Нæ чысыл хуртæн сæ уарзон журнал «Ногдзау» зæрдиаг хуынтæй бахъæлдзæг кæны сæ зæрдæтæ. Ахæм у журналы ацæугæ азы æхсæзæм номыр дæр йæ аив фæлыст æмæ мидисджын уацмыстæй. Сабиты размæ йæ Ногазон арфæтимæ ралæууыд йæ сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ.  Рубрикæ «Журналы уазæг»-ы Ног азы хæдразмæ ралæууыд Митын Дада Григорий Гапузов æмæ дзуапп кæны редакцийы фарстатæн, сабитæн та æрвиты иууыл хуыздæр арфæтæ.

Ирон æвзагæн зонадон æгъдауæй чи балæггад кодта, уый уыд академик Андрей Шегрен. Уый фæбæлвырддæр кодта ирон æвзаджы графикæ, ныффыста «Ирон грамматикæ» ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон цыбыр дзырдуæттимæ. Номдзыд ахуыргонды тыххæй журналы дзырдæуы йæ архайды тыххæй, ис дзы йæ къам дæр. Ног азыл æмбæлгæйæ ирон адæм кодтой хыссæйæ сылгоймаджы алыгъуызон фæлыст æмæ уыдонимæ базонгæ уыдзысты «Æртхурон деда»-йы. Рубрикæтæ «Æгъдæуттæ» æмæ «Базон-базон»-ы та цымыдисæй базонгæ уыдзысты не ‘гъдæуттæ æмæ базон-базонтимæ.

Куыд раздæры номырты, афтæ та ацы номыры дæр сæ уацмыстæ мыхуыр æрцыдысты райдайгæ автортæн. Рубрикæ «Æмдзæвгæтæ»-йы базонгæ уыдзысты Беслæны скъолайы ахуырдзау Гуыцмæзты Мерабы уацмыстæ «Ног аз» æмæ «Ирыстон»-имæ, æмæ Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау Кцойты Астемыры радзырд «Æцæг хабар»-имæ. Рубрикæ «Аргъау»-ы бын та йæ чысыл хуын бахаста Дзæуджыхъæуы 33-æм скъолайы 6 «а» къласы ахуыргæнинаг Рæмонты Аминæ, йæ ахуыргæнæг у Цæллагты Альбинæ. Зымæгон рæстæджы сабиты уарзондæр хъæзтытæй иу уыд митыл бырын æмæ журнал йæ кæсджыты зонгæ кæны уыимæ. Ног азы æрбалæуды тыххæй сæ арфæйы ныхæстæ æмæ куывдтытæ канд хистæр кары адæм нæ фæкæнынц, фæлæ ма кæстæртæ дæр. Ацы номыры рубрикæ «Ног азы тыххæй»-ы сæ хъуыдытæ, фæндиæгтæ æмæ цины æнкъарæнтæ æргом кæнынц физикон-математикон лицейы 6 æмæ 7 кълæсты ахуыргæнинæгтæ Икъоты Пъæлинæ, Мæрзойты Георги æмæ Хæблиаты Тимур дæр.

«Нæ хурты хуртæн» рубрикæйы бын кæстæртæн йæ уацмыс «Тæрхъусы аргъау» ныммыхуыр кодта Секъинаты Майæ дыгуронау. «Хистæрты сфæлдыстад сабитæн»-ы та кæстæртæн йæ уацмыс «Домбайы лæппыны аргъау» бахуын кодта Плиты Инал. Рубрикæ «Иры намыс»-ы мыхуыр ис уац «Æлгъуызон». Куыд иннæ номырты, афтæ ацы номыры дæр ис рубрикæ «Ирон мыггæгтæ». Ацы хатт та Мæхъиты мыггаджы тыххæй дзуры «Алайнаг гимназ»-ы 2-аг къласы ахуырдзау Мæхъиты Мæдинæ. «Ногдзау»-ы архивæй»-ы мыхуыр ис 1985 азы Ногиры астæуккаг скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау Габысаты Алыбегы «Арс æмæ рувас». «Ногдзау»-ы ма сты æрмæджытæ ахæм рубрикæты бын, куыд «Базон-ма», «Филворд», «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Ног азы хорзæх дæ уæд!», стæй сканворд æмæ дзырдбыд.

Журнал, аивадон æгъдауæй, сфæлгонц кæныныл хорз бакуыс-той нывгæнджытæ Айларты Владимир, Абайты Аркади æмæ Мамсыраты Хасан.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.