Кæронмæ бахæццæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг дунеон турнир «Алантæ». Ерысты байгом кæныны церемонийы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

«Ирыстоны дарддæр кæны дунеон турнир ауадзыны хорз традици. «Æгас цу зæгъын мæ фæнды ерысты хайадисджытæ, уазджытæн. Ссæрмагондæй мæ бузныджы ныхæстæ фæнды зæгъын ардæм æрбацæуæг Олимпион хъæзтыты, дунеон æмæ Европæйы чемпионтæн, кæцытæ æппæтдæр сарæзтой, цæмæй Ирыстоны æмæ Уæрæсейы хъæбысхæст уа бæрзонд æмвæзадыл. Бузныг мæ фæнды зæгъын РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн спортмæ ахæм хъусдард кæй здахы, кæй архайы, цæмæй Ирыстоны уагъд цæуой ахæм ерыстæ, уый тыххæй. Бузныг мæ фæнды зæгъын УФ-йы Спортивон хъæбысхæсты федерацийы сæргълæууæг Михаил Мамиашвилийæн, кæцы æппæт дæр аразы, цæмæй Уæрæсейы хъæбысхæст уа дунеон æмвæзадыл æмæ алы хатт дæр уа фыццаг бынатыл. Кæй зæгъын æй хъæуы,  бузныг зæгъын мæ фæнды  уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболатæн, кæцы у Хуссар Ирыстонæй рацæугæ. Уый стыр куыст кæны æрмæст уæрæсейаг нæ, фæлæ ма хусссарирыстойнаг спортсментимæ, кæцытæ бæрзонд æмвæзад æвдисынц алгъуызон ерысты. Уæлахиз уæт Ирыстон», – банысан кодта Президент Бибылты Анатоли. Йæ раныхасы кæронбæттæн президент Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта аграрон-хæлцадон политикæ æмæ æрдзæй пайдакæныны фæдыл УФ-йы Федералон æмбырды  Федерацийы советы комитеты сæрдар Алексей Майоровы æмæ УФ-йы спортивон хъæбысхæсты фыццаг президент Омар Муртузалиевы РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстад сфидар кæнынмæ се’стыр хайбавæрды тыххæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав та «Ирыстоны Кад»-ы орденæй схорзæхджын кодта УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты.

Ирон богалтæ рамбылдтой 5 сыгъзæрин, 3 æвзист æмæ 5 та бронзæ майданы. Фыццаг бы-нæттæ бацахстой Рæмонты Сослан (65 кг), Уалыты Чермен (70 кг), Цæболты Хетиг (74 кг), Кцойты Сослан (86 кг) æмæ Гæззаты Батраз (125 кг). Æвзист призертæ та систы: Хуыбецты Къахабер (79 кг), Байцаты Владислав (97 кг) æмæ Молдавийы спортивон кад хъахъхъæнæг Рубайты Георги (86 кг).  Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Сабанты Александр (57 кг), Уалыты Радик (79 кг), Уалыты Владислав (86 кг) æмæ Цæкуылты Батырбег (92 кг).

Ерысты уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцыд 5 мин доллары, дыккаг бынæттыл ацæуæг спортсментæ райстой фæйнæ 2 мин доллары æмæ æртыккаг къæпхæнмæ ахизæг богалтæ та хорзæхджын æрцыдысты фæйнæ иу мин долларæй. Фæйнæ мин доллары ма лæвæрд æрцыдысты уæлахиздзауты тренертæн.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.