Абон зын рæстæг у. Адæм сты тарст, сæтты сæ ныфс, сæ фидæнмæ кæсынц дызæрдыг цæстæй.
Ахæм уавæрты цы кусы абон Фысджыты цæдис, куыд сыл фæзынд ныры дуг æмæ сæм цавæр фæндтæ ис, уый фæдыл нæ уацхæссæг ныхас кæны Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, филологон зонæдты кандидат Хозиты Барисимæ.

– Барис, нырма кусын æрæджы райдыдтай æмæ мын, гæнæн ис, бирæ фарстытæн дзуапп нæ ратдзынæ, фæлæ дын сфæлдыстадон куыст æцæгæлон нæу. Цæдисы архайдæн йæ алы фæзилæн дæр зоныс. Цы ныфс æмæ фæндтимæ æрбацыдтæ ацы бæрнон куыстмæ?

– Куыд зонæм, афтæмæй æз цалдæр азы уыдтæн цæдисы правленийы уæнг æмæ активонæй архайдтон литературон царды. Ныртæккæ дæр кусын ЦИПУ-йы ахуыргæнæгæй. Уым бирæ сфæлдыстадон фæсивæдимæ æмбæлын. Куы фенын курдиатджын адæймаг, уæд мæ бон цас вæййы, уымæй йын æххуыс кæнын. Æмæ ахæмтæ бирæ сты. Кæмæн æххуыс кодтон, уыдонæй Фысджыты цæдисы уæнгтæ систы Баситы Зæлинæ, Касаты Аслан, Битеты Фатимæ, Гасанты Валери, Аслæмырзæты Дзерассæ… Адон сты курдиатджын фæсивæд. Кæмæндæрты дзы сæ чингуытæн разныхастæ дæр ныффыстон цæстуарзонæй. Чидæртæ ма дзы систы Хъамбердиаты Мысосты номыл премийы лауреаттæ дæр. Вæййы афтæ, æмæ æрыгон адæймагмæ курдиат вæййы, фæлæ æфсæрмы фæкæны. Ахæмтæн æххуыс кæнын хъæуы. Ды йын ныфс æмæ фæндаг радт, дарддæр йæхи куыд равдиса, уый та йæхицæй аразгæ у.  Кæддæр Нафи загъта: «Иунæг радзырд кæнæ æмдзæвгæ дæр иронау чи ныффысса, уыдонæн æххуыс кæнын хъæуы». Фидæны мæ сæйраг нысан у сфæлдыстадон фæсивæдимæ æнгомдæр архайын. Цæдисы сын ис хицæн секци, разамынд ын дæтты поэт Касаты Батрадз. Раздæр азты бынтон бирæ уыдысты литературон фæсивæд. Зæгъæм, æрмæст мæ фæлтæрæй уыдысты Колыты Витали, Скъодтаты Эльбрус, Хадыхъаты Фатимæ, Дыгъуызты Тенгиз, Джусойты Марат æмæ æндæртæ.  Темыраты Давид уæд сарæзта æрыгон фысджыты секци, арæзтой алыхуызон конкурстæ. Уæлахиздзаутæ-иу æрвыст æрцыдысты чи Мæскуымæ ахуырмæ, чи нæхи университетмæ. Мæ зæрды ис уыцы традици сног кæнын. Уымæн æмæ йын стыр ахадындзинад ис.

Мæ иннæ фæнд у, азтæ кæуыл рацыди, фæлæ цæйдæр кæнæ кæйдæр аххосæй чи баззад, уыдоны Цæдисмæ райсын. Зæгъæм, Рæмонты Георы, Косты Лизæйы æмæ Æгъуызарты Таймуразы. Уыдоны хуызæн хæдæфсарм адæймæгтæ сæ уæздандзинады аххосæй иуварс баззадысты. Ахæм курдиатджын æмæ æгъдауджын адæм цас фылдæр уа Цæдисы, уыййас не ‘нтыстытæ уыдзысты фылдæр.

– Куыд хъуыды кæныс, ацы тыхст заман ма культурæ, аивад, литературæйыл дзурæн ис æви нæ гæрзтæ æрæвæрæм?

– Куы ахъуыды кæнæм, уæд бирæ тыхстаг фарстатæ сæвзæры нæ разы. Уый нæ дыууæ азы ковидæй тæрсын кæнгæйæ, фыдудæй амардтой, стæй — санкцитæ, æртыккаг аз та цæуы хæст. Фæстаг азты цас фæлварæнтæн бабыхстам. Фæлæ уæддæр архайын хъæуы. Ахъуыды ма кæнæм, махæй фыддæр уавæры чи уыд, уыдоныл. Хæсты судзгæ арты сæ хуыздæр уацмыстæ ныффыстой нæ зындгонд фысджытæ: Калоты Хазби, Елехъоты Мурат, Кочысаты Мухарбег, Цæгæраты Максим, Цырыхаты Михал æмæ иннæтæ. Иу æхсайæ фылдæр уыдысты, сæ фылдæр баззад хæсты быдыры. Уæдæ акъоппыты æмæ танкты чи фыста йæ уацмыстæ, уыдонæн махæй хуыздæр фадæттæ уыдис? Ныртæккæ дæр уавæр хорз нæу æмæ дзырдаивад хъуамæ адæмæн хæсса ныфс æмæ удæнцой, цæмæй зындзинæдты сæрты хизой. Сфæлдыстадон кусæгæй бирæ аразгæ у адæмы зæрдæйыуаг. Зондджын адæм афтæ фæзæгъынц, фысджытæ, дам, сты адæмы цæсгом. Уæдæ кæд афтæ у, уæд мах хъуамæ уæм раздзог æмæ ныфсы хос нæ чиныгкæсæгæн.

– Цалдæр азы размæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдистæ æмгуыст кæнын райдыдтой. Кæд официалон æгъдауæй иу нæ уыдысты, уæддæр куыст рæвдз ацыд. Кæрæдзийæн æххуыс кодтой, иумæйаг мадзæлттæ арæзтой… Сæ сæрдартæ Ходы Камал æмæ Хъазиты Мелитон дæр æмсæрдартæ хуындысты. Фæлæ фæстаг рæстæг уыцы иумæйаг архайд бамынæг. Йæ аххосаг цæй мидæг ис?

– Бæргæ иу Ирыстон, иу адæм стæм, фæлæ нын, хъыгагæн, официалон æгъдауæй иу цæдис скæнæн нæй, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон æндæр паддзахадыл нымад у. Цæмæй официалон æгъдауæй баиу уæм, уый тыххæй уыдон дæр хъуамæ бацæуой Уæрæсейы Фысджыты цæдисмæ. Æз бацархаин уыдоны райсыныл, фæлæ уымæн дæр, мæнмæ гæсгæ, уæвæн нæй. Паддзахад хуыйны, æмæ сын афтæ ничи зæгъдзæн, уæ фысджытæ кæм сты. Ам хуыздæр у æнæуый æмгуыстад кæнын, иумæйаг мадзæлттæ аразын, кæнæ исты иумæйаг æхсæнад саразын… Мæ зæрды ис ацы æввахс рæстæг Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнгтимæ фембæлын. Хъуамæ кæрæдзимæ байхъусæм, нæ иумæйаг хъуыддæгтыл ауынаффæ кæнæм.

– Раздæр Фысджыты цæдисмæ бахауын стыр кады хъуыддаг уыд, ноджы кадджындæр – Къостайы номыл преми райсын. Фæлæ сæ цымæ æгæр парахатæй уарын нæ райдыдтой. Цæдисы ахæм нæмттæ фехъусдзынæ æмæ цы аразæг сты, уый бæрæг нæй. Уæдæ премийæн та, иронау зонгæ дæр чи нæ кæны, уыдон уынаффæгæнæг цæмæн систы?

– Цæдисы бирæ ис, зындгонд чи нæ у, ахæмтæ дæр. Фæлæ уыдон алыхатт Ирыс-тоны цæрджытæ нæ вæййынц.  Зæгъæм, не ‘мзæххонтæй бирæтæ Мæскуыйы кæнæ Уæрæсейы æндæр регионты цæдистæм бацæуынц, уырыссагау фыссынц, стæй Ирыстонмæ куы æрыздæхынц, уæд сæхи ам цæдисы регистраци скæнынц. Æнæуый та, закъонмæ гæсгæ, алы фондз – дæс азы ног фæлтæр исын хъæуы. Камалы рæстæджы иу хатт цæдисмæ райстой 17 адæймаджы. Уыдоны ‘хсæн уыдысты курдиатджын фыс-джытæ: Дауырæ, Дзабайты Таисæ, Соттиты Риммæ, Будайты Милуся æмæ æндæртæ. Уыдоны се ‘ппæты дæр райстой æрæджиау, азтæ сыл куы рацыди, уæд. Ныртæккæ дæр цæттæ кæнæм, чи байрæджы кодта, ахæм цалдæры гæххæттытæ. Нырæй фæстæмæ та архайдзынæн, цæмæй æрыгон фысджытæ рæстæгыл ист цæуой, стæй сын сæ чингуытæ рæстæгыл уадзой. Кæмæндæр йæ курдиат раздæр райхæлы, кæмæндæр – фæстæдæр, æмæ цæдисы разамындмæ хъуамæ уа быхсондзинад. Цæдисы уæнг уæвын ма æххуыс у чиныг рауадзыны хъуыддаджы дæр. Зæгъæм, Мæскуыйы ахæм рауагъдадтæ ис, æмæ цæдисы уæнгтæм хуыздæр цæстæй кæсынц, сæ чингуытæ рауадзыныл сын бацархайынц.

Къостайы номыл премийы тыххæй та дын зæгъдзынæн уый æмæ дзы аивад æмæ литературæйæн ис иу къамис. Уый раст нæу. Афтæ йæ скæнын хъæуы, цæмæй аивады кусджытæн уа хицæн къамис, литературæйы уæттæн – хицæн къамис. Уæд уыдонæй алчидæр йæ размæ æвæрд хæс хуыздæр æмбарид æмæ дзы ахæм зæрдæхудтытæ нæ уаид. Æмбырд ма нæм куы уа, уæд, уыцы паддзахадон къамисы устав аивыны тых-хæй, нæ фæндон фехъусын кæндзыстæм. Кæд нæм байхъусой, уæд хорз. Аивадæн йæхи къамис, йæхи сæрдаримæ, литературæйæн – йæхи.

 – Нæуæдзæм азтæй фæстæмæ нæм би-рæ алыхуызон æхсæнадтæ æмæ центртæ фæзынд. Алчидæр сæ митæй мæсгуытæ самайы æмæ та сæ риутæ хойгæ рæстæджы фæлмы аныгъуылынц, нæ цард та хуыздæр ницæмæй кæны.  Цалдæр азы размæ нæм Къостайы номыл цы ног национ-наукон культурон центр фæзынд, уый уæнг дæ ды дæр. Цы у уæ куыст?

– Ахæм æхсæнад бакæнын рагæй хъуыд. Къостаимæ баст алы хъуыддаг дæр махæн у кувæндоны хуызæн. Кæй фæзынд, уый у хорз хъуыддаг. Йæ сæрдар у зындгонд ахуыргонд Æлборты Иван, стæй дзы  бирæ ис патриотон зондыл хæст адæм. Цæмæн хъуыд ацы æхсæнады сæр? Хъыгагæн, Къостайы æрмæстдæр æрæмысынц, йæ гуырæн бон куы вæййы, уæд. Æхсæнад йæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдон сты æвзаджы, литературæйы, культурæйы, аивады фарстатæ, нæ чиныджы уавæр. Аразæм алыхуызон мадзæлттæ, фембæлдтытæ ацы фарстаты фæдыл. Зæгъæм, ацы мæй сарæзтам Къостайы тыххæй бирæ алыхуызон фембæлдтытæ Мæздæджы, Беслæны, Лабæйы, Горæтгæрон районы…  Ацы куыст цæуы дарддæр. Æхсæнады уæнг, зындгонд меценат, Лалыты Левæ та Къостайæн дыууæ Ирыстоны сæвæрдта авд бюсты. Иу та дзы арвыста Хъырыммæ æмæ æвæрд æрцæудзæн уым. Мæхи тыххæй куы зæгъон, уæд иу фондз азы размæ Къостайы чиныг рауадзын кодтон æртæ æвзагыл: иронау, уырыссагау æмæ французагау. Уый размæ кæд Къостайæн иугай æмдзæвгæтæ цыди æндæр æвзæгтыл, уæд ныр та рацæудзæн æнæхъæн чиныг авайраг æмæ цæцæйнаг æвзæгтыл. Уымæй уæлдай ма профессор Дреты Жаннæ «Ирон фæндыр» рауадздзæн немыцаг æвзагыл. Йæ рæстæджы йæ англисаг æмæ индиаг æвзæгтыл рауагъта Гуыриаты Тамерлан. Фæстæдæр бацархайдзыстæм, цæмæй рацæуа адыгейаг, кæсгон, мæхъæлон, хъæрæсейаг, балхъайраг æвзæгтыл. Уый ирон адæмæн у стыр кад. Афтæ алы адæймаг дæр хъуамæ араза, йæ бон цы у, уый. Æппæт ацы хъуыддæгты ахадгæ куыст кæны Къостайы номыл æхсæнад.

– Ацы азы юбилейты тыххæй та цы уæ зæрды ис?

– Мах сарæзтам сæрмагонд пълан нæ куыстæн. Ацы аз фысджытæй кæйдæрты юбилейтæ аивгъуыдтой, фæлæ ма азы кæронмæ бæрæг кæндзыстæм Хетæгкаты Къостайы, Мамсыраты Дæбейы, Хъамбердиаты Мысосты, Айларты Чермены, Темыраты Давиды, Айларты Измаилы, Кокайты Тотрадзы, Скъодтаты Эльбрусы, Джусойты Мараты, Хохойты Энверы, Дыгъуызты Тенгизы æмæ æндæрты юбилейтæ. Се ‘ппæт Дзæуджыхъæуы нæ бæрæг кæндзыстæм, фæлæ дзы чи кæм райгуырд, уыцы хъæуты. Уый ма хорз уымæй у, æмæ хъæуты дæр литературон цард цырен кæны.  Дзæуджыхъæуы куы аразæм, уæд та баныхас кæнæм библиотекæты разамындимæ æмæ сæ уым скæнæм. Ахæм мадзæлтты нын хорз æххуыс кæнынц библиотекæты кусджытæ Бибуаты Иринæ, Мурасты Риммæ, Царахаты Ритæ… Фысджытимæ иумæ, æнæмæнг, архайдзысты Къостайы номыл æхсæнады уæнгтæ дæр. Ныртæккæ уæззау уавæртæ ис, æмæ нын æнæ кæрæдзи æххуысæй фæзын уыдзæн.

– Фысджыты цæдис дæр æмæ нæ мыхуыры органтæ дæр рагæй фæстæмæ æмгуыст кæнынц сыхаг республикæтимæ. Иумæйаг фембæлдтытæ аразынц, кæрæдзи уацмыстæй сæрмагонд номыртæ уадзынц. Уыцы традици адарддæр кæнынмæ хъавыс?

– Мах архайæм ууыл, цæмæй нын нæ сыхаг республикæтимæ уа æнгом, сфæлдыстадон бастдзинæдтæ. Зæгъæм, æрæджы уыдыстæм Пятигорскы æмæ дзы сарæзтам иумæйаг æмбырд. Уым, куыд баныхас кодтам, афтæмæй хъуамæ саразæм, Цæгат Кавкаказы федералон зылды Фысджыты цæдисты иумæйаг ассоциаци, цæмæй кæрæдзи хуыздæр базонæм, æмгуыст кæнæм. Зæгъæм, æрæджы Скъодтаты Эльбрус æмæ Тъехты Тамерланимæ уыдыстæм кæсгон поэзийы бындурæвæрæг Бекмурза Пачевы 165 азы юбилейон бæрæгбоны.

Кæсæг-Балхъаримæ нын ис хорз ахастдзинæдтæ. Сæ журналты цалдæр хатты рауагътой нæ уацмыстæ тæлмацгондæй, мах та – уыдоны. Æрæджы нын рауагътой нæ æрыгон фысджыты уацмыстæ журнал «Литературная Кабардино-Балкария»-йы балхъайраг æвзагыл æмæ базонгæ сты нæ фæсивæды сфæлдыстадимæ. Кæсгон æвзагыл тагъд рацæудзысты ирон фысджыты уацмыстæ. Уыдоны уацмыстæ та рацыдысты нæ журналтæ «Мах дуг» æмæ «Ирæф»-ы. Рауагътой балхъайраг æвзагыл антологи æмæ, зæгъæн ис, фылдæр хай у мах тыххæй. Райдай Къостайæ æмæ фæу абоны онг. Разныхас ын ныффыстой республикæйы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ ахуыргонд Мæхæмæтты Ахуырбег. Æрæджы, балхъайраг зындгонд фыссæг Керим Отаровы мæлæтыл 50 азы сæххæсты бонмæ йын нæ фысджытæ йæ уацмыстæ ратæлмац кодтой æмæ сæ хицæн чингуытæй рауагътой ирон æмæ дыгурон æвзæгтæм. Ахæм сфæлдыстадон бастдзинæдтæ нын ис Кавказы иннæ республикæтимæ дæр.

– Бузныг, Барис! Цæдис ирон адæмы иугæнæг цы фæуа, ахæм арфæ нын Хуыцау ракæнæд!

                                                                       Ныхас кодта

                                                                     ДЖУСОЙТЫ Нинæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.