Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик схорзæхджын кодта Хицауады Аппараты кусджыты РХИ-йы Хицауады хорзæхтæй.

Хорзæхджын кæныны церемони уагъд æрцыд Хицауады Аппараты бæстыхайы.

Сæ цæсгомджын куысты æмæ бæрзонд профессионализмы тыххæй РХИ-йы Кады грамотатæй хорзæхджын æрцыдысты: Кокойты Руслан Мельсы фырт æмæ Чамоков Азæмæт Русланы фырт, РХИ-йы Хицауады грамотатæй – Зæгъойты Оксанæ Никъалайы чызг, Джыгкайты Алинæ Амираны чызг, Коцты Людмилæ Феликсы чызг.

Пухаты Эрик сын раарфæ кодта сæ хорзæхты тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ сæ куысты.

«Арфæ уын кæнын аккаг хорзæхты тыххæй. Хицауады Аппараты куысты æнтыстытæ баст сты сымахыл, ахæм адæймæгтæй, кæцытæ кусынц бæрнджынæй æмæ удуæлдайæ», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Банысан кæнын хъæуы, уый æмæ паддзахадон хорзæхтæ фидар кæй æрцыдысты 2019 азы июны мæйы. Хорзæхтæ лæвæрд æрцæуынц æххæсткæнынадон хицауады органы хуыздæр кусджытæн, афтæ ма Хицауады архайады бын цы фадгуытæ ис, уыдоны минæвæрттæн.

РХИ-йы Хицауады  пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.