӕхицӕй 2008 азы тугкалӕн хӕст расидыны фӕстиуӕг, ӕмӕ ныр фӕстӕмӕ раздахӕн кӕй ницӕмӕн уал ис. Стӕй ма сӕ кӕд Уӕрӕсейы Федерациимӕ ӕмгуыстад фӕнды, уӕд уал, фыццаджыдæр, семӕ дипломатон ахастытӕ саразын хъӕуы. Кӕннод тырнгӕ хурныгуылӕнмӕ кӕнынц ӕмӕ Уӕрӕсейӕ та рӕстмӕ къахдзӕфтӕ домынц сӕхирдӕм, ома каркау «хъа-хъа» иу ран кӕнынц, ӕфтаугӕ та – ӕндӕр ран. Афтӕ нӕ вӕййы.

Гуырдзиӕгтӕн ма ацы ӕфсӕддон базӕйы арӕзтад уымӕн зын у ӕмӕ Абхазы арӕнтӕм хӕстӕг сӕхӕдӕг аразынц егъау ӕфсӕддон-денджызон базӕ ӕмӕ порт Анаклия. Ацы масштабон проект арӕзт цӕуы АИШ ӕмӕ НАТО-йы комкоммӕ ӕххуысы фӕрцы ӕмӕ дзы фидӕны чи фысымиуӕг кӕндзӕн, уый дызӕрдыггаг нӕу. Гуырдзыстоны разамынад Анаклияйы порты арӕзтад ӕрмӕстдӕр экономикӕимӕ бӕттынц ӕмӕ сын, ома, Очамчиры порт зиан кӕны сӕ экономикон интерестӕн. Фӕлӕ йӕ алчидӕр зоны, Анаклияйы портӕй сӕрибарӕй кӕй пайда кӕндзысты НАТО-йы ӕфсӕддон наутӕ дӕр ӕмӕ уыцы хъуыддаг та комкоммӕ ӕндавдзӕн Уӕрӕсейы ӕдасдзинадыл.

Политикон экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хӕххон Хъарабахы ӕрцӕугӕ цауты фӕстӕ нӕ сыхаг бӕстӕйы бӕрӕг фӕфылдӕр сты афтӕ хъуыдыгӕнджытӕ, ома Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы дӕр тыхы фӕрцы ӕрбаиу кӕнын хъӕуы Гуырдзыстонмӕ. Ахӕм уавӕрты Уӕрӕсейы разамынад архайы, цӕмӕй тугкалд мауал ӕрцӕуа, бахъахъхъӕной дыууӕ ӕрыгон республикӕйы цӕрджыты тыхгӕнджытӕй. Ацы хъуыддаг кӕронмӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн хъӕуы, цӕмӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз бахизой Уӕрӕсейы скондмӕ, кӕнӕ та – Цӕдисон паддзахадты скондмӕ. Уымӕн ӕмӕ фидӕны Турк йӕ дӕлбар куы бакӕна Сомихыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны, уӕд мах дӕр ӕнӕмӕнг бахаудзыстӕм ног оккупацийы.

Очамчиры ӕфсӕддон базӕ арӕзт ӕрцыд 1930-ӕм азты ӕмӕ дзы дислокаци кодтой арӕнхъахъхъӕнджыты наутӕ. 1960 азӕй суанг 1996 азмӕ ам службӕ хаста хъахъхъӕнӕн науты хицӕн бригадӕ, кӕцыйы фӕстӕдӕр акодтой да-гъыстайнаг Каспийскмӕ. 2017 азӕй фӕстӕмӕ та ацы порты ногӕй службӕ хӕссын райдыдтой уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнӕн наутӕ.

Сау денджызы акваторийы НАТО у тынг активон, архайы йӕ денджызон гарзджын тыхтӕ сфидар кӕныныл. Ӕрӕджы Болгарийы разамынад фехъусын кодта, зӕгъгӕ, йӕ территорийы хъуамӕ арӕзт ӕрцӕуа НАТО-йы ӕфсӕддон-денджызон базӕ. Стӕй суверенитетыл куы дзурӕм, уӕд Азербайджан, Гуырдзыстон ӕмӕ Сомихыстон абоны бон ӕххӕст хӕдбар паддзахадтӕ не сты, тынг сыл ӕндавынц НАТО ӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ ӕмӕ сом кӕцырдӕм фӕзилдзысты, уый ничи зоны. Горӕт Потийы ныридӕгӕн æвæрд сты америкӕйаг ракетон системӕтӕ ӕмӕ АИШ дарддӕр дӕр хъавы ахӕм ӕхсӕнгӕрзтӕ ӕндӕр бынӕтты сӕвӕрынмӕ. Дзырд ма цӕуы, ӕввахс рӕстӕджы Сомихыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕтӕ сисыныл – Гюмрийы ӕмӕ Эребунийы. Ӕмӕ уыцы ӕфсӕддон базӕты бынӕттӕм ӕрцӕуынмæ чи бæллы, уый æнцон бамбарæн у.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.