Ныридæгæн иууыл «демократон» бæстæ АИШ-ы цæуынц демократи худинаггæнæг процесстæ – сæ раздæры президент Дональд Трампыл бакодтой цалдæр уголовон хъуыддаджы æмæ йæ æрцахсынвæнд кæнынц. Ахæм къахдзæфтæй АИШ-ы къухдариуæгад йæхицæн аразы ‘взæрдæр – се ‘нæбары «демократийыл» ма сын чи æууæндыдис, уыдон дæр ныр дызæрдыг кæнын райдайдзысты.

Трампыл тæрхон кæныны процесс йæ райдианæй фæстæмæ у фидиссагдзинадыл дзурæг – прокурормæ нæй иунæг аргумент дæр, цы фактты кой кæны, уыдон та сты гæдыныхæстæ. Ацы «хъуыддагæн» йæ нысан у – Трампы ма бауадзой рамбулын фидæны æвзæрстыты. Байден уыйбæрц рæдыдтытæ æруагъта æмæ демократтæн сæ рейтинг æрхаудта, адæм сыл нал æууæндынц. Уыи-мæ иумæ Трампы рейтинг та бонæй-бонмæ фылдæр кæны. Демократты парти цæмæй рамбула, уымæн ныридæгæн ницы хос ис æмæ сæм афтæ кæсы, ома, Трампы куы æрцахсæм, уæд бар-æнæбары адæм махæн ратдзысты сæ хъæлæстæ.

4-æм апрелы Трампмæ фæдзырдтой Нью-Йоркмæ æмæ йын бавдыстой уголовон æрмæджытæ, кæцыты йæ аххосджын кæнынц фыдракæндтæ саразыны. Ӕдæппæт ын æрæмбырд кодтой 30 эпизоды бæрц, кæцытæм гæсгæ хъуамæ ахæстонмæ æрвыст æрцыдаид. Фæлæ нæ бауæндыдысты – йæ фæстæ æгæр бирæ адæм лæууы æмæ фæтарстысты змæстытæй.

АИШ-ы историйы Трамп у фыццаг президент, кæцыйыл бакодтой уголовон хъуыддаг. Сæ закъонмæ гæсгæ президенттæн æмæ экспрезиденттæн ис иммунитет – нæй сыл бакæнæн уголовон хъуыддаг. Фæлæ уыцы закъон куыста æрмæстдæр ныры онг – абон сын пайда нал у æмæ йæ сæ къæхты бын ныссæстой. Ӕмæ фæстæмæ куы акæсæм, Трампы рæдыдтытæ иннæ президентты рæдыдтытимæ куы абарæм, уæд ирдæй зыны, æцæгæй фыдгæнджытæ иннæ пре-зиденттæ кæй уыдысты. Зæгъæм, Джордж Бушы рæстæджы арæзт æрцыдис теракт, кæцыйы, бирæ аналитикты хъуыдымæ гæсгæ, сарæзтой АИШ-ы спецслужбæтæ. Уымæн æмæ теракты хæдфæстæ Пентагон æвæстиатæй раргом кодта æфсæддон пълæнттæ Ирак, Сири, Ливан, Ливи, Сомали, Судан æмæ Ираны æрцахсыны тыххæй. Билл Клинтон та ард бахæрыны рæстæджы сайдта, ома, мын ницы иудзинад ис Моника Левинскиимæ, кæцы дзы у 27 азы кæстæр. Джо Байдены лæппу Хантер та у наркоман æмæ ма уыимæ иумæ наркотиктæ дæр парахат кæны. Уымæ гæсгæ, Байден дæр уæд хъуамæ бæрндзинадмæ конд æрцæуид.

АИШ-ы разамынады минæвæрттæ дæр уавæр æмбарынц æмæ ацы процесстæ сæ зæрдæмæ нæ цæуынц. Конгрессы минæвæртты палатæйы спикер Кевин Маккарти зæгъы, зæгъгæ, прокурор Элвин Брэгг ахæм зиан ракодта АИШ-æн, кæцыйæн срастгæнæн нал уыдзæнис фидæны. Трампы уголовон хъуыддаг ноджы куы скарз кæной, уæд, гæнæн ис, æмæ расайа мидæггагон хæстмæ. Ӕмæ йæ куыд зонæм, афтæмæй АИШ-ы æмбæстæгтæм ис бирæ æхсæнгарз, закъонмæ гæсгæ сæм æнцон у хæцæнгарз балхæнын. Афтæмæй змæстытæ куы райдайой, уæд тыхон структурæтæн сæ бон нæ бауыдзæнис сæ ныссабыр кæнын. Ам ма банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ Трамп куы рамбула, уæд æнæмæнг бæрндзинадмæ æркæндзæнис Джо Байдены æмæ йæ командæйы. Уымæ гæсгæ, ныры хи-цауад алы амæлттæй дæр архайы, цæ-мæй Трамп ма рамбула.

АИШ-ы закъæттæм гæсгæ ахæстоны куы бадай, уæддæр дын бар ис æмæ кандидат уай. Ис дзы æрмæстдæр æртæ домæны – хъуамæ райгуырай АИШ-ы, цæуа дыл 35 азæй фылдæр æмæ АИШ-ы территорийыл цæрай 14 азæй фылдæр. Уымæ гæсгæ, Трампы ахæстонмæ куы арвитой, уæддæр, гæнæн ис æмæ рамбула президентон æвзæрстытæ. Ӕмæ уæд та цымæ куыд кæндзысты?

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.