10 майы Владимир Путин бафыста Барамынд, кæцыйы фæстиуæгæн 15-æм майæ фæстæмæ ивд æрцыд визон режим Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æмæ сæ нырæй фæстæмæ 90 боны æмгъуыдмæ визæ аразын нал хъæудзæнис. Иннæ Барамындæй та бар радта, цæмæй уæрæсейаг авиакомпанитæ райдайой рейстæ Гуырдзыстонмæ æмæ ма сæрибарæй уæй кæныны бар ис туристон туртæн дæр Гуырдзыстонмæ. 2019 азæй фæстæмæ уæрæсейаг æмбæстæгтæн Гуырдзыстонмæ улæфынмæ ацæуыны бар нал уыд, нæдæр хæдтæхджытæ тахтысты. Визон режим та дыууæ бæстæйы ‘хсæн баконд æрцыд 2000 азы. Фæстæдæр, 2012 азы Гуырдзыстон аивта визон режим уæрæсейæгтæн, уымæн æмæ æгæр бирæ зиæнттæ æййæфта сæ туризмы бизнес. Кæд æмæ 2008 азæй фæстæмæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ нал ис, уæддæр уæрæсейаг æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны уæвыны бар ис иу азы бæрц æнæ визæйæ.

Гуырдзыстойнаг авиакомпани «Georgian Airways»-æн бар радтой Тбилисæй Мæскуымæ авиарейстæ аразынæн æмæ йæ фыццаг хæдтæхæг атæхдзæнис 20 майы. Райдианы уал къуырийы дæргъы араздзысты авд рейсы.  Уымæй размæ та гуырдзыстойнаг фарс бар радтой уæрæсейаг авиакомпани «Азимут»-æн 17 майæ фæстæмæ Гуырдзыстонмæ комкоммæ авиарейстæ аразынæн.

Путины барамынды фæдыл Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ катайы ныххаудтой, ома, мыййаг дыууæ бæстæйы ‘хсæн хъарм ахастытæ æвзæрырдæм куы бандавой нæ республикæйыл. Ӕмæ ахæм хъуыдытæ æнæбындур не сты – мах хуызæн чысылнымæц паддзахадтæн, фылдæр хатт, геополитикон тыгъдады стыр ахадындзинад нæ вæййы. Стæй нын æй рагæй фæстæмæ истори дæр хорз равдыста, æууæнк кæй никæуыл ис æмæ ныфс æвæрын дæр кæй никæмæй хъæуы.

Фæлæ ныры уавæры цъиувæдис кæнын та ницы пайда æрхæсдзæнис – мах стæм хæдбар паддзахад æмæ Уæрæсеимæ нæ ахастытæ хъуамæ æнгом кæнæм, Гуырдзыстонмæ æнæкæсгæйæ. Бамбарын хъæуы уый, æмæ кæд  Уæрæсейæн нæ республикæйы территори хæссы стратегион нысаниуæг, уæд Гуырдзыстонæн дæр къаддæр нысаниуæг нæй геополитикæйы.

Уæрæсе кæй архайы Гуырдзыстонимæ хъарм ахастытæ саразынмæ, уый хæраймаг нæу – йæ бынаты æндæр хъомысджын бæстæ дæр афтæ аразид. Уымæн æмæ Гуырдзыстоны территоритæ бахъахъхъæныны сæраппонд, историон æгъдауæй ныккалд бирæ уæрæсейаг хæстонты туг æмæ йæ ныр АИШ-æн не слæвар кæндзысты. Стæй хурныгуылæйнаг бæстæты хъæугæ дæр ницæмæн кæны Гуырдзыстон – æрмæст сæ пайда кæнынц Уæрæсейы ныхмæ. Цæмæй гуырдзиæгтæй «дыккаг Украинæ» ма саразой АИШ, уый тыххæй Уæрæсе дæр архайы æндыгъд уавæр фæкъаддæр кæныныл.

Авиабастдзинад сног кæныны хъуыддагæн, фыццаджыдæр, ис экономикон нысаниуæг. Гуырдзыстоны парламенты йæ байгом кæныныл дзырдтой ацы аз январы мæйы, фæлæ сæ президент Саломе Зурабишвили уæд не сразы сæ хъуыдыйыл. Уымæй уæлдай ма æрсидтис, цæмæй уæрæсейæгтæн фæкъаддæр кæной сæрибарæй уæвыны рæстæг Гуырдзыстоны территорийыл. Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Зурабишвили бынтондæр кæй нæ мæт кæны Гуырдзыстоны цæрджытыл, сæ хъысмæтыл. Алцыдæр аразы, цæмæй гуырдзиæгтæ знаджы цæстæй кæсой Уæрæсемæ. Ӕниу, цы домыс Францы, ома, АИШ-ы æмцæдисоны, æмбæстагæй – президентæй дæр æй уымæн сæвæрдтой, цæмæй сын сæ зианхæссæг политикæ парахат кæна.

Уæрæсейы цæры 200 минæй фылдæр гуырдзиаджы æмæ ацы хъуыддаг, фыццаджыдæр, хорзæрдæм бандавдзæнис уыдоныл. Стæй ма рагæй фæстæмæ уæрæсейæгтæ уарзынц Гуырдзыстоны улæфын æмæ уый дæр баст у экономикæимæ – дзæвгар æхцайы фæрæзтæ сæ хауы къазнамæ.  400 милуан доллары бæрц азы дæргъы пайда хæсдзæнис Гуырдзыстонæн æрмæст авиабастдзинад.

Ӕппæт ацы процесстыл махæн нæ бон нæу бандавын, исты фæивын. Рæстæг куыд цæуы, афтæ сыхаг бæстæты ахастытæ дæр ивынц – уымæн æндæр гæнæн нæй. Хуссар Ирыстоны та хъæуы йæхи фæндагыл цæуын, йæхи политикон æмæ экономикон фарстатæ скъуыддзаг кæнын. Архайын хъæуы, цæмæй нæ адæмы бæллиц сæххæст уа, ома, дыууæ Ирыстоны баиу уой. Ӕмæ нын уыцы хъуыддаджы авиабастдзинад ницы цæлхдуртæ æвæры нæ разы. Нæ рухс сомбоныл нæхæдæг куы нæ архайæм, уæд нын æй йæ армы ничи æрхæсдзæнис. Алчидæр йæхи гуылы бын æндзары.

ДЖИОТЫ Алыксандр 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.