Æвзонг фæлтæр сты нæ сомбоны цардаразджытæ, уыдонæй кæнгæ уыдзæн нæ рæсугъд фидæн. Цæмæй уырдæм рæсугъд къахдзæф бакæной, ныфсджынæй бавналой, сæ хистæр фæлтæр сын цы хорз хъуыддæгтæ радæтта, уыдон, уый тыххæй сæ ныридæгæн хъæуы цæттæ кæнын, ахуыр æмæ куыстыл цайдагъ кæнын. Ацы хъуыддаджы семæ зæрдиагæй кусы Цхинвалы районы спорт æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайад æмæ уымæй йæ хайбавæрд хæссы сæ хæрзæгъдауы хъомылад, стæй се ‘ппæтварсон цайдагъдзинæдтыл фæлтæрынæн. Фæсивæд æрвылаз дæр активон хайад райсынц æндæр æмæ æндæр бæрæгбонон мадзæлтты æмæ сæ зæрдæмæдзæугæ ралæудтытæй барухс кæнынц хистæр фæлтæры минæвæртты зæрдæтæ. Ацы хайады хистæры хæдивæг Козаты Олег райгонд у сæ архайдæй, уымæ та сæхи развæлгъау бацæттæ кæнынц скъолаты разамонджытæ, организатортæ æмæ ахуыргæнджытимæ иумæ. Ацы хайад, сæйраджыдæр кусы скъолаты ахуырдзау фæсивæдимæ. Афæдзы дæргъы цы мадзæлттæ хъуамæ уадзой, уыдоны тыххæй нывæстытæ фæхæццæ кæнынц алы скъоламæ дæр, иутæм бахæссынц сæхи фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ æмæ уый фæстæ иумæйаг тыхтæй æрæвналынц мадзæлттæ рæстæгыл уадзынмæ. Козайы фырт куыд радзырдта, афтæмæй ахуыргæнинæгтимæ куысты ис бæрæг зындзинæдтæ, фæлæ уæддæр уыцы ныхдурты сæрты ахизынц æмæ мадзæлттæ ауадзынц бæрзонд æмвæзадыл. Козайы фырт сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæрыл банымадта, бирæсывæллонджын бинонты æнæхъусдард кæй нæ уадзынц, фæлæ сын æрвылаз дæр гуманитарон æххуыс кæй бакæнынц, уыцы куыст. Нæ Хицауад сын алы аз дæр рахицæн кæны æхцайы фæрæзтæ æмæ уыдон хардзгонд æрцæуынц сæ нысаниуæгмæ гæсгæ. Бирæсы-вæллонджын бинонтæ ис Къостайыхъæу, Тъбет æмæ æндæр хъæуты æмæ сæ бузныгæй баззайынц ныййарджытæ сæ ахæм аудындзинады тыххæй. Се ’ххуысы хай ма бакæнынц рынчын сывæллæттæн дæр. Хъыгагæн, ацы аз уыдон фæфылдæр сты æмæ сæ нымæц хæццæ кæны 22-ы онг. Уымæй дарддæр ма хайад ауагъта, ацы азы фыццаг æмбисæн йæ планмæ цы къалендарон бæрæгбонтæ бахаста, уыдон се ‘ппæт дæр. Æрæджы республикæйы æмвæза-дыл уагъд æрцыд брейн-ринг æмæ дзы æндæр скъолаты æмрæнхъ хайад райстой Къостайыхъæу æмæ Дменисы астæуккаг скъолаты хистæркъласонтæ дæр. Ацы хъазт у ахæм, ома, дыууæ командæйы уæнгтæ кæрæдзимæ дæттынц фарстытæ æмæ сын чи тагъддæр сдзуапп кæна, уыцы командæ суыдзæн уæлахиздзау. Дменисы командæ бахауд æрдæгфиналмæ, фæлæ, хъыгагæн, дарддæр тохтæм нал бахауд. Районы традиции сси, скъола каст чи фæвæййы, уыцы рауагъдонтимæ фембæлын æмæ йæ цытджын æгъдауæй банысан кæнын. Ахæм фембæлдтытæ уагъд цæуынц 21-æм хатт. Се ‘взонг зæрдæтæ барухс кæндзыстæм, ацы аз районы астæуккаг ахуырад чи райста, уыцы рауагъдонтæн дæр æмæ цытджын æгъдауæй нысан æрцæудзæн ацы бонты. Æхсызгон у уый банысан кæнын, æмæ районы нæй иунæг зынхъомылгæнæн ахуыргæнинаг дæр.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.