Республикæ Абхазæй цы цаутæ хъуысы, уый тыххæй РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли сарæзта хъусынгæнинаг, цыран сиды æфсымæрон абхазаг адæммæ, цæмæй æрсабыр уой, æрбадой бадзырдты фынджы фарсмæ æмæ иумиаг æвзаг ссарой.

Хъусынгæнинаджы дзырдæуы:

«Абон Сухумæй хъуысы тæссаг хабæрттæ, кæцытæ баст сты демонстрацитæ æмæ Абхазы Президенты Администрацийы бæстыхаймæ ба-бырстимæ. Махæн, Хуссар Ирыстоны адæмæн, кæддæриддæр ахсджиаг уыд, æфсымæрон республикæйы цы цыд, уый. Мах алы хатт дæр иумæ цин кæнæм нæ иумиаг уæлахизтыл æмæ иумæ хъыг кæнæм уæззау  зиæнттæ æмæ трагедиты рæстæ-джы.

Хуссар Ирыстоны адæм дæр æмæ Абхазы адæм дæр хæдбардзинад æмæ сæрибардзинадмæ  рацыдысты иу уæззау æмæ хæстарыд фæндагыл. Уыцы фæндаг йемыдзаг уыд зиæнттæ æмæ хъысмæтæвзарæнтæй. Растæндæр уый тыххæй  мах хъыгзæрдæйæ байхъусæм, Абхазæй цы негативон хабæрттæ хъуысы, уыдонмæ.

Абон мах уынæм, Абхазы куырыхон адæм вазыгджын уавæры кæй сты. Мæн фæнды абхазаг æфсымæртæм æрсидын кæрæдзийæн цыт кæнын æмæ кæрæдзи æмбарынмæ. Нæ рæзгæ фæлтæрæн сæ фидæн  æрмæстдæр  куысты руаджы ис саразæн.

Æз сидын ныхмæлæууæг тыхтæм, цæмæй æрбадой бадзырдты фынджы фарсмæ æмæ  ссарой «иумиаг æвзаг», уымæн æмæ афтæ кодтой нæ фыдæлтæ дæр. Æппæт фарстатæ дæр аскъуыддзаг кæнын хъæуы барады фæзуаты, Закъон æмæ Конституцийы  фæлгæттæй нæ ахизгæйæ.

Мæн уырны, Абхазы адæм раст уынаффæ кæй рахæсдзысты, уый. Сæйраг у, цæмæй ныхмæлæуды рæстæджы тугкалд ма ‘рцæуа, уымæн æмæ адæймаджы цардæй ахсджиагдæр ницы ис».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.