Нæлгоймæгтыл, бæлццæттыл æмæ æфсæддон адæмыл аудæг, ирон адæмы иууыл тынгдæр чи уырны æмæ кæмæн кад кæнынц, уыцы Сыгъдæг Уастырджийæн Знауыры районы сарæзтой кувæндон. Ног кувæндон саразыны инициатор у Знауыры районы цæрæг Тедеты Роман.

Кувæндоны 17-æм ноябры сарæзтой куывд. «Куыд æппæт Ирыстоны, афтæ ноябры æмбисты Знауыры районы дæр банысан кæнынц Джиуæргуыбайы бæрæгбон. Уастырджийы кувæндон арæзт æрцыд Знауыры сосæфæндагмæ хæстæг, мæсыджы хуызы, йæ сæрыл – Уастырджыйы фæлгондз афтæмæй», – зæгъы кувæндоны саразæг.

Уый ма загъта, йæхæдæг арæх кæй фæцæуы фæндагыл. Æндæртау уый дæр, балцы цæугæйæ, йæхи бафæдзæхсы фæндаджы Уастырджийæн. Сæрмагондæй фæндаггæрон кувæндон кæй нæ уыд, уый раст нæ каст Тедеты Романмæ.

Районы администрацийы разамындмæ бахатыд, цæмæй йæ фарсмæ балæууыдаиккой техникæйæ. Йе ‘ххуысы къух æм фæдаргъ кодтой йæ сыхбæстæ дæр. Кувæндон амайын райдыдтой афæдз æмæ æрдæджы размæ. Цæттæ сын уыд кусæрттаг дæр æмæ йæ 17-æм ноябры ногарæзт кувæндоны раз аргæвстой. Афтæмæй сæхи бафæдзæхстой Знауыры поселочы цæрджытæ ног кувæндоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.