Æрмæст йæ иу скойæ дæр адæймаджы зæрдæ кæмæй бахъæлдзæг вæййы, хуры тавсау нæ йæ уынд æмæ зæрдæйы ахастæй чи барæвдауы, уый сылгоймаг у. Æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц, сылгоймаг царддæттæг, амондхæссæг кæй у. А-дунейы царды цы раппæлинаг миниуджытæ ис, уыдон фылдæргæнæг æмæ дарддæргæнæг нæ уæздан сылгоймæгтæ сты. Царды уидæгтæ кæмæй рантысынц, æппæт хорздзинæдтæ зæххыл чи тауы æмæ хъахъхъæны, уый мад у. Куы ахъуыды кæнæм æмæ нæ цæст куы ахæссæм ныййарæг мады æдзухон архайд æмæ фыдæбоныл, уæд дис дæр фæкæнæм, куыд фæразы æмæ куыд æххæссы æппæт уыцы хорздзинæдтæ фæлдисыныл. Уымæн  свæййы йæ ном кад æмæ номы аккаг, уымæн свæййы фæлтæртæн табуйаг.

Мад схъомыл кæны зæнæг, уыдон та вæййынц хотæ æмæ æфсымæртæ æмæ сæ уынд æмæ кондæй йæ зæрдæ кæддæриддæр буц вæййы. Фæфæнды йæ, йæ уд фæхъары, цæмæй се ‘ппæт дæр царды раст фæндагыл лæуд уой, æдзухдæр сын кæса æмæ уына сæ хорздзинæдтæ. Ныййарæгæн йæ хъæбул алы хатт дæр къаннæг вæййы, ома йæм сывæллонау дары уарзæгой ахаст, цин ын кæны йæ циныл, йæ къуыхцыдзинадыл та йын мæт фæкæны, æхсæв ын хуыссæг дæр нал вæййы.

Фæзæгъынц, мады лæггад ничи бафиддзæн. Уый, фыццаджыдæр, дзурæг у, йæ лæггад æгæрон кæй у хъæбулы раз æмæ йын ницæимæ ис абарæн. Афтæ у, цыфæнды тых æмæ хъару куы хардз кæна,  уæддæр ницы хуызы бафтдзæн йæ къухты уыцы æгæрон лæггад бафидын. Фæлæ хъæбул куы æххæст кæна æппæт хорздзинæдтæ йæ разы, царды циндзинæдтæй йæ куы хайджын кæна, æрмæстдæр ныййарæг уый нымайдзæн æххæст лæггадыл.

Нæлгоймаджы æнцой чи балæууы, йæ къух ын чи рогдæр кæны царды алыгъуызон фарстатæ скъуыддзаг кæныны, уый сылгоймаг у. Акæсæм ма, уый кæны зæххы куыст æмæ йæ фæрцы нæ фынг вæййы дзаджджын. Уый нæлгоймæгты æмрæнхъ йæ хæрзиуæгон хайбавæрд хæссы царды алы фадгуыты æмæ дзы стæм буц. О, сылгоймаджы сæйраг хæс у сабыр царды фæллой кæнын æмæ архайын. Фæлæ куы бахъæуы райгуырæн уæзæг хъахъхъæнын, уæд нæ фæлæудзæн фæстæ æмæ нæлгоймæгты æмрæнхъ  нæ зæхмæ æрхæссы сабырад. Ахæм ирон хъæбатыр сылгоймæгты нæмттæ ивгъуыдæй абоны бонмæ дзæвгар сты æмæ сæ хъуыды кæнынц фæлтæртæ.

Сылгоймаджы кадджын номы тыххæй бирæ зындгонд адæймæгтæ загътой сæ хъуыдытæ. Поэттæ йыл снывæcтой сæ зæрдæмæхъаргæ æмæ аив рæнхъытæ, композитортæй рантыст музыкæйы æхцон зæлтæ æмæ сæ æххæст кæнынц нæ зындгонд зарæггæнджытæ.

Афтæ уыд раздæр, афтæ у абоны бон æмæ афтæ уыдзæн фидæны дæр, уымæн æмæ сылгоймаджы фæлгонц у æвидигæ, æнусон.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.