18-ӕм октябрӕй 25-æм ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис цыппар фыдракæнды ӕмӕ дзы дыууӕ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма къуырийы дӕргъы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ авари, кӕцыты фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ бахаудтой ӕртӕ адӕймаджы ӕмӕ, хъыгагӕн, иу адӕймаг та мӕлгӕ акодта. 

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 269 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 10 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 7 адӕймаджы.

Цхинвалы 26-аздзыд цӕрӕг, йӕ автомашинӕ «Subaru Legacy» скъӕргӕйӕ, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ Харебаты Исахъы уынгӕй Нӕузӕххонты уынгмӕ азилӕны ныццавта 79-аздзыд горӕттаг цӕрӕджы. Бӕлццон уӕззау цӕфтимӕ бахаудта рынчындонмӕ, фӕлӕ йын дохтырты бон баххуыс кӕнын нал бацис. Фӕткхалӕг шофыр урæд ӕрцыд.

Цхинвалы мидхъуыддӕгты управленимӕ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы 23-аздзыд службӕгӕнӕг фехъусын кодта, зӕгъгӕ, мын мӕ автомашинӕйӕ адавдӕуыд аккумулятор «Тюмень» ӕмӕ автомагнитола «ACV». Оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ ауадзыны фӕстиуӕгӕн милицийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой ӕмӕ ӕрцахстой горӕты 30-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы басаст йӕ фыдракӕндыл.

«Дорэкспострой»-ы кусджытӕ, Цхинвал-Гуфтайы фӕндагыл планон азылд аразгӕйӕ, рабӕрӕг кодтой,  фӕндаджы 13-ӕм километрӕй кӕй фесӕфт фиксаторон трос 800 метры дӕргъӕн, кӕцыйӕ фидар уыд згъӕр хыз. Милицийы кусджытӕ агурынц къӕрныхы.

Милицийы наркотикон буарадты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой 21-аздзыд горӕттаг цӕрӕджы ӕмӕ йӕм басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой препарат «Лирика», кӕцыйӕн Хуссар Ирыстоны уӕй кӕныны бар нӕй. Фӕткхалӕджы фӕивар кодтой 40 мин сомы. Уымӕй уӕлдай ма, наркотикон буарад «марихуана»-йӕ ӕнӕзакъонӕй кӕй спайда кодтой, уый фӕстиуӕгӕн ивар ӕрцыдысты дыууӕ ӕмбӕстаджы, – сӕ иу  5 мин сомы, иннӕ та – 8 мин сомы.

Дзауы поселочы 28-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2114» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ Æхслебы хъӕуы фӕндагæй фӕсвӕд афӕлдӕхт. Аварийы фӕстиуӕгӕн шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццон, Æхслебы хъӕуы 49-аздзыд цӕрӕг, уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ. Шофыр разынд нозтджын.

Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы 48-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2114» скъӕрын ӕмӕ Хуыцъейы хъӕуы сӕмбӕлд хӕлцадон магазин «Малусӕг»-ыл. Аварийы фӕстиуӕгӕн шофыр бахаудта рынчындонмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.