4-æм марты 125 азы сæххæст Францийы гуманитарон наукæты къабазы стыр ахуыргонд, мифолог, нарты кадджытæиртасæг, структуралист, Францы Академийы уæнг Жорж Дюмезилыл. Уый Ирыстоны зæххыл никуы æрлæууыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, уыдонимæ туркаг ирæтты æвзаг, истори æмæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр – нарты кадджытæ. Нарты кадджытæ кæд ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл, уæд Ж. Дюмезиль та фидарæй загъта, зæгъгæ, нарты кадджытæ сæ бындурмæ гæсгæ сты ирон. Раст цыма французаг ахуыргонд зонгæ кодта æмæ сомбон нарты кадджытæ кæй сты, уый быцæуæггаг суыдзæнис, уыйау ацы хъуыдыйы тыххæй фидарæй загъта йæ ныхас: «Кавказы адæмтæ мын ныххатыр кæнæнт, фæлæ нарты кадджытæ ирæтты сты».

Жорж Дюмезиль райгуырд 4-æм марты 1898 азы. Парижы уæлдæр ахуырад куы райста, уæд кусынмæ ацыдис Стамбулы университетмæ ахуыргæнæгæй. Акуыста Швецийы уæлдæр ахуыргæнæндоны дæр. 1935 азæй 1968 азмæ та йæ куыст адарддæр кодта Францийы æндæр æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты. Йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты нарты кадджытæ æмæ сæ куыд ахуыргонд, афтæ ма райхæлдтаид, уый йын æнцой нæ лæвæрдта. Турчы ма куы цардис, уæд сцымыдис ис кавказаг æвзæгтæм æмæ иртæста ирон адæмы эпос. Дюмезиль куыд зæгъы, афтæмæй рагон индоевропæйаг æхсæнад арæзт уыдис æртæ функцион фæлтæрæй: зонды куыстгæнджытæ (дзуары лæгтæ, тæрхоны лæгтæ, арфæтæгæнджытæ, хингæнджытæ æмæ æнд.), тыхы куыстгæнджытæ (хæстон адæм, æмæ æфсæддон разамонджытæ) æмæ хæдзарон кусджытæй (зæхкусджытæ, фосдарджытæ æмæ афтæ д.).

Ирон адæм дæр индоевропæйæгты иу хай сты æмæ уымæ гæсгæ ацы фæд ахуыргонд уыдта нарты кадджыты, ам æхсæнадон фæлтæртæ ралæууыдысты мыггæгты хуызы: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Боратæ. Дюмезиль цы æрмæг æртымбыл кодта, уымæй 1930 азы рауагъта йæ фыццаг монографи «Нарты кадджытæ» йæ мадæлон æвзагыл, цæмæй европæйаг ахуыргæндты базонгæ кодтаид ирон адæмы эпосимæ.

Ахуыргонд нарты кадджыты ратæлмац кодта францаг æвзагмæ æмæ мыхуыры рацыдысты 1965 азы Парижы. (1978 азы ма йын радон чиныг рацыд французаг æвзагыл нарты эпосы тыххæй). Нарты кадджытæ бирæ æвзæгтæм ратæлмац кодтой, фæлæ иууыл хуыздæр тæлмац æрцыдысты Дюмезильæн французаг æвзагмæ. Æрмæст уый тыххæй нæ æмæ диссаджы литератор кæй уыдис, фæлæ бавдæлд æмæ текст ратæлмац кодта йæ ирон оригиналæй. Дюмезиль афтæ хорз сахуыр кодта ирон æвзаг æмæ цыфæнды текст дæр кастис. Францы уæды президент загъта: «Нарты кадджыты айдæнау зынынц ирон адæмы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад. Уыцы кадджытæ сты стыр фольклорон хæзнатæ». Францаг ахуыргонд йæхæдæг та фыста: «Аллон адæмы байзæддæгтæ бирæ зындзинæдтæн бафæрæзтой, фæлæ уæддæр бахъахъхъæдтой йæ уидæгтæ скифаг æмæ индоевропæйаг кæмæн сты, уыцы æвзаг. Уымæ гæсгæ зын бамбарæн нæу æппæт дунейы ахуыргæндты цымыдисдзинад уыцы адæммæ».

Жорж Дюмезиль: «Кавказы адæмтæ мын ныххатыр кæнæд, фæлæ нарты кадджытæ ирæтты сты»

Дюмезилæн йæ рæстæджы Ирыстонмæ æрцæуын нæ бантыст, фæлæ уый уыдис йæ бæллиц. Фæндыдис æй ирон адæмы традицитæ æмæ культурæ æввахсдæр æмæ бæстондæр базонын. Ацы хъуыддаг йæ зæрдыл бадардта ахуыргонды чызджы фырт Пьер Луи Кюриен æмæ йын сæххæст кодта йæ бæллиц. Уый цалдæр азы размæ фæуазæг ис Цæгат Ирыстонмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ цæгаттаг æфсымæртæ йæ хорз суазæг кодтой. Кадджын уазæджы дисы бафтыдта, ирон зæххыл æй куыд сбуц кодтой, уыцы хъуыддаг. Цæгат Ирыстоны фембæлд ахуыргæндтимæ. Уымæй уæлдай ма бабæрæг кодта 45-æм гимназ дæр. Уый хæссы Жорж Дюмизелы ном.  Пьер Луи Кюриенæн у тынг æхсызгон, йæ мады фыдæн ын Цæгат Ирыстоны ахæм стыр аргъ кæй кæнынц, уый. Уый сын радзырдта Жорж Дюмезилы царды тыххæй. Нæ басусæг кодта, Кавказмæ уарзондзинад куыд сæвзæрд йæ зæрдæйы. Бæлвырддæр та ирон мифологи æмæ Нарты кадджытæм. Уый йæ ратæлмац кодта французаг æвзагмæ. Пьер Луи Кюриен йæ мады фыды фæндагыл нæ ацыд. Уый йæхи фæлвары математикæйы. «Жорж Дюмезиль Францийы у Зындгонд ахуыргонд. Уæрæсейы ын стыр аргъ кæнынц Кавказ зонынады тыххæй. Уый раиртæста религи, мифологи æмæ эпос. Нарты кадджытæ хуыдта ирон адæмы хæзна. Мæ мады фыд мын Ирыстоны тыххæй арæх дзырдта. Ардæм æрцæуын ме ’стырдæр бæллиц уыд. Уымæй уæлдай ма уыдтæн Гуырдзыстоны дæр. Уым архайдтон конференцийы æмæ дзы базонгæ дæн ирон сылгоймагимæ. Уый руаджы мæ къухы бафтыд Иры зæххыл сæмбæлын дæр. Ам ис алæмæты рæсугъд æрдз. Тынг зæрдæмæдзæугæ адæм. Мæ бæллиц сæххæст», – загъта уый.

Ирахуырады Жорж Дюмезиль ныууагъта зынгæ фæд, стыр лæггад бакодта Ирыстоны адæмæн æмæ йын абон уымæн ахæм стыр аргъ кæнæм мах. Жорж Дюмезиль йæ цардæй ахицæн 11-æм октябры 1986 азы.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.