28 февралæй 7 мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис цыппар фæндагон-транспортон цауы. Иу аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 322 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 7 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

2 марты оперативон информацийы фæдыл Дзауы районы Уанелы хъæуы милицийы кусджытæ баурæдтой автомашинæ «Mersedes-Benz», кæцыйы шофыр разынд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы 32-аздзыд цæрæг. Басгæрсты рæстæджы бæлццоны – Къостайыхъæуы 28-аздзыд цæрæджы дзыппы, ссардтой 8 капсулæйы медицинон препарат «Лирика», кæцыты иумийаг уæз уыд 3,2 граммы бæрц. Уымæй уæлдай ма шофыр æмæ бæлццонмæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ, фæлæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ.

2 марты рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта горæттаг 48-аздзыд цæрæг, кæцы йæ хæдзары уæвгæйæ фæулæфыд сыгъдхъæстæ газ.

3 марты барадхъахъхъæнæг органтæм фехъусын кодта Ленингоры районы Ларгвисы хъæуы 66-аздзыд цæрæг, зæгъгæ мæм хæдзары ис æнæрегистрацигонд цуанон æхсæнгарз æмæ мæ барвæндæй йæ раттын фæнды.

Горæт Цхинвалы милицийы хайады кусджытæ баурæдтой 32-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ рейдон мадзæлтты рæстæджы баурæдтой автомашинæ «ВАЗ-2107», кæцыйы шофыр разынд Таджикистаны 29 аздзыд æмбæстаг, кæцы рæстæгмæ цæры горæт Цхинвалы. Басгæрсты рæстæджы шофыры дзыппы ссардтой полиэтиленæй конд пакет, кæцыйы мидæг разынд, дымгæ кæй нæ кæнынц, ахæм тамако «Насвай».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.