Куыд зонæм, афтæмæй Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилеймæ не ‘мбæстæгтæй цалдæрæн лæвæрд æрцыд Къостайы номыл преми.  Уыдонæй сæ иу, Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Айзæлд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Нинæимæ фембæлд нæ уацхæссæг. Дæлдæр мыхуыр кæнæм сæ ныхас.

– Нинæ, цавæр тæлмæнтæ дыл ныууагъта дæ сабидуг, де ‘мкарæнтимæ дын цахæм ахастытæ уыдис, цæмæ тырныдтай, уыдæттимæ нæ куы базонгæ кæнис.

– Райгуырдтæн æмæ хъомыл кодтон Дменисы хъæуы. Ахуыр кæнынмæ та бацыдтæн Цхинвалы æртыккæгæм астæуккаг скъоламæ. Сабидугæй уый зæгъдзынæн, æмæ сывæллон мад æмæ фыды рæвдыд æххæстæй куы не ‘нкъара, уæд уыцы кæстæр бирæ цæмæйдæрты вæййы цух. Куы райгуырдтæн, уæд мæ фыд гас нал уыд. Уымæ нæ кæсгæйæ, мæн æмæ мæ дыууæ хойы нæ мад Дудайты Татьянæ ницы цух уагъта. Æмбæрстам ын йæ уавæр æмæ куыд æххуысхъом кодтам, афтæ йæ цумамæ рæвдз лæууыдыстæм. Ме ‘мкарæнтимæ мын уыд хорз ахастытæ, уарзтой мæ æмæ сæ уарзтон. Æцæг у, мæсты дæр мæм кодтой. Æз уарзтон хæдзары уæвын. Уынгмæ рахизын, горæты тезгъо кæныны тыххæй сæ коммæ нæ кастæн, фæлæ мын уый  дæр хатыр кодтой.

– Скъола та дыл цахæм тæлмæнтæ ныууагъта,  æнæзивæг уыдтæ ахуырмæ?

– Скъоламæ цыдтæн æнæзивæгæй æмæ цингæнгæйæ. Тырныдтон ахуырмæ. Мæ алы хорз нысаны тыххæй дæр-иу тынг фæцин кодтон. Æртыккаг къласæй цæуын райдыдтон дыккæгæм музыкалон скъоламæ. Фараст кълас куы фæдæн, уæд та бацыдтæн Цхинвалы музыкалон училищемæ. Раст зæгъгæйæ, мæ мад мæ музыкалон скъоламæ куы нæ барвыстаид уæд мæхæдæг, æвæццæгæн, равзæрстаин æндæр дæсныйад. Уымæн æмæ мæ æндæр дæсныйæдтæ сæхимæ æлвæстой тынгдæр. Афтæ кæй рауад, музыкæимæ кæй сбастон мæ хъысмæт, уый тыххæй та арæх фæзæгъын: æнæ музыкæ цы уыдаид мæ цард…

– Ныр та нæ сæйраг фарст: ансамбль саразыны хъуыды дæм кæд æмæ цæй тыххæй фæзынд?

– Ансамбль «Айзæлд»-ы сырæзты æз хайад нæ райстон. Уæдмæ йæ артисттæ уыдысты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы сконды. Куы рахицæн сты æмæ горæты культурæйы хайадмæ куы бацыдысты, уæд мæ сæ ансамблы аивадон къухдариуæггæнæджы бынатмæ фæхуыдта горæты уæды кджы, фæлæ радтон  разыйы дзуапп. Райдианы уыд бирæ зындзинæдтæ, фæлæ архайдтам сæ аиуварс кæныныл æмæ не ‘нтыстытæ рæзтысты бонæй бонмæ.

Нæ уавæртæ дзæвгар фæхуыздæр сты 2010 азы. Хуссар Ирыстоны уæды Культурæйы министр Дзуццаты Тамерлан нын балхæдта, абон дæр кæмæй пайда кæнæм, уыцы музыкалон инструменттæ. Уæд нын кусын фенцондæр. Уыимæ фæхуыздæр æмæ фæхъæздыгдæр нæ репертуар.

– Музыкалон коллективты кад бирæбæрцæй сырæзы, цы концерттæ равдисынц, уыдоны фæрцы. Радзур-ма, концерттæ кæмыты равдыстат æмæ уын сценæмæкæсджытæ уæ аивадæн цахæм аргъ кодтой?

– Концерттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, арæхдæр æвдыстам нæ республикæйы. Иустæм хаттæй дарддæр, алы бæрæгбонон концерты дæр истам хайад, уыдис-иу нын сæрмагонд кон-церттæ дæр. Алы концерты рæстæджы дæр-иу фæхатыдыстæм, кæй барухс кодтам сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Уый та-иу бæрæг уыд сæ зæрдæбын ахастæй, сæ дæргъвæтин къухæмдзæгъдæй.

Республикæйæн æддейæ ма концерттæ радтам Дзæуджыхъæу æмæ Санкт-Петербурджы. Санкт-Петербурджы хайад истам Æппæтадæмон фестиваль «Территория музыки – без границы»-йы. Хайад ма дзы иста 12 коллективы. Мах бацахстам фыццаг бынат.

– Сдæ Къостайы номыл премийы лауреат. Ахæм кадджын преми райсынмæ æнхъæлмæ кастæ?

– Алчи дæр кусы æмæ архайы, цæмæй йæ къухты æфта æнтыстытæ, йæ куыстæн ын цæуа æмбæлон аргъ. Раст куы зæгъон, уæд нæ дæр æз æмæ нæ дæр, цы коллективæн разамынд кæнын, уыдон тырныдтой ахæм бæрзонд хорзæх райсынмæ. О, фæлæ газет «Хурзæрин»-ы конкурсы тыххæй хъусинаг куы бакастæн,  уæд бацымыдис кодтон æмæ, цы бакæнон, уый тыххæй фæрсынмæ бацыдтæн Культурæйы министрадмæ. Ацы фарсты фæдыл ныхас кодтон Культурæйы министр Зассеты Жаннæимæ. Уый мын мæ хъуыды банымадта растыл æмæ ныллæууыдтæн мæ фæнд сæххæст кæныныл.

– Ахæм стыр хорзæх райстай, уый дын фыццаг чи фехъусын кодта? 

– Уæд мæ коллективимæ уыдтæн Ленингоры поселочы. Къостайы юбилейы цытæн æвдыстам концерт. Хабар фехъуыстон сценæмæ, фехъусын мын æй кодтой Культурæйы министрадæй. Æз уæд уыдтæн сценæйыл. Цахæм æнкъарæнтæ мæм фæзынд уый мын æнцон зæгъæн нæу, фæлæ мæхи банкъардтон, уæларвон зæдау. Æз æнхъæл уыдтæн æмæ ацы преми лæвæрд æрцæудзæнис Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-йы, сценæйыл æвæрæг-режиссер Дзуццаты Тамерланæн.

– Зæгъ-ма, уæдмæ ма цахæм хорзæхтыл бацин кодтай?

– Ноджы дæр ма йæ зæгъон, нæ дæр æз æмæ нæ дæр, цы коллективæн разамынд кæнын, уыдон дæр   нæ тырныныц хорзæхтæ райсынмæ. Нæ сæйраг хæс у, цы куыст уарзæм, уый æххæст кæнæм хорз. О, фæлæ къухты æнтыст куы æфта, уæд  æнæ хорзæхтæ дæр нæ вæййы. Цалдæр азы размæ мын лæвæрд æрцыдис Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист  æмæ «Аивæдты сгуыхт архайæг»-ы кадджын нæмттæ. Паддзахады разамонджытæй ма мын ис  Кады грамотæтæ æмæ майдантæ дæр.

– Фæфæуы аз. Тагъд æрбалæудзæнис ног 2020 аз. Цахæм хæстæ æвæрут уæ разы æмæ ног азы цæмæй барухс кæндзыстут сценæмæкæсджыты зæрдæтæ?

– Адæм нæ базыдтой æмæ бауарзтой. Паддзахад нын кæны хорз аргъ. Æрбалæугæ аз æмæ уый фæстæ азты дæр хуыздæр æмæ гъæдджындæр кæндзыстæм нæ репертуар æмæ сæ уалдзæгæй фæстæмæ зонгæ кæндзыстæм ирон æмæ æндæр адæмты сценæмæкæсджыты зæрдæтæ.

                                                                        Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.