Æрæджы Дзауы районы администрацийы разамынад Тыбылты Вандæйы сæргълæудæй администрацийы бæстыхайы грамотæтæй схорзæхджын кодтой районы курдиатджын фæсивæдæй дыууæйы. Сæ иу у Гаглойты Владислав, кæцы ахуыр кæны Мæскуыйы Æфсæддон университеты (ВУМО-йы). Районы сæргълæууæджы къухтæй ма грамотæ райста проект «Дзырд»-ы дыккаг сезоны финалист Цхуырбаты Данæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодта районы администрацийы пресс-службæйы кусæг Цхуырбаты Мадинæ.

Хъусинагмæ гæсгæ Гаглойты Владислав йæ ахуырæй дарддæр хайад райсы университеты фæлгæтты уагъдцæуæг сфæлдыстадон мадзæлтты. Ацæугæ азы Владислав ссис Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджыты адæмон сфæлдыстады фыццаг дунеон фестиваль «Катюша»-йы сæрмагонд номинаци «В ритме танца»-йы призер. Владислав йæ ахуыры дæр æмæ сфæлдыстадон царды дæр йæхи аккагæй кæй равдыста, уый тыххæй дзы сæрыстыр сты районы разамынад æмæ цæрджытæ. «Владислав фестивалы канд йæ университеты номæй нæ архайдта, фæлæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны номæй дæр æмæ йын арфæ кæнæм не ‘ппæт дæр», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Дыууæ курдиатджын кæстæрæн, се нтыстыты тыххæй æмæ Ног азы цытæн арфæ ракодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ æмæ сæ схорзæхджын кодта грамотæтæй, зæрдылдарынæн сын бакодта лæвæрттæ дæр.

Хуыцъейы хъæуы культурæйы хайады гæс Гæззаты Фатимæ та йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Владислав у сæ хъомылгæнинаг æмæ дзы кæддæриддæр сты сæрыстыр. Уый ма бафæндыд, цæмæй Гаглойты Владислав Мæскуыйы ахуыргæнгæйæ, дунейы зындгонддæр сфæлдыстадон сценæтыл дарддæр дæр популяризаци кæна ирон аивад æмæ культурæ.

Администрацийы æндæр бæрнон кусджытæ дæр зæрдиаг арфæтæ ракодтой дыууæ кæстæрæн æмæ сын сæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ сæ ахуыры хъуыддаджы.

Владислав дæр раргом кодта йæ тæлмæнтæ уыцы фестивалæй æмæ йын ныр йæ уарзон районы куыд кад кæнынц, уый та йын уæлдай тынгдæр бадардта йæ зæрдыл.

Мæскуыйаг студент куыд радзырдта, афтæмæй фестиваль ацыд бæрзонд æмвæзадыл. Уым хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министры хæдивæг инæлар-булкъон Виктор Горемыкин æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Владиславæн уæлдай æхсызгон уыд, ирон тырыса æндæр регионты тырысаты æхсæн конд кæй уыд, æмæ ма дзы йæхæдæг та сæрмагонд номинацийы приз кæй райста, уый.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.