Президент Бибылты Анатоли хайад райста чызджыты ‘хсæн волейболæй РХИ-йы сгуыхт тренер Цхуырбаты Вадимы номарæн дунеон турниры. Ерыстæ уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты спортивон залы.

Цхуырбаты Вадимы цардæмбал Козаты Лирæ бузныджы ныхæстæ загъта турниры организатортæ æмæ паддзахады сæргълæууæгæн. «Тынг æхсызгон мын у абон ацы турнир уагъд кæй цæуы, уый. Фæнды мæ раарфæ кæнын йæ организатортæ æмæ Бибылты Анатолийæн алы хатт дæр нæ фарсмæ кæй æрбалæууы, уый тыххæй.  Вадим Юрийы фыртæн йæ удæгасæй дæр ды алы хатт дæр алыварсон æххуыс кодтай волейболисттæн. Стыр бузныг дын зæгъын», – загъта уый.

Йæ рады, Бибылты Анатоли дæр раарфæ кодта волейболисткæтæн æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта ерысты сæ хайадисты тыххæй.

«Фæнды мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын ацы турниры организатортæн, афтæ ма ерысты хайадисæг командæтæн дæр. Æз мæхи амондджыныл нымайын Вадим Юрийы фыртимæ сæрмагондæй зонгæ кæй уыдтæн, уымæй. Йæ тренировкæтæм бацæугæйæ, æз федтон, йæ хъомылгæнинæгтæм кæй дардта хи сывæллæттæм цахæм вæййы, ахæм ахаст. Уымæ гæсгæ уыдонæн сæ къухты æфтыдысты спортивон æнтыстытæ», – банысан кодта Президент.

Паддзахады сæргълæууæджы командæтæн бафæндыд дарддæры æнтыстытæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ турниры хайад кæй райстой сылгоймæгты волейболон командæтæ Цхинвал, Къуайса æмæ республикæйы æндæр районтæй, афтæ ма Цæгат Ирыстоны командæ дæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.