Дзæуджыхъæуы та ног азы назбæлас нырма агургæ кæнынц. Ис æм сæрмагонд домæнтæ – фыццаджыдæр йæ акалынæн хъуамæ уа йæхи аххосæгтæ, стæй йæ къалиутæ хъуамæ уой бæзджын, йæ дæргъ та 10-12 метрæй къаддæр хъуамæ ма уа. 15 декабры байгом сты, назбæлæстæ кæм уæй кæндзысты, ахæм базартæ. Уымæй уæлдай ма Дзæуджыхъæуы байгом уыдзысты ног азы бæрæгбоны армукъатæ. Уым та балхæнæн уыдзæн алыхуызон хъазæнтæ. Ног азы фидауцтæ æрбаласдзысты Саратов, Самарæ æмæ Ульяновскы облæсттæй.

Бæлæстæ уæй кæндзысты Хуссар Ирыстоны дæр. Цхинвалы назбæлæстæ калын нал уадзынц. Хъæды хæдзарады кусджытæ тох кæнынц, бæлæстæ æнæзакъонæй чи лыг кæны, уыдонимæ. Ног азы бæрæгбоны агъоммæ хъæдмæ уæлдай цæстдард ис. Уымæн æмæ бирæтæ назбæлæстæ бæрæгбонмæ сфæнд кæнынц хъæдæй æрхæссын, уыимæ ма сæ уæй дæр кæнынц. Рейдтæ араздзысты Хуссар Ирыстоны æппæт районты. Уый тыххæй фехъусын кодта хъæды хæдзарады управленийы разамонæджы хæдивæг Къæбулты Инал. Закъон чи хала, уыдон та кæндзысты 6 мин сомы ивар. Назбæлас кæй хъæуа, уыдонæн æй балхæныны фадат уыдзæн сæрмагонд бынæтты. Назбæлæстæ Цхинвалы базармæ æрласдзысты Цæгат Кавказæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.