22-æм январы зындгонд сывæллæтты фыссæг Аркадий Гайдарыл сæххæст уыдаид 120 азы. Фыссæджы юбилей уæрæхæй нысан кæнынц Уæрæсейы Федерацийы æппæт регионты дæр, йæ рухс ном арыны цытæн уадзынц алыгъуызон мадзæлттæ, цæмæй йын абоны фæлтæр хуыздæр базонгæ уа йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ.

Аркадий Гайдары фыссæн сисы бынæй цы бирæ уацмыстæ рацыд, уыдоныл бирæ фæлтæртæ схъомыл сты, уæлдайдæр Советон дуджы чи хъомыл кодтой, уыдон. Гайдар йæ аив дзырды руаджы дунейы бирæ сывæллæттæн ссис уарзон фыссæг, йæ уацмысты хъайтартæ сты сыгъдæг æмæ удæй рæсугъд. Йæ уацмысты руаджы рæзгæ сывæллæттæ ахуыр кодтой патриотизмыл, райгуырæн бæстæ куыд хъæуы уарзын æмæ хъахъхъæнын, хорз æмæ æвзæрыл, рæстдзинад æмæ хæрзæгъдауыл æмæ уымæн никуы базæронд уыдзысты, алы рæстæджы дæр уыдзысты нæ сывæллæтты хъомылгæнджытæ. Литератортæ æмæ ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, абон библиотекæты сывæллæтты литературæ æнæ ацы фыссæджы уацмыстæй кæй рафидаудзæн, ууыл нæ  дзурындæр нæ хъæуы.

Аркадий Гайдары уацмыстыл ирон сывæллæттæ дæр кæй хъомыл кæнынц æмæ Ирыстоны дæр уарзон фыссæг кæй у, уымæ гæсгæ йын Цхинвалы дæр мысынц йæ рухс ном. Гайдары 120 азы юбилейы цытæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты байгом равдыст æмæ йæм æрæджы æрбахуыдтой нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнинæгты. Равдысты руаджы сывæллæттæ базыдтой уырыссаг советон фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Аркадий Гайдар Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг кæй уыд æмæ æфсæддон журналисты куыст дæр кæй кодта, уый фæдыл бæстонæй радзырдтой скъоладзау фæсивæдæн. Уыцы бон ма сывæллæттæн сарæзтой экскурси университеты музейон комплексмæ æмæ стыр цымыдисимæ зонгæ кодтой экспонаттимæ. Скъоладзаутæ райгондæй баззадысты университеты цы ног зонындзинæдтæ райстой æмæ сын цы экскурси сарæзтой, уымæй. Ахæм хъомыладон мадзалы фæстæ ахуыргæнинæгтæ Гайдары уацмыстæм ма бацымыдис кæной, уый гæнæн нæй. Уыдонмæ та æнхъæлмæ кæсынц ахæм чингуытæ, куыд «Тимур и его команда», «Школа», «Военная тайна», «Чук и Гек», «Р. В. С.», «Горячий камень» æмæ æндæртæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.