Æрæджы нæ газеты фæрстыл мыхуыр æрцыд сывæллæттыл Бекъойты Эдуарды номыл нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 2«В» къласы къухдариуæггæнæг Козаты Галинæйы аудындзинады тыххæй. Уый сывæллæтты арæх акæны æмæ сын фенын кæны нæ горæты фендтаг бынæттæ. Галинæ нын йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй уыдон сывæллæттимæ сæхи цæстæй федтой нæ горæты Дзулфыцæн комбинат æмæ 1-æм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæг хайы куыст. Уыдысты Тыбылты Александры номыл паддзахадон университеты бæстæзонæн музей æмæ Национ музейы дæр. Галинæ ныр та сывæллæтты акодта æвзонг техникты республикон станцмæ. Куыд æрвылхатт, афтæ ныр дæр сывæллæттæ тынг цымыдисимæ хъуыстой ацы уагдоны ахуыргæнджыты ныхæстæм.

«Станцы кусджытæ ныл се ‘ппæт дæр райзæрдæйæ сымбæлдысты. Сывæллæтты хатæнтыл азилын кодтой æмæ сын æппæт дæр радзырдтой сæ куысты тыххæй. Уыдон дæр тынг цымыдисимæ  хъуыстой станцы кусджыты амындтытæм. Фенын сын кодтой хъæддæсныты куыстытæ, æрдзырдтой сын хъæдыл нывæфтыдтытæ æмæ робототехникæйы сусæгдзинæдтыл», – радзырдта Козаты Галинæ.

Сывæллæтты хæрзиуæгæн

Ацы къласы ахуыргæнинаг Дзæгъиаты Хетæг кæд ныридæгæн цалдæр ран уыд экскурсийы, уæддæр ын ацы хатт уый ныууагъта уæлдай фылдæр тæлмæнтæ.

«Робот-меканоид æз фыццаг хатт федтон хæстæгмæ. Тынг цымыдисон у. Мæ хæлæрттимæ бафæлвæрдтам йемæ аныхæстæ кæнын дæр, лæвæрдтам æм алыгъуызон фарстатæ»,- радзырдта нын Дзæгъиаты Хетæг. Тынг цымыдисимæ дзырдта Бурков Арсен дæр йæ куысты тыххæй. «Тынг мæ зæрдæмæ фæцыдис æвзонг техникты станцы.  Æз хъæдыл сныв кодтон чысыл тæрхъусы. Нæхи конд нывтæ нын балæвар кодтой æмæ сæ хæдзæрттæм рахастам», – загъта Бурков Арсен.

Козаты Галинæ стыр бузныг зæгъы ацы станцы кусджытæ Лолаты Иннæ, Цхуырбаты Роллан, Икъоты Светланæ, Калаты Данила æмæ Плиты Иналæн сывæллæттæм хорз ахаст кæй равдыстой, уый тыххæй.

                                                                                                КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.