Хуссар Ирыстоны Базарадон минæварады сæргълæууæг Гогинов Таймураз куыд хъусын кæны, афтæмæй Ленингоры бæгæныфыцæн заводы продукци райста æртæ сыгъзæрин майданы Сочийы цæуæг æхсæнадæмон равдыст «Бæгæны-2024»-йы.

«Мах рамбылдтам æртæ сыгъзæрин майданы. Ацы аз Æхсæнадæмон форум «Бæгæны-2024»-мæ фыццаг хатт бавдыстам нæ продукци. Бæрзондхæххон Хъелы бæгæныфыцæн заводы продукцимæ тынг цымыдис кодтой дистребьютортæ. Уæрæсейы регионтæй бирæтæ райстой хайад ацы фæзуаты. Нæ продукци нын чидæриддæр сдегустаци кодта, уыдонæй алкæйы зæрдæмæ дæр фæцыд. Абхазы дистебьюторон кампани равдыста йæ цымыдис нæ продукцимæ. Уый фæстиуæгæн тагъд Абхазы Республикæйы базарадон тæрхджытыл фæзындзæн Ленингоры бæгæныфыцæн заводы продукци», – зæгъы Гогинов Таймураз.

Базарадон минæварады сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй ма фембæлдысты Уæрæсейы хицæн субъектты базарады минæварадты минæвæрттимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ равдыст бабæрæг кодтой æртæ минæй фылдæр адæймаджы – алыгъуызон æмвæзады профессионалтæ, бизнесментæ, кæцыты цымыдис кодта нæ республикæйы потенциал æмæ æрдзон ресурстæ. Бирæты цымыдис кодта, Хуссар Ирыстон туристтæ райсынмæ куыд цæттæ у, уазæгдæттæ цы æмвæзадыл сты. Цымыдис ма сæ кодта, цахæм зынаргъ дурты мыггæгты фæсауæрцтæ ис Хуссар Ирыстоны æмæ республикæйы хъалонты фæдыл информаци.

Æхсæнадæмон равдыстытæм хуынд кæй цæуынц Хуссар Ирыстоны амалиуæггæнджытæ, уый æхсызгондзинад хæссы алкæмæн дæр. Фæлæ уæлдай тынгдæр та нæ зæрдæтæ барухс вæййынц, хорз æнтыст сын куы вæййы, уæд.

Уазæгты Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.