Куыд зонæм, афтæмæй ирон адæмы истори рагзамантæй цæуы æмæ се ‘гъдæуттæ дæр сты тынг рагон.

 Нæ фыдæлтæм алы хъуыддагæн дæр уыдис йæхи æгъдæуттæ. Зæгъæм, куыд чындзæхсæвы, дзуары боны, куывды, зианы æмæ а.д. Абоны боны куы акæсæм нæ фыдæлты диссаджы æгъдæуттæм, уæд фæстаг рæстæджыты ивынц, стыр хъыгагæн, хорзæрдæм нæ, фæлæ æвзæрырдæм.

Цæвиттонæн сисæм абон зианы æгъдæуттæ. Æнæмæлгæ дуне нæй æмæ æппындæр æнæрæстæджы куы ничи мæлид, уæд уымæй хуыздæр цы уаид, фæлæ алкæмæ уыцы амонд не ‘рхауы.

Фæнды æмæ æрдзурын зианы æгъдæуттыл. Куыд уыдысты раздæр æмæ сæ куыд æххæст кæнæм абон? Раздæры рæстæджы, æгæрыстæмæй, Советон дуджы дæр-иу зиан куы æрцыдис хъæуты, уæд-иу æнæхъæн хъæу уыдис фыдохы. Горæты дæр-иу æнæхъæн сых уыдис фыдохы, цины хъæлæба-иу нæ хъуыстис, уыцы хъæубæстæй, кæнæ сыхæй. Ныр бирæбæрцæй афтæ нал у. Хатт корпусы иу подъезды зиан вæййы, иннæйæ  цины хъæлæба фæхъуысы.

Зианы чырын-иу кодтой хæсгæ суанг Згъудеры уæлмæрдмæ къухæй, нæлгоймæгтæ цыдысты разæй, сылгоймæгтæ – сæ фæдыл. Згъудеры уæлмæрдмæ фæзилæны-иу зианы иу чысыл аулæфын кодтой. Абон уыцы хъуыддаг афтæ нал у, зиан рахæссынц кæртмæ. Митинг дæр саразынц кæрты æмæ йыл бирæ хатт кæртæй машинæмæ схæцæг дæр нæ вæййы. Машинæйыл сæвæрынц зианы чырын æмæ уырдыгæй афæндараст вæййы йе ‘нусон бынатмæ.

Советон дуджы Сталины уынджы Цардуагон лæггæдты хæдзары зианимæ баст дзаумæттæ уæйгæнæн. Уыдис дзы зиан ласынæн сæрмагонд машинæ сау хъуымацæй фæлыст, фæлæ йыл уыцы сæрмагонд йæ зиан ничи ласта. Афтæ-иу дзырдтой, æнæхицау мард нæу, зæгъгæ.

Згъудерæй-иу зианы фæндарастгæнджытæ раздæхтысты къахæй æмæ-иу фынгыл уæд æрбадтысты, рæстæгыл-иу сыстадысты. Ныр ацы æгъдау бынтондæр хæлд æрцыдис. Фынджы уæлхъус чи æрбады, уыдон фæбадынц дыууæ сахатæй фылдæр. Бирæтæ сæхи фæдарынц хъæлдзæгæй.

 Тынг хорз æй хъуыды кæнын, зианмæ цæуæг адæмы-иу лæг базыдта сæ пысулы кондæй дæр. Сылгоймæгтæ цыдысты, кæд мæгуыр уыдысты, уæддæр тынг уæздан, æгъдауыл кондæй.

Нæлгоймаг зианæн уагътой бæхты дугъ, фæлдыстой йын бæх дæр. ирон адæммæ ис æмбисонд: «Зиан цæстысыгæй фидауы». Уый æнæхъуаджы нæ уыд. Нæ фыдæлтæ зианыл тынг куыдтой, сылгоймæгтæ кодтой хъарæг, нæлгоймæгтæ та иронвæндаг.

Зиан бавæрыны хъуыддæгтæ скъуыддзаг кодтой сыхы хистæр лæгтæ.

Исты-иу дзы раст, нывыл куы нæ уыдаид, уæд-иу хъæуы лæгтæн худинаг уыд. Афтæ-иу фæдзырдтой, зæгъгæ, зианджыны уый æндæвта. Зианджыныл нæдæр тыхсгæ кодтой, нæдæр къух истой, мæсæллæй-иу загътой, сæрæй-иу акуывтой.

Джусойты Нафи, рухсаг уæт, тыхсгæ дæр æмæ къух дæр нæ иста, мæсæллæй-иу загъта, сæрæй-иу акуывта.

Зианы фынгыл адæм бадтысты куыдхистæрæй, алчи дæр йæ бынат зыдта. Фынгы сæр æртæ хистæры раз æвæрдтой кусарты сæр æмæ бæрзæй. Уон не ‘вæрдтой, уый та æвæрынц цинаджы фынгыл.

Зианджын йæхæдæг фынгыл нæ бадти.

Фынгыл-иу райуæрстой цыхт, хъæдур, дзидза, бас æнæ дзидзайæ, акарстой-иу ыл картофтæ. Фæстаг хатт ма-иу райуæрстой луаситæ æмæ плов.

Кувæг зианджыны бафæдзæхсы Хуыцауæн æмæ уымæй рæгъ нæ кæнынц, кувæггаг æмæ нуазæн дæр нæ дæттынц.

Цалынмæ-иу рухсаг загътой зианæн, уæдмæ фынгмæ ничи æвнæлдта, ныр ацы æгъдау бирæтæ халынц. Æгæрыстæмæй рухс нæма зæгъынц арахъхъæй афтæмæй дзы сæ къухтæ дæр фехсынц.

Кувæг фынгыл хъæркæнгæйæ нæ куывта, адæм-иу æм хъуыстой, бадгæ дæр кодтой цъус. Стыр худинагыл нымадтой, исчи куы фæрасыг уыдаид, уый. исчи-иу гыццыл æнæгъдау ми куы сарæзтаид, уæд-иу ын афтæ загътой:, ацы адæм дыл къуыппæн зарæг скæндзысты, зæгъгæ. 

Нæ уыдис гæнæн æмæ зианы фынгыл адæм сахатæй фылдæр фæбадтаиккой. Кæсдæр фæсивæд бадгæ дæр нæ кодтой, лæууыдысты уырдыг, кæнæ лæггад кодтой.

Зианы фынгыл æрæвæрынц, цыдæриддæр вæййы чындзæхсæвы фынгыл, уыдон.

Афтæмæй,  хъыгагæн, зианы фынджы æгъдæуттæ хæлд цæуынц.

Хуссар Ирыстоны зианы фынг аразын райдыдтам гуырдзиаг фынджы æгъдæуттæм гæсгæ. Цæгат Ирыстоны сын нæ бантыст уыцы æгъдæуттæ ныффидар кæнын, фæлæ ардæм Гуырдзыстонæй цы ирæттæ фæлыгъдис уыдон, сæ дарддæр кæнынц уым дæр.

КЪÆБЫСТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.