Ныгуылæны бæстæты фашизм ногæй йæ сæр кæй сдардта, уымæн махæй алчидæр æвдисæн у. Ахæм фæзындмæ уазал цæстæй куы фæкæсынц адæмтæ, уæд Гитлеры хуызæн неонацисттæ туджы зæйты бын фæкæнынц æнæаххос адæмты. Иуæй æххæст уырнгæ дæр нæ кæны адæймаджы ныгуылæны бæстæтæ кæй æрбайрох кодтой, уал азы уацары кæй уыдысты æмæ сæ сæрсæфæнмæ чи æркодта, куыдзы бæлæгъæй сын чи дардта, уыцы фашизм. Рох сæ нæу, фæлæ стыр куыдзы цур къæбылайæн цы йæ бон у. Мыййаг нæм АИШ уазал цæстæй куы ракæса, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, сæхимидæг хъыс-хъысгæнгæ сæ къудитæ сæ быны акодтой æмæ æндзыгæй хъусынц сæ бодзмæ. Бодз та кæфхъуындарæй хъауджыдæр нæу, адæмты, бæстæты ныхъхъуыры æмæ йын тайынц.

Англисы премьер-министр Черчилл йæ мысинæгты фыста, зæгъгæ, мах Рузвельтимæ арæх æмбæлдыстæм Сталиныл, æмæ цыма хæлæрттæ дæр систæм, фæлæ-иу нæ уый уæддæр империалисттæ хуыдта. Польшæйæ рацæуæг америкæйаг идеолог Бзежинский афтæ амыдта, зæгъгæ, мах аразын хъæуы афтæ, цæмæй Уæрæсе ныддихтæ уа губернитыл, уæд махæн æнцондæр уыдзæн сæ басæттын. Уæдæ ма империалисттыл æндæр сыкъатæ вæййы?! Раст уыд Сталин, сæ авналæнтæ сын дзæбæх зыдта.

Æниу Бзежинский цы, АИШ ахæм идеологийыл рагæй хæст у, искæй тугкалд æмæ исбонæй цæрын уарзы, бирæгъ йæ кæнон никуы уадзы. Искæцы паддзахады сæргълæууæг ын табу куы нæ кæна, уæд бецау йæ сæр кæны, – теракттæ, хуызджын революцитæ йæ уæлхъус  æрбалæудзысты. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, цалдæр азы размæ АИШ-ы чи ахуыр кодта, уыцы Гувайдойы куы æрвыстой Венесуэлæмæ, раппарут уæхи æв-зæрст президенты, зæгъгæ. Фæлæ уыцы адæм зондджын разындысты æмæ сын сæ хъуымызбыл æмæ «бæллиццаг хуын» æввахс не ‘рбауагътой. Æниу Ирак, Югослави, Ливи, Сири, Афганистан, Вьетнам æмæ бирæ æндæр рæтты дæр тугкалæн митæ чи фæцарæзта? Чи, чи æмæ АИШ.

Англосакстæ цæрæнбонты хæлæг кæнынц Уæрæсемæ, дунейы æппæты стырдæр бæстæмæ, алцæмæй дæр хъæздыг кæй у, уымæ хауынц сæ цæстытæ. Йæ рæстæджы Тэтчер уымæн дзырдта, Уæрæсемæ уыйбæрц зæхх цæмæн хъуамæ уа, ома, дзы байсын хъæуы. Уымæ гæсгæ сæ быцъынæг æскъуынынц, цæмæй йын смаст кæной, баирвæзой йæ хъæздыгдзинæдтæм. НАТО-мæ исынц, Уæрæсемæ хæстæг цы бæстæтæ ис, уыдон, цæмæй йæ бацъист кæной – æнцондæр сын уыдзæн йемæ тох кæнын. Америкæйæн æхцондзинад хæссы, Украинæйы нацистон идеалоги кæй ауæрæх уый, æссы кодта Уæрæсейы ныхмæ, искæй къухæй сæм сындз тонын хорзау кæсы. Ацы æнамонд бæстæйæн доллартæ калдтой æмæ сæ бодзтæ адæмы æрра кодтой, цыдæриддæр бæллæхтæ æрцыд сæ историйы, уыдон сæвæрдтой Уæрæсейыл, рæзгæ фæлтæрæн æй æнæуынон кодтой. Уартæ æртынæм азты хусрæстæджы хойраг æвзæр æрзады аххосæй милуантæ куы амардысты уый дæр Уæрæсейы рагъы баппæрстой.

Фашизмы свастикæ сын эмблемæ æсси, Бандерæ æмæ Шухевичы хуызæн уæйгæнджытæ сæхи адæмы цагътой, æххуыс кодтой фашистон æфсадæн се ‘мбæстæгты куынæгкæнынæн. Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Донбассы мардтой сабиты, сылгоймæгты, калдтой æрыгон фæсивæды шахты шурфыты удæгасæй. Уырыссаг фыссæг А. Фадеев уыцы æбуалгъ хъуыддæгты ныффыста  роман «Æрыгон гварди» æмæ йыл нырыккон Украинæ къæйдур ныффæлдæхта.

Киевы майданы 2014 азы бандераг фæдонтæ мардтой милицийы кусджыты,  сарæзтой паддзахадон фæфæлдæхт. Уыцы тугкалд æмæ æнæраст хъуыддæгтыл Донбассы цæрæг адæм разы нæ уыдысты æмæ сыл майдан аразджытæ хæстæй рацыдысты, се ‘хсæн райтынг мидæггагон хæст æмæ Уæрæсейы бахъуыд йе ‘мбæстæгтæн баххуысы сæр. Ацы цаутæ иууылдæр уыдысты АИШ-ы арæзт сценаримæ гæсгæ. Уымæн сæм сарæх сты америкаг бæрнон кусджытæ. Уыдон сæм ардыгай цыдысты Киевмæ æмæ майданы лæгмартыл тыхстысты, сæ къухтæ сын истой арфæтæгæнгæ.

Стыр хъыгагæн, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Украинæйы æмбæстæгтæй фашистыты къухæй чи фæмард, йæ сæр нывондæн чи æрхаста Райгуырæн бæстæйы тыххæй, уыдоныл цъыф бакалдтой. Бандерæ æмæ уый хуызæттæ та абон систы национ хъайтартæ.

Донбассы уавæр, æвæццæгæн, махмæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, тынгдæр уымæн бахъардта мах дæр уыдыстæм ахæм уавæры. Фæлæ Стыр Уæрæсе нæ фарсмæ æрбалæууыд æмæ Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» аразынмæ чи хъавыд, уыцы сырды дзæмбытæй нæ адæмы фервæзын кодта.

Ныртæккæ нæ фæсивæдæй контрактмæ гæсгæ чи службæ кодта, уыдон æдтейæ ма не ‘мбæстæгтæй бирæтæ бархийæ цæуынц Уæрæсейы æфсадæн æххуыс кæнынмæ, цæмæй нацистон хъузонтæ дæрæн æрцæуой æмæ сын уый æнтысгæ дæр кæны. Хæст налат у, нæ хæстонтæй бирæтæ сæ цард радтой се стыр Райгуырæн бæстæйы тыххæй Донбассы зæххыл хæцгæйæ. Уæззау хъуыддаг у уый, фæлæ бахъуыды рæстæджы махæн дæр Уæ-рæсе нæ фарсмæ æрбалæууыд, сæ цард радтой нæ бæстæйы сæраппонд Уæрæсейы хæстонтæй бирæтæ, уыдоны ‘хсæн Ветчинов, Гиталов, Цинько æмæ æндæртæ. Дзырд ыл нæй, хъуамæ кæрæдзимæ лæууæм æнгом.

Стыр Фыдыбæстæйон хæстау ацы хæст дæр хъуамæ уа адæмон, уæм æмзонд, иу хъуыдыйыл баст æмæ уæд уыдзыстæм æнæсæттон, тыхджын. Чехаг фыссæг-журналист Юлиус Фучик мæнгæй нæ сидт адæммæ, цæмæй тæрсой ахæм адæймæгтæй, кæцытæ хъуыддагмæ уазал цæстæй кæсынц, уымæн æмæ уыдон аххосæй царды æрцæуы иууыл тæссагдæр æбуалгъ хъуыддæгтæ, ут, зæгъгæ, цырддзаст.

Дæнцæгæн дардмæ цæуын нæ хъæуы. Уæдæ Горбачевы уæлфадыл цы гал лæууыд «Варшавский договор» кæй хуыдтой, уый фехæлдæй. Стæй цы сæрæй хъуыды кодта, НАТО, куынæ фехæлд, цымæ йын уый ницæуыл дзурæг уыд? Кæнæ ГДР æмæ ФРГ-йы æхсæн цы сис уыд, уый цæмæн æрцыд хæлд. Уыцы сис аразджытæ зондæй архайдтой, цæмæй фашистон Герман фæдих æрцыдаид, макуыуал сфæлхатт кæна схæцын Европæйы бæс-тæтыл, Советон Цæдисыл. Стæй хæцæнгæрзтæй, танктæ цы зондæй æрцыдысты куынæг АИШ æмæ НАТО-йы бæстæтæ сæм куы нæ февнæлдтой, уæд? Æрæджы Германы канцлер Шольц сæрыстырæй, Гитлерау йæ къухтæ тилгæйæ, уымæн дзырдта: архайдзыстæм æппæт амæлттæй дæр, цæмæй Германы æфсад уа хъомысджын. Цы у уый, кæд æртхъирæн нæу, уæд?

Æстай азы нæма рацыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы фæци, уæдæй æмæ та райдыдта ног хæст, уымæн æмæ империалистты афтæ фæнды, искæй тугкалд сын бæрæгбонау у. Уæрæсе сын стыр хæндыг у æмæ хæндыгмæ та мыст æмхиц вæййы.

Ноджы фыддæр, разынд Ельцин. Йæхи бæстæйы адæммæ нæ, фæлæ АИШ-ы æмæ хурныгуылæн бæстæтæм йе ‘ргом аздæхта. Афтæмæй уыдон бæллицц та уыд Советон Цæдисы ныппырх, ныммургай кæнын, цæмæй сын бæрæг фенцондæр уа бæстæйы сæ дæлбар бакæнын. Уыцы хъуыддагæн феххуыс Ельцины авантюрон, æнæсæрфат ми. Райста æмæ Белорусийы хъæды «Беловежская пуща» кæй хонынц, уырдæм фæсидт Украинæйы уæды разамонæг Кравчук æмæ Белорусы лидер Шушкевичмæ. Ацы æртæйы æхсæн скъуыддзаг æрцыд Советон Цæдисы уæвынад. Кæд цалдæр цæдисон республи-кæйы нæ фæндыд ахицæн уæвын, уæддæр уыдон ничиуал бафарста. Мæ зæрдыл ма лæууы, ацы гадзрахат уæрсты фæстæ Кравчукы цымыдис, Хъырым дæр Украинæйы сконды баззайдзæн, æви раздæрау ахаудзæн Уæрæсемæ. Райдианы дызæрдыг кодта, фæлæ фæстагмæ Ельцинмæ бацыд æмæ йæ бафарста:

– Хъырым та кæй уыдзæн?

– Оставь себе, – уыди Ельцины дзуапп.

Цыма Хъырымы адæм нæ, фæлæ карчы цъиутæ уыд, никæй бафарста, афтæмæй иудзырдæй алыг кодта милуанты хъысмæт. Уæрæсейы сæргълæууæг ма хъуамæ зыдтаид, Сау денджызæн цы стратегион нысаниуæг ис? Украинæ æмæ Беларус славяйнаг адæмтæ сты æмæ уыдон Уæрæсейæ ахицæн кæнын уыд егъау рæдыд. Уæрæсейы историйы уартæ Грозный Иванæй райдай, дарддæр, Петр I, Екатеринæ II æмæ æндæртæ архайдтой сæ бæстæйы рауæрæхдæрыл. Уыцы хъуыддаджы æппæты фылдæр æнтыстытæ уыд Советон хицауадæн.

Абон æй империалистон бæстæтæ, хъавынц нынныхъуырынмæ, æрвитынц алыгъуызон хæцæнгæрзтæ Украинæмæ, сæ инструктортæ сæ ахуыр кæнынц марын кассетон бамбæтæй, цайдагъ сæ кæнынц терракттæ аразын, æрвитынц сæм бархион лæгмарты, æргомæй дзурынц сæ хицауады бæрнон кусджытæ, хъуамæ ацы хæсты Уæрæсе фембылд уа, зæгъгæ, æмæ мæлынц иу æрдыгæй æмæ иннæрдыгæй дæр дзæвгар хæстонтæ, сабыр æнæаххос цæрджытæ. Æппæт уыдæттæ сты хъулонсæр Горбачев æмæ нозтылдзу Ельцины æнæсæрфат миты аххосæй.

Хицауады сæргълæудмæ æнæкомпетентон, комкоммæ цыбырзонд удгоймæгтæ куы баивæрзынц, уæд знагæн бæрæг фенцондæр вæййы сæ фæсайын æмæ уый æркæны уæззау трагедитæм. Абон мах уый нæхи цæстæй уынæм.

 КОЗАТЫ Павел

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.