Советон дуджы цы коммунистон идеологи уыд, уым бирæ хъомыладон фæрæзтæ уыд, адæмы кæрæдзийыл баста, фæсивæдæн рухсмæ, ахуырмæ фæндаг амыдта. Уый фæрцы тырныдтой хорз кусыныл, иумæйаг исбон амайын æмæ йæ хъахъхъæныныл. Фæлæ цæдисы ныппырхимæ базгъæлæнтæ сты уыцы арфæйаг традицитæ дæр. Уыцы идеологийы бынат афтидæй баззад. Адæмæн нал уыд сæрбос. Фылдæр нацитæ кæрæдзи ныхмæ систы. Сарæх нæм сты тугкалдтытæ, карз нозт, наркотиктæ… Æвæстиатæй хъуыд советон царды уагæвæрд истæмæй баивын æмæ уæд ирон адæм аздæхтысты нæ фыдæлты Ныхасы фарн сног кæнынмæ. Уымæ гæсгæ, 90 æм азты райдианы, Ирыстоны фæзынд æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас». Уый æххæст кæны, нæ фыдæлты Ныхас цы хæстæ скъуыддзаг кодта, уыдон. Æрæджы «Иры Стыр Ныхас»-ы сæргъы æрлæууыд Ирыстоны зынгæ лæг, Парламенты депутат, меценат Уататы Зелим. Цы ног фæндтимæ æрбацыд Ныхасмæ, уый базоныны тыххæй ныхас кæнæм йемæ.

– Зелим, рагæй фæстæмæ Стыр Ныхасы куыстмæ адæм алыхуызон цæстæй кæсынц. Æмбæхсинаг нæу, адæмы фылдæр хай йын разы не сты йæ куыстæй. Цавæр зæрдæйы уагимæ æрбацыдтæ ардæм æмæ дзы цы аивынмæ хъавыс?

– Раст зæгъгæйæ, æз ардæм не ‘рбацыдтæн, æрвитгæ дæр мæ не ‘рбакодтой, фæлæ адæм æрхатыдысты, ныллæу, зæгъгæ. Æмбырд-иу куы уыд, уæддæр-иу сыстадысты æмæ-иу загътой, дæу йеддæмæ нæ ничи хъæуы, зæгъгæ. Иу дæс азы мæхи фæрадавбадав кодтон, фæлæ мæ уæддæр нæ ныууагътой. Афтæмæй адæмы ныхасы сæрты ахизын аив нал уыд æмæ æфсæрмæй æрбацыдтæн.

Фæлæ афтæ зæгъæн нæй æмæ алцыдæр хорз уыдзæн. Уый афтæ нæу. Алчидæр йæ хæ-дзарæй куы нæ райдайа, уæд иу-нæг сæрдарæн дæр æмæ директорæн дæр йæ бон ницы у. Ам ахæмтæ кусы æмæ сæ цотмæ дзурын нæ уæндынц, кæм цы аразæг сты, цафон æмæ цы хуызæнæй æрбацæуынц, ацæуынц, уый дæр нæ уынынц. Æмæ æз ахæмтæн цы хъуамæ бакæнон? Мæнæн мæ хæдзары цы кæстæртæ ис, уыдон гыццылтæ нал сты, суанг фæндзай азмæ æввахс сыл цæуы, фæлæ хæдзармæ дæс сахатæй фæстæдæр ма хъуамæ æрбацæуой. Кæд нæ, уæд та æрбадзурой æмæ кæм сты, уый мын фехъусын кæной. Уымæн æмæ, цыдæриддæр æвзæрдзинæдтæ ис, уыдон цæуынц æхсæвыгон. Ныййарджытæ куыд хъуамæ бафынæй кæной, сæ кæстæртæ æбæрæг ран куы уой, уæд.

Æхсæнады уыййас риссаг æмæ лыггæнинаг фарстатæ ис, æмæ дзы адæймаг йæхи чердæм аппара, уый нæ зоны. Мæнæ мæм наркотиктæй рынчынты номхыгъд æрбахастой. Уыдон фарон, æндæразимæ абаргæйтæ, уыййас фæфылдæр сты, æмæ адæймаджы зæрдæ ныккæрзы. Уый – официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Æнæуый та бирæ фылдæр сты. Мæ фæндон афтæ у æмæ сын æвæстиатæй скæнын хъæуы реабилитацион центр. Цы рынчындон сын уыд, уый рагæй нал кусы. Бирæты фæнды, цæмæй сæхи сдзæбæх кæной, фæлæ сын ам уыцы фадат нæй. Уыцы куырдиат бахастон хицауады размæ, фæлæ мын куыд загътой, афтæмæй Уæрæсейы ахæм программæ нæй. Уый стыр бæллæхы хъуыддаг у. Цы программæйы фæлгæттæм бахæссæм уыцы арæзтад, уый бæрæг нæу, фæлæ йыл архайдзыстæм. Бирæ ногдзинæдтæ бахæссын ис мæ зæрды Ныхасы куыстмæ, фæлæ уайтагъд къухы нæ бафтдзысты.

– Ног сæрдар, куыд зонæм, афтæмæй съезды æвзæрст æрцæуы, йæ куыст уырдыгæй райдайы. Ныр Уанел дæхицæн цæттæгæнгæ рауайдзæн. Фæстæдæрмæ йæ цæмæн ахастой, стæй уæ цавæр фарстатæ бахæссын фæнды?

– Съезд, цыдæр аххосæгтæм гæсгæ, рахастой апрелы мæймæ. Ныр æм бахæссынмæ хъавæм ахæм фарстатæ: ирон æвзаджы тыххæй закъон; фæлварæны рæстæджы иронау хорз чи зоны, хорз нысæнттæ кæмæн ис, уыцы скъоладзаутæн уæлдæр ахуырмæ бацæуыны тыххæй, сæ баллтæ фæфылдæр кæнын; куыстмæ исгæйæ дæр ирон æвзаджы зонындзинæдтæ бадомын æмæ æндæр фарстатæ.

Мæ зæрдæмæ нæ цæуынц аивады бирæ фарстатæ дæр. Бирæтæ ницæуыл дзурæг зарджытæ дыууæ бонмæ ацæттæ кæнынц æмæ сæ фонограммæты æххуысæй зарынц. Иннæ ахæм нæ фæсивæдæй чидæртæ цы æнахъинон кондæй цæуынц, уый.

Раст мæм нæ кæсы, ЕГЭ-йы рæстæджы пъæлицæйы кусджыты скъоламæ кæй фæхонынц, уый дæр. Сывæллæттæ сæ тæрсынц æмæ цы зонынц, уый дæр сæ ферох вæййы.

Мах стæм ахæм адæм, фынджы уæлхъус рæсугъд ныхæстæ чи фæкæны, фæлæ, хъыгагæн, уыдон царды рауадзын æнцон нæу. Мæнмæ гæсгæ, не ‘гъдæуттæй æнæпайда чи у, уыдон фæкъаддæр хъæуы æмæ нæ кæстæртæм не ‘ргом аздахæм.

Бирæ лыггæнинаг фарстатæ ис, фæлæ афтæ куы зæгъон, се ‘ппæт нæ къухты бафтдзысты, уæд раст нæ уыдзæн. Фæлæ дзы райсдзыстæм се ‘ппæты ахсджиагдæрты. Съезды алкæмæн дæр йæ бон уыдзæн йæ хъуыдытæ зæгъын.

Съездмæ алы ирон диаспорæмæ дæр ис хуынды гæххæттытæ, загътам сын ныридæгæн нæ фæндон, цæмæй сæ хъуыдытæ бацæттæ кæной, баиу сæ кæнæм æмæ сæ зæгъæм.

– Нæ фидæн фæсивæд сты. Куыд æвæрд уæм у уыцы фарст? Сæрмагонд хæстон операцийы Ирыстонæй бирæ хъæбатыр лæппутæ радтой сæ цард Фыдыбæстæйы сæрыл. Цавæр бастдзинæдтæ уын ис сæ хиуæттимæ кæнæ сын цавæр æххуыс кæнут?

– Ныхасы Фæсивæды комитет æхгæд раджы æрцыд, фæлæ мæхицæн хæдивæгæй райстон кæстæр фæлтæрæй иу лæппуйы. Уый кусдзæн фæсивæдимæ дæр. Алыбон дæр нæм æрыгæттæй бирæ чидæртæ æрбацæуы алыхуызон фарстатимæ æмæ мын æхсызгон у. Тыхсынц нæ фидæныл, бирæ хистæртæй сæм хуыздæр хъуыдытæ ис æмæ уый мæ зæрдæмæ цæуы.

Фæлæ æвзæртæй дæр цух не стæм. Фыйагдоны цы цаутæ æрцыд, уый фехъуыстаис. Ирон адæмæн нæ, фæлæ æндæр адæмыхаттæн дæр ахæм чъизи митæ кæнын худинаг у. Ирон адæймаг йæ кад, йæ намыс йæ къæхты бынмæ афтæ куыд хъуамæ æрæппара. Ахæм æнаккæгтæн арендæйыл бæстыхæйттæ чи дæтты, уыдон дæр хуыздæйраг не сты. Улæфæн хæдзары хицæутты æмбæхсгæ дæр нæ кæнæм: Хъуппеты æмæ Плиты лæппутæ. Тынг хорз æй фæзонынц, сæ бæстыхай сын арендæйыл чи райсы æмæ дзы цы фæкусынц, уый. Райсом цæуæм уырдæм цалдæр мыггаджы минæвæрттимæ. Фæхондзыстæм районы æмæ хъæуы сæргълæуджыты, стæй хистæрты æмæ семæ аныхас кæндзыстæм. Кæд сæхиуыл не ‘рхудой, уæд уыдон ирон лæгтæ дæр не сты. Йæ ирон æгъдæуттæ чи нæ нымайы, уый афтид адæймаг у.

Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджыты тыххæй та дын афтæ зæгъын: бирæ хъæбатыр лæппутæ хæцынц уым Ирыстонæй. Иу 400 фылдæр лæппуйы сæ цард радтой Фыдыбæстæйы сæрыл. Мах цас æххуыс кæнæм, гуманитарон æххуыстæ сын цас фæкодтам, уыдоныл дзурын мæнæн аив нæу.  Адæм сæ дзурдзысты. Нæ хъæппæрисæй дзы бирæ лæппутæ хорзæхджын æрцыдысты алыхуызон хæрзиуджытæй, бирæтæ – сæ мæлæты фæстæ. Бастдзинад дарæм сæ хиуæттимæ. Фæлæ нæм ис, уыцы мæгуыр лæппуты хъысмæтæй базар чи кæны, ахæмтæ дæр. Дзауаг Цхуырбаты лæппу фæмард уым, баззад ын æртæ сывæллоны. Бинонтæн радтой Дзауы зæххы гæппæл, фæлæ рæстæгыл никæйы номыл æрцыд конд. Бавдæлдысты æмæ йæ фæстæмæ байстой. Ныр мæнмæ хъæстмæ цæуынц. Уæд куыд ис уый гæнæн? Кæд ахæмтæн не ‘мбæлы, уæд – кæмæн? Уыцы фарста дæр нæхимæ райстам.

– Стыр Ныхасы ис мыггæгты, дины, æгъдæутты, хистæрты æмæ æндæр комитеттæ. Адон се ‘ппæт дæр афтæ ахсджиаг сты? Стæй дзы кæцыдæр комитеттæ æхгæд цæмæ æрцыдысты?

– Æхгæд цы комитеттæ æрцыдысты, уыдон фæстæмæ бакæндзыстæм съезды фæстæ. Ирыстоны мыггæгтæ сты дыууæ минæй фылдæр, фæлæ се ‘ппæт нæ кусынц. Активонæй чи архайы, уыдон сты Хуыгаты, Плиты, Багаты, Цæллагты æмæ ма цалдæр мыггаджы. Уыцы мыггæгты минæвæрттæ нæм арæх æрбацæуынц, кæм хъæбатыртæн хæрзиуджытæ, грамотæтæ, Арфæйы гæххæтытæ фæхъæуы, кæм сæм æндæр фарстатæ вæййы. Иумæ æрбадæм æмæ ауынаффæ кæнæм, куыд хуыздæр кусгæ нын у, ууыл. Иннæ комитеттимæ дæр æдзух хъæуты, районты адæмимæ фембæлдтытæ аразæм.

– Ныхас æнгом архайд кæны дины организацитимæ. Нæ республикæйы та уыдон сты 110 фылдæр. Фæлæ уæддæр Ныхас, мæнмæ гæсгæ, фылдæр йе ‘ргом здахы нæхи национ, муртаттаг динмæ. Куыд дæм кæсы, раст у алы рæтты Уастырджийæн кувæндæттæ кæй сарæзтой æмæ дзы мысайнæгтæ кæй æмбырд кæнынц, уый?

– Æз уыдоны хицау дæр дæн, цалдæр азы размæ мæ Парламенты комитетмæ равзæрстой. Уый хъуыд æвæстиатæй. Уымæн æмæ, Хетæгæн цы Уастырджи баххуыс кодта, уый кувæндонæй æхца давтой. Æз сæ атардтон уырдыгæй. Нырма дæр тох кæнынц, цæмæй уырдæм бахауой. Мах нæ кувæндæттæ сафæм нæ-хæдæг. Æхца сæ калынц парахатæй, мысайнаг нæ, фæлæ. Æз сын фæзæгъын, Хуыцауы уе ʻхца нæ хъæуы, уый уаз бынæттæн сæтты сæ хъару. Уыцы уырнынад зæрдæйæ хъуамæ цæуа. Суари ныхс, сыгъдæг бæмбæджы йæ стух æмæ йæ сыгъдæг хъуыдытимæ нывæр мысайнæгтимæ. Фæндæгты былтыл сæвæрдтой æхцаæмбырдгæнæнтæ æмæ сын никæй бон ницы у. Уый, дам, мæн у æмæ мæ цы фæнды, уый дзы аразын. Чи фæзæгъы – ам мыл фыдбылыз æрцыд, кæмæ та, цыма, фыны Уастырджи æрбацæуы… Цæмæ балхæдта Елхоты кувæндон Хъаныхъуаты лæппу? Кувæндонæн куыд ис балхæнæн? Æлхæнгæ кæй бакæнай, уый сыгъдæг нæу. Дзурын ын, радт æй фæстæмæ æмæ коммæ нæ кæсы. Æвæццæгæн ын исты пайда у! Æмæ ма уыцы æхцатæй æхсæнадмæ исты куы хæццæ кæнид, уæддæр ма адæймагæн æнцондæр уаид. Афтæ алы æфсæнттæй амæлттæ кæнынц. Тæрхондæттæм дæр бахæццæ вæййæм, фæлæ абон дæр кусынц.

 ____________________________________________________________

  «Иры Стыр Ныхас»-ы сæргъы бирæ хорз лæгтæ лæууыд: Гиоты Михал, Кучиты Руслан, Еналдыты Хъазыбег… Ныр уыцы хæстæ æвæрд æрцыдысты Уататы Зелимыл. Уый æнæнхъæлæджы нæу. Зелим – Ирыстоны кады лæг, цы бирæ хорздзинæдтæ сарæзта æмæ аразы адæмæн, уыдонæн нымæц дæр нæй. Фæлæ дзы фырнымд адæймаг иуы кой дæр не скодта, уæддæр сæ адæм зонынц. Уыимæ, ирон æгъдау æмæ фарн сты йæ туджы. Йæ ног куысты дæр йæ домæнтæ сты уыдон æххæст кæнын. Æмæ, æдзух Стыр Ныхасы æфхæрыны куыст чи кæны, уыдонæй алчидæр фæлтау йæ фарсмæ æрбалæууæд æмæ иумæ бакусæм Ирыстоны сæраппонд. Иу михыл кау ничи бийы.

_______________________________________________________

Æнæуый та, адæмæн хъуамæ уа дин кæнæ идеологи, цæуылдæр хъуамæ æууæндой, æнæ уыдонæй сæфтмæ цæуынц. Нæ дин у нæ национ зондахаст, ирон æгъдауы бындур æмæ йын сафæн нæй.

– Дзырд дæр ыл нæй, не ʻгъдæуттæ нымаинаг сты, фæлæ цыма æгæр нæ кæнæм? Ирыстоны алы æфсæнттæй цы фынгтæ æвæрынц, уыдонæн кæрон нæй. Мах та нæ рæстæг, нæ фæрæзтæ, не ʻнæниздзинад æдзухдæр сафæм уыдон æххæстгæнгæйæ. Мæ нымадæй, уыдон фæкъаддæртæ кæнын хъæуы…

– Алы хæдзарæн, алы хъæуæн, комæн ис сæхи æгъдæуттæ æмæ дзы никæйы бауромдзынæ. Съезды фæстæ мæ зæрды ис Ирыстоны кадджын лæгты æрбамбырд кæнын, кæуыл баууæнддзысты, ахæмты æмæ адæмимæ фембæлдтытæ саразæм, радзурæм сын, не ʻгъдæуттæй æппаринаг чи сты, уыдоны тыххæй. Зæгъæм, сабатизæртæ сты худинаг. Афтæ – æхсæвæр дæр. Раздæр-иу цалдæр сылгоймаджы бацыдис, ныр фынгтæ райтындзынц. Уым лæгæн æрбадын худинаг у. Уыцы æгъдæуттæй бирæтæ айсын хъæуы. Бирæ фарстатæ ис, фæлæ съездмæ цæттæ кæнæм æмæ сыл не ʻххæссæм. Уый фæстæ сæм бæлвырдæр æркæсдзыстæм.

– Хуссар Ирыстоны Ныхасы куыст куыд цæуы, куыд уыдзæн йæ хъысмæт?

– Хуссар Ирыстоны Ныхасы куыст тынг къуылымпы кæны. Мæнмæ гæсгæ, адæмæй рох дæр фæцис. Æртæ къуырийы мæ бон уырдæм ацæуын нæу, уымæн æмæ æмбырд скæнынæн рæстæг сбæрæг кæной, уый сæ къухы не ʻфты. Хуссар хайы Ныхасы сæрдар Гаглойты Робертæн цалдæр хатты загътон, цæмæй фембæлд бацæттæ кæна. Уым æмбырд куы скæнæм, уæд ныры сæрдары æмæ ма дзы чи уа, уыцы кандидатурæты сæвæрдзыстæм хъæлæс кæнынмæ. Фылдæр хъæлæстæ чи райса, уый кусдзæн. Уый – съезды размæ. Фæлæ чи фæнды куы уа, уæддæр ын мемæ æнæкусгæйæ нæ рауайдзæн. Æз алы мæй дæр хъуамæ уынон, цы сарæзтой, уый тыххæй бæрæггæнæнтæ.

 – Стыр бузныг!                                                                  

Ныхас кодта  ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.