Зынгæ ахуыргонд-иранист, филологон зонæдты доктор, профессор, Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, РХИ-йы Кады ордены кавалер, бирæнымæц чингуыты æмæ монографиты автор, поэт-пародист Гæбæраты Никъала Ясоны фырты райгуырдыл 13-æм январы сæххæст 100 азы.

Ахуыргонды райгуырæн боны цытæн уагъд æрцыдысты алыгъуызон мадзæлттæ. Ацы бонты дæр иу ахæм мадзал ауагъдæуыд Галаты Барисы хæдзар-музейы. Сорганизаци йæ кодтой Никъалайы фырт Андрей æмæ йæ цардæмбал Гаглойты Лианæ. Мысæн изæрмæ æрбацыдысты Цхинвалы «Россотруничество»-йы минæварады минæвæрттæ Сергей Комиссаровы сæргълæудæй, Абайты Васойы хæдзармузейы директор Остъаты Мадинæ, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадиртасæн институты æмæ журнал «Фидиуæг»-ы минæвæрттæ, профессоры раздæры студенттæ æмæ æндæр уазджытæ.

Фембæлды хайадисджытæ, фыццаджыдæр, базонгæ сты ахуыргонды хъæздыг библиотекæимæ. Æмæ йæ куы базыдтой, профессоры кабинет сæндидзын кæныны тыххæй чингуытæ зонад-иртасæн институтæн, афтæ ма Гæбæраты Никъалайы номыл ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйæн балæвар кæндзысты, цыран бирæ рæстæджы дæргъы Никъала лекцитæ каст нырыккон уырыссаг æвзаджы курсæй, уæд сын ацы хорз хъæппæрис тынг æхсызгон уыд. Афтæмæй профессоры библиотекæйæ пайда кæндзысты, æвзæгтæ чи ахуыр кæны, уыдон æмæ  æндæр студенттæ дæр.

Дыккаг залы – музыкалон уазæгдоны базонгæ сты альбомтимæ, цыран сты ахуыргонды уацтæ алыгъуызон темæтæм гæсгæ, йæ мысинæгтæ хæстон азты фæдыл, ахуыргонды тыххæй æндæр авторты уацтæ, йæ бирæнымæц ордентæ æмæ майдантæ, афтæ ма Прага, Лондон, Мæскуы, Ленинград æмæ Дзæуджыхъæуæй ирзонджытимæ  йæ фыстæджыты равдыст.

Æрæмбырдуæвджытæ бакастысты ахуыргонд Æлборты Барысби 1965 азы Гæбæраты Никъаламæ цы фыстæг ныффыста, уый: «Николай, этот труд по составлению толкового словаря лежит на тебе. Кроме тебя некому, и ты должен эту миссию выполнить…».

Æртыккæм залы æвæрд сты ахуыргонды зонадон куыстыты рауагъдтæ, йæ докторон диссертацийы къухфыстытæ æмæ ирон æвзагæй Никъалайы бирæнымæц чингуытæ. Ацы чингуытæй 30 азы дæргъы скъолаты ахуыргæнинæгтæ ахуыр кодтой ирон æвзаджы предмет. Изæры хайадисджытæ загътой сæ фæндон ацы ахуыргæнæн чингуытæ скъолатæм фæстæмæ раздахыны тыххæй. Экспозицийы хицæн бынат бацахста ахуыргонды æппæт царды стыр куыст, нæ зонады сæрыстырдзинад – «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат».

Равдыстытыл азилыны фæстæ уазджытæ тымбыл фынджы фарсмæ  ныхас кодтой профессоры стыр зонадон бынты тыххæй. Зонад-иртасæн институты æвзагзонынады хайады кусæг Пæрæс-таты Эльдæ радзырдта ахуыргонды тыххæй, куыд поэт-пародист, афтæ. Йæ пародитæй йын сарæзта чиныг «Профессыр поэты ныхмæ», зæгъгæ. Бакаст ын йæ пародитæй. Изæры уазæг Сергей Комиссаровæн сæ кодтой синхронон тæлмац. Уый фæстиуæгæн сæвзæрд идея пародитæ уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнын æмæ йæ афтæмæй рауадзыны тыххæй. Остъаты Мадинæ йæ раныхасы загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис ахуыргонды райгуырды 100 азы цытæн хицауад кæй баххуыс кæндзæн Ирон æвзаджы æмба-рынгæнæн дзырдуаты томтæ рауадзынæн.

Йæ рады Сергей Комиссаров радзырдта ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæ ахуыргонды 100 азы юбилейы цытæн цы мадзал ауагътой, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый байхъуыста цымыдисон докладмæ Гæбæраты Никъалайы тыххæй.

Изæры хайадисджытæ бакастысты дзырдуаты тыххæй 2007 азы Дзæуджыхъæуы кæй ауагътой, уыцы презентацийы алæвæрдмæ, цыран лæмбынæг дзырдæуы ацы бындурон куысты рауагъды фæдыл Хуссар Ирыстоны Хицауады стыр хайбавæрды тыххæй.

Фембæлдмæ æрбацæуджытæ байхъуыстой, цалдæр азы размæ Гæбæраты Никъала Екатеринбургы паддзахадон университеты ректораты фæхуындмæ гæсгæ студенттæн нырыккон уырыссаг æвзагæй цы цымыдисон лекци бакаст, уымæ.

Галаты Барисы номыл культурæйы фонды сæргълæууæг Гаглойты Лианæ Цхинвалы Уырыссаг хæдзарæн балæвар кодта профессоры чиныг, арфæйы ныхæстæ йыл ныффыста йæ фырт Андрей. Чингуытæ ма балæвар кодта Пæрæстаты Эльдæ æмæ Абайты Васойы хæдзар-музейæн дæр.

Уазджытæ равдысты тыххæй сæ тæлмæнтæ ныффыстой тæлмæнтæфыссæн чиныджы.

Гаглойты Лианæ банысан кодта, зæгъгæ, равдысты нысан у бирæвæрсыг курдиатджын гоймаджы сфæлдыстадимæ уæрæх æхсæнадæн базонгæ кæнын, кæцы стыр хайбавæрд бахаста ирон æвзагзонынады рæзтмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ равдыстмæ экскурситы кæй цæуынц не ‘мбæстæгтæ. Ивгъуыд къуыри уырдæм æрбацыдсыты 10-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ. Ныр та равдыстмæ экскурсийы æрбацæуын фæнд кæнынц студентон клуб «Аполлон»-ы уæнгтæ.

Газеткæсджытæн хъусын кæнæм, равдыст кусдзæн февралы фæудмæ. Табуафси, æрбацæут Галаты Барисы хæдзар-музеймæ. Развæлгъау фæдзурын хъæуы ахæм телефоны номырмæ: 8929-809-46-21.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.