Тывайы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхстæй. Уым ирон богалтæн бантыст æртæ сыгъзæрин, иу æвзист æмæ æхсæз бронзæ майданы рамбулын. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Найфонты Артур (86 кг), Соттиты Асланбег (97 кг) æмæ Хуыбылты Ален (125 кг). Æвзист призер ссис Уалыты Чермен (74 кг). Бронзæ майданты хицæуттæ та баисты Тауитты Чермен (61 кг), Байты Давид (74 кг), Уалыты Радик (79 кг), Уалыты Владислав (92 кг), Козырты Сергей (97 кг) æмæ Джиоты Эрик (125 кг).

***

Уæрæсейы чемпионат куы цыд, уæд уыцы рæстæджы Италийы та уæгъдибар хъæбысхстæй уагъд цыд UWW-йы рейтингон турнир «Маттео Пеликконе». Уым хайад истой Европæйы 19 бæстæйæ 106 спортсмены. Се’хсæн уыдысты ирон богалтæ дæр, кæцытæ хъахъхъæнынц æндæр бæстæты спортивон кад. Ерысты цыппар ирон хъæбысæйхæцæджы архайдтой Словакийы æмбырдгонды сконды. Уыдонæн бантыст ацы бæстæмæ цыппар майданы æрхæссын. Турниры уæлахиздзаутæ систы Салхъазанты Таймураз (74 кг) Цæкуылты Батырбег (97 кг). Бронзæйон призертæ баисты Гулаты Æхсарбег (79 кг) æмæ Макъоты Барис (86 кг).

Турниры Венгрийы командæйæн та бронзæ майдан рамбылдта Байцаты Владислав (97 кг). Ерысты Молдовайы тырысайы бын та хæцыд Рубайты Георги (86 кг). Уымæн майдан рамбулын нæ бантыст.

ДЗЮДО

Ирон спортуарзджыты зæрдæтæ ма барухс кодтой дзюдоисттæ дæр. Монголийы столицæ Улан-Баторы уагъд æрцыд дзюдойæ «Большой шлем»-ы серийы турнир. Уым Уæрæсейы æмбырдгонды сконды фæуæлахиз сты Тасойты Инал æмæ Таймæзты Мадинæ.

Инал 100 кг уæзы категорийы финалы 10 секундмæ иппонæй рамбылдта Нидерландты минæвар Рой Мейеры. Мадинæ та 70 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз япойнаг Йоко Онойыл.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.