Адæймагыл азтæ цас фылдæр рацæуы, уыйас фылдæр аразы хатдзæгтæ, цавæрдæр фæзындтæ æмæ бæрæггæнæнтæ бары, иртасы, ацы, кæнæ иннæ ивддзинад йæ фæстæ цавæр цаутæ, уагахаст расайынц, цæмæй фæпайда вæййынц кæнæ та, чи зоны, знаггад æрхæссынц, зæгъгæ…

Ирон адæмæн, ома, махæн, фæстаг  фондз æмæ ссæдз азы хуыздæр æнтысынц æгъдæутты тыххæй дæргъвæтин рабар-бабартæ, радзур-бадзуртæ, хорз æмæ æвзæр кæй нал хатæм, æфсарм кæй атади, йæ бæсты та уæндонæй къæйныхдзинад йæхиуыл кæй схæцыд, æмæ афтæ дарддæр. Йæ райгуырдæй ссæдз азы йеддæмæ кæуыл нæма цæуы, уый дæр бæгуылæгау балæудзæн уыдæттыл тæрхæттæ кæныныл, раст цыма гуылфæнты æмæ къæдз-мæдзты, хæрдтæ æмæ уырдыгты цæуынæй бастадис, афтæ зондамонæнтæ хæсдзæн. Кæстæртæм, æнæмæнг, хъæуы лæмбынæг хъусын, сæ фылдæры, æцæгдæр, нæ адæмы ныры  уавæр, зондахаст тыхсын кæнынц.

Алкæмæ дæр нæ нæ хæдзæртты, бинонты ‘хсæн цавæрдæр номæй бадзурынц. Суанг сыхы мидæг, æмгæрттæ, æмкъласонтæ, хæлæрттæ. Æгъдæутты тыххæй цæхæртæ куы калай, уæд хъуамæ хистæрмæ куыд дзургæ у, уый, æнæмæнг, зонай. Де ‘мбал нæу, де ‘мгар дæр, алы бон пурти кæимæ фæракъуыр-бакъуыр кæныс, уыцы сыхаг лæппу дæр нæу. Æмæ, дам, не ‘гъдæуттæ сæфынц, æмæ, дам, нæм фæкæс…

Арæх маршрутон такситы шофыртæ, æйттмардзæ нæлгоймæгтæ æмæ сæм лæппутæ æмæ чызджытæ фæсидынц «останови здесь», зæгъгæ. Ахæм хæрзахуыргондæй ма уыцы кырдиатмæ ныхасы хай «те» бафтау æмæ сфидаудзæн. Шофыртæ сæхæдæг дæр ницы сдзурынц, хъомыладмæ сæ не ‘вдæлы, уæдæ уайдзæфы ныхас дæр ничи скæны.

Хорз, ныры фæсивæд газеттæ нæ кæсынц. Фæзæгъын, зæгъгæ,   «исты базонын нæ куы бафæнда, уæд кæцыфæнды сайты ис бакæсæн ног хабæрттæ». Мах бонæй-бонмæ бæстон фыссæм, цал æмæ цал объектты арæзт æрцыд. Кæрæдзи фæстæ нымайæм, нæ республикæ цавæр федералон программæты архайы, хи хъарутæй цы хъуыддæгтæ аразæм, уыдæттæ. Цал объекты æмæ кæцы ран арæзт æрцæудзæн, уый дæр. Финансон æмархайды фæрцы, республикæйæн йæ размæвæрд нысантæ куыд æнтысынц, уый тыххæй иу хабар дæр рохуаты нæ баззайы…  Газетты фæрстыл мыхуыр цæуынц, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ дунейы цы процесстæ цæуы, уыдон. Газетты цы диссаджы æрмæг бакæсай, уый телеуынынад æмæ сайттыл нæ фендзынæ, уымæн æмæ уыдонæн сæ авналæнтæ цыбырдæр сты. Газеты фæрстыл раиртасынæн та бирæ диссаджы æрмæджытæ ссарæн ис.

Нæ зынаргъ кæстæртæ! Бафæлварут, уæ къухтæм газеттæ куы райсат, уæд уын пайда йедтæмæ зиан не ‘рхæсдзысты. Бауырнæд уæ, бирæ хорз хабæрттæ базондзыстут, æмæ уæд уæ фарстытæ дæр æххæстдæр уыдзысты…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.