Иу ахæм мадзал уагъд æрцыд нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы. Уагдоны кусджытæ сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй ацы нысаниуæгджын боны цытæн бацæттæ кодтой сæрмагонд къуым, цыран æвæрд æрцыдысты 1989 азы 23-æм ноябры тыххæй дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ газетты фæрстыл цы æрмæджытæ ныммыхуыр кодтой, уыдон. Афтæ ма къуымы æвæрд æрцыдысты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы æрцæугæ уæззау цаутыл фыст чингуытæ æмæ къамтæ дæр. Къуымы ма æвæрд ис ныхмæлæуды фæстæ гуырдзиаг лидертæй сæ иу Гия Чантурияйы ныхæстæй цитатæ: «Уыцы дыууæ сæдæ адæймагæй мах сарæзтам национ хъайтартæ, уымæн æмæ уыдон фæстæмæ раздæхтой 28 мин гуырдзиаджы. Стыр рæдыд уыд Цхинвалмæ цæуын, фæлæ дыууæ хатты стырдæр рæдыд та уыд фæстæмæ раздæхын. Æз æй нæ зонын, ацы рæдыд  куыд сраст кæнæм, уый». 

Нырма кæд цалдæр боны хъæуы ацы нысаниуæгджын бонмæ, уæддæр 15-æм  ноябры Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ хъайтардзинады урок ауагътой се ‘взонг чиныгкæсджытæн. Уырдæм æрбацæуæг нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæ стыр цымыдисæй байхъуыстой 23-æм ноябры ирон хъæбатыр лæппутæ цы æхсардзинад равдыстой, уыцы хабæрттæм. «28 азы размæ 1989 азы 23 ноябры райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агресси. Уæд Гуырдзыстоны къухдариуæгад бафæлвæрдта хуссарирыстойнаг адæмы ныхмæ фыццаг æргом интервенци саразыныл. Ацы сырдон акцийы организатортæ хъавыдысты ирæтты сæ райгуырæн зæххæй фæсурынмæ. Фæлæ сын уыцы æлгъаг ми саразын нæ бантыст. Сæ райгуырæн горæт æмæ сабыр цæрджыты бахъахъхъæныны сæраппонд сæ ныхмæ æрлæууыдысты иу къорд æнæхотых ирон лæппуйы. Уыцы бон Цхинвалмæ æрбахизæны, хотыхджын агрессоры ныхмæ  кæрæдзийы къухтыл ныхæцгæйæ, цы 30 ирон лæппуйы бæрц æрлæууыдысты, уыдон равдыстой æнæ-мæлгæ сгуыхтдзинад.  Зæгъгæ, уæд гуырдзиæгтæ горæтмæ æрбаирвæзтысты, уæд абон Хуссар Ирыстон нал уыдаид. Афтæ нæ хæдбардзинады сæрыл тохы истори райдыдта хъæбатырдзинадæй. Афтæмæй Хуссар Ирыстоны Паддзахадæн бындур æвæрд æрцыд 1989 азы 23 ноябры», – радзырдтой сын библиотекæйы кусджытæ.

Уагдоны директоры ныхæстæм гæсгæ ацы къуым уыдзæн библиотекæйы æмæ æвзонг чиныгкæсджытæ зонгæ кæндзысты нæ хъæбатыр лæппуты æхсардзинадимæ. Ахæм мадзæлттæ хъæуы арæхдæр уадзын, цæмæй ма ферох уой гуырдзиæгтæ ирон адæмæн цы сырдон митæ фæарæзтой, уыдон. Хъуамæ рæзгæ фæлтæр зоной ахæм нысаниуæгджын бонты æмæ сын абоны сæрибардзинад чи æрхаста, уыцы лæппуты æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уадз, рæзгæ фæлтæр зоной, абон хæдбар Ирыстоны сæрибарæй цы сæрæнгуырдты фæрцы цæрынц, уыдоны тыххæй. Махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй Ирыстоны сæрибардзинады сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ хъуыды кæнæм цæрæнбонтæм. Уадз, Ирыстон нырæй фæстæмæ хызт уæд ахæм фыдбылызтæй!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.