Паддзахады размæцыдæн сæрмагонд æрдзон, менталон, национ, культурон, интеллектуалон уавæртæ хъæуы, стæй æххæст кæнын хъæуы уыцы уавæрты ахсджиаг домæнтæ. Уыдон сæххæст кæнынæн та – нацийы иугæнæг хъуыдыдзинад, ома национ идея.

Æрæджы Хуссар Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты рæстæджы бирæ дзырд цыдис национ идеяйы тыххæй. Бирæтæ дзырдтой, ома махмæ национ идея нæй, нæй нæм паддзахадон идеологи, афтæмæй та рагфыдæлтæй райдайгæйæ ирон адæмæн сæ сæйраг бæллиц уыди сæрибардзинад. Æнæхъуаджы нæ дзырдтой «Кæнæ сæрибар, кæнæ – мæлæт!». Ацы хъуыды филологон зонæдты кандидат, профессор Плиты Гацыр ирон хъайтартæн сæ тырыса хоны. Мæнæ цы фыссы йæ уац «Абырæг лæгау-лæг»-ы:

«…Ацы хъайтартæ, Хетæгкаты Къостайы загъдау, сæрибардзинад алыгъуызон æмбæрстой, фæлæ цагъардзинад цы у, уый се ’ппæт дæр зыдтой…». Уымæ гæсгæ сæ иумæйаг цæстæнгас уыди ахæм: «Мæрдты авддæлдæр ныххауæд уыцы лæг, йæ бартæ бархийæ чи радта…» (Плиты Гацыр, «Абырæг лæгау-лæг»).

«Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт!» – зæлы ирон хъайтарон зарджыты дæр, зæгъæм Исахъы зарæджы:

«Ой, кæнæ сæрибар, кæннод та мæлæт! –

Исахъ бадзуры: «Бирæ фæхастам æлдары къæлæт…»

Афтæ мæм кæсы, цыма нæ национ идея сæрибардзинад кæй у, уый бирæтæй ферох ис, науæд та сæм афтæ кæсы, цыма мах абон нæ сæрибардзинады тæккæ бæрзæндмæ схæццæ стæм. Бæргæ афтæ куы уаид, фæлæ сæрибардзинад сæйраджыдæр æнцой кæны экономикон хæдхъомдзинадыл, уыцы хъуыддаг та абон махæн нæ къухы нæма бафтыди.

Уæдæ кæд нæ адæм цæрæнбонты сæрибармæ тырнынц, кæд никæдбонты уыдон искæйы цагъарады бын цæрын нæ фæрæзтой, кæд æлдары ехсы цæфæй сæ туг æхсысти æмæ-иу ирон сахъгуырдтæ худинаджы бæсты абырджыты цард равзæрстой, уæд абон цы фæци сæрибармæ уыцы бæллиц? Цы фæци, зæгъгæ, уымæн зæгъын, æмæ йын йæ кой дæр куы ферох кодтам, афтæмæй та адæймаг, наци цалынмæ исты стыр хорзæхмæ бæллы, уæдмæ йе уæнгты змæлы царды тых. Ницæмæуал бæллыс, уæд дæ къах атилын дæр нал фæнды, уæд æгæндæгæй зайынц дæ хуымзæххытæ, хæмпæл кæнынц быдыртæ, сындзкъутæр фестынц уæлвæзтæ. Æмæ уый та цы схонæн ис фыдæлгъыстæй дарддæр?

Арæх фехъусæм Английы кæддæры премьер Уинстон Черчилы ныхæстæ: «Хæст æмæ æгадæй æгад чи равзары, уый баййафы хæст дæр æмæ æгад дæр». Зæгъынц, зæгъгæ, дызæрдыггаг у, уый уыди ацы ныхæсты хицау, æви нæ. Куыдфæнды ма уа, уæддæр хъуыдыйаг у. Ацы ран, кæй зæгъын æй хъæуы, æцæг хæстмæ ничи бабæлдзæн, фæлæ цард æгасæйдæр хæст у. Мах хæсты бацæуын хъæуы зивæг, уæлæхох, къулымпы æмæ æнæнтыстимæ нæ сæрибары сæрвæлтау, цæмæй фидæны æлдары ехсы цъыкк тæл­мæй ма абада нæ бæрзæйыл. Мæнæ куыд дзуры Куырыхон Соломон:

«Иучысыл афынæй кæн, иучысыл ацъынд кæн, иучысыл абад æвдæлонæй, æмæ æрбацæудзæн дæ мæгуырдзинад дзæгъæлдзуйау, æрбабырсдзæн дæм хъуагдзинад къæрныхау».

Раздæхæм Черчилы ныхæстæм æмæ æрымысæм, ирон адæммæ цагъарад æгадыл нымад кæй у, стæй уый бæсты мæлæт кæй æвзæрстой. Æмæ уæд бирæтæ зæгъдзысты, мах цагъартæ не стæм, цагъары дуг раджы фæци, зæгъгæ. Фæлæ цы у цагъарад ирон адæймаджы цæсты? Цæмæн хъуыди ирон хъайтарты сæрибар æмæ сын цæмæй ныфс æвæрдта æлдар, йæ разы сæ сæртæ куы æркъул кодтаиккой, уæд? Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон  адæймагæн йæ зæхх, йæ дон, йæ исбон, йæ бинонтæ, йæ мыггаг, йæ уæлдæф хъуамæ йæхи бар уыдаиккой. Æлдары фæнд та уыди уыцы бартæ йын байсын æмæ йыл фиддон сæвæрын. Йе æмæ, ирон адæймаг æлдары уыцы фыдвæндыл куы сразы уыдаид, йæ разы йын гауызтæ куы айтыдтаид, йæ фыдвæндтæ æххæст кæнгæйæ йын рахиз цонг куы суыдаид, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, Иры хæхты уыйбæрц абырджытæ нæ цардаид хæтæнхъуагæй. Уыдон нымæцы Тлаттаты Чермен, Алыккаты Хазби, Бæтæйы фырттæ, Тотиты Аким, Хъуды абырджытæ, Дзæхаты Дианоз, Гаглойты Сала, Пухаты Иликъо æмæ æндæртæ.

Иу ахæм цау уыди æлдæртты дуджы:

Уыдысты дыууæ æфсымæры. Æлдар сæм æрбацыд хъалонгур. Иу æфсымæр дзы нæ разы кодта хъалон бафидыныл, уымæн æмæ цы хæсджын уыд, цæмæй йæ тугвæллойæ искæмæн хъалон фыстаид. Уæд ын тæвдтуг æлдар ехс æруагъта йæ бæрзæйыл. Лæппу хъамамæ фæлæбурдта, фæлæ йе ‘фсымæр йæ разы балæууыд, цæмæн змæнтыс, зæгъгæ, мах дæр иннæтау бафидæм нæ хъалон æлдарæн. Уæд фыццаг æфсымæр йæ хъама фелвæста æмæ дзы æфсымæры ныммардта.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æфсымæры марæг уый фæстæ абырæг сси, царди хъæдты, лæгæтты. Мæн та фæнды уый зæгъын, æмæ абон мах лæгмæрдты сæр ницæмæн хъæуы. Уæды дуджы фарстытæ скъуыддзаг цыдысты карды комæй, абон та махæн нæ къухты ис бирæ фæрæзтæ, уымæн æмæ æрцыди демократийы дуг. Ис нын нæхи паддзахад, парламент, тæрхондон, хъæууон хæдзарадон разамынад æмæ æндæртæ. Уыйхыгъд махæй бирæтæ нæ райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн уыцы хæрзтæй пайда кæныны бæсты, сæхицæн æлдарæн равзæрстой хи пайда. Уыцы æлдар сын ехсæй нæмы сæ бæрзæйтæ, кæны сæ галиу фæндæгтыл, æппары сæ æгады уавæрмæ, фæлæ царды тох равзарыны бæсты бирæтæ æвзарынц æгад, уæййаг хъуыддæгтæ. Афтæмæй æфстаугур цæрæм, нæхицæн сæрфат нæ аразæм, фæсвæд иу сау капекк не ‘вæрæм. Уыдæттæ та кæнæм æвæрæзы аххос. Уый тыххæй мæ фæнды цæвиттонæн æрхæссын цалдæр паддзахады, æвæрæзæй стыр размæцыд кæй къухы бафтыди.

                                                                                                           Нæ бæллиц – сæрибар

Израил. Ацы паддзахад бирæ стыр зынтæ бавзæрста, цалынмæ дунейыл æппæты размæдзыддæр бæстæтæй иуыл нымад æрцыди, уæдмæ. Размæцыды ахсджиагдæр къахдзæфтæй иу уыди демографион фарст рараст кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæстæйы цас фылдæр адæм ис, уыйбæрц рæвдздæр ацæудзæн размæ.

Швейцари. Ацы паддзахад нымад у дунейы æппæты фæрныгдæрыл. Уымæн сæйраджыдæр ахъаз кæны йæ политикон нейтралитет. Уымæй дарддæр ма сæйрагдæрыл нымад у адæймаджы фæрныгад. Ууыл куыстæуы æдзухдæр. Æмбæстаджы фæнд хынцыдæуы цыфæнды фарст скъуыддзаг кæнгæйæ дæр.

Арабаг Иугонд Эмираттæ. Дубай. Ацы паддзахад сырæзти змис æмæ доныл. Ам дæр адæймаг у паддзахады сæйраг аудинаг. Цыдæриддæр паддазахады хъæздыгдзинæдтæ ис, уыдонæй йе ‘мбæстæгты хыгъдмæ цæуы æфтиаг.

Лихтенштейн. Ацы паддзахад æндæр бæстæтимæ баст у æрмæстдæр экономикон бастдзинадæй. Нæй йын денджызмæ фæндаг, нæй йын йæхи æхца. Адæймаджы фæрныгад баст у паддзахады фæрныгадимæ. Гъе, уымæ гæсгæ паддзахад ауды адæймаджы фæрныгадыл.

Ацы бæстæты фæрныгады тыххæй лæмбынæгдæр базонын кæй фæнды, уый йæ базондзæн, фæлæ сын иумæйагæй цы ис, уый у адæймаджы фæрныгад. Ууыл амад у уыдонæй алкæйы æнтыст дæр.

Уæдæ нæ уацы райдианы куыд загътам, афтæмæй паддзахады  размæцыдæн хисæрмагонд уавæртæ хъæуы. Мах паддзахады размæцыдæн, бирæты хъуыдымæ гæсгæ, нæй уыцы сæрмагонд уавæртæ. Ома, нæй нæм денджыз, нæй нæм нефть, нæй нæм æфсæнвæндаг, нæй нæм хæдтæхæг. Фæлæ æппæт уыцы уавæртæ размæцыды бындур не сты, уыдон йæ фæстиуджытæ сты. Ома, паддзахады размæцыд сараздзæн махæн уыцы фадæттæ, цæмæй нын фæндаг уа денджызмæ, ссарæм нефты гуырæнтæ, саразæм æфсæнвæндаг, уа нын хæдтæхæджы тæхыны фадæттæ. Ацы æфсæнттæ иуварс ныууадзгæйæ, мах хъуамæ архайæм, нæ къухы цы ис, уыцы фæрæзтæй: бакусæм нæ зæххытæ, не ‘ргом аздахæм хъæумæ, скæнæм фосдарыны уавæртæ, æрзайын кæнæм дыргътæ æмæ халсæрттæ, уæлдайдæр та – сæнæфсир, саразæм заводтæ æмæ фабриктæ. Алкæмæй ахсджиагдæр та – алчи йæ куыстуаты кусæд намысджын æмæ æнæзивæгæй. Алчи архайæд йæ хисæрмагонд размæдзыдыл.

Афтæ куынæ уа, абон мах уыцы цардаразæн хæсты куынæ бацæуæм, уыцы хæст нæ, фæлæ æгад куы равзарæм, уæд баййафдзыстæм хæст дæр æмæ æгад дæр.

Æгад чи баййафа, уый та цагъар у, уæдæ цы у! Махæн та нæ бæллиц сæрибар у.

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.