Знауыры поселочы уагъд æрцыд турнир дзюдойæ. Ерыстæ уагъд æрцыдысты революционер Айдарты Знауыры райгуырдыл 130 азы æмæ Зна-уыры районы сырæзтыл та 90 азы сæххæсты цытæн. Хайад сæ райстой 76 æвзонг дзюдоисты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй.

Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæм-бырдуæвджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта Айдарты Знауыр цы хъайтардзинæдтæ равдыста, уыдоны тыххæй.

«Ирон революционер, адæй-маг кæцы Дыгургомæй рацыдис йе ‘фсæддон къордимæ æмæ æппæтдæр сарæзта, цæмæй абон уа Знауыры район, цæмæй ам сывæллæттæ рæзой æмæ мах нæ цард хуыздæрæй-хуыздæр кæнæм. Йæ ном сæфт никуы уыдзæн», – загъта президент.

Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан дæр раарфæ кодта спортсментæн æмæ бузныг загъта турниры организатор – РХИ-йы дзюдойы федерацийы президент, Парламенты депутат Гæбæраты Иналæн. Турнирмæ ма æрбацыд Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ йæ уæлхиздзаутæ систы Джиоты Артур (27 кг), Дзусаты Альберт (30 кг), Рæмонты Давид (33 кг), Пухаты Эдуард (36 кг), Гаглойты Алан (39 кг), Гуцаты Дзамболат (42 кг), Джыгкайты Артур (46 кг) æмæ Уалыты Герман (+46 кг).

Турниры ма лæвæрд æрцыдысты сæрмагонд призтæ. «Хуыздæр техникæйы» призæй хорзæхджын æрцыд Дзусаты Альберт, «Уæлахизмæ тырнындзинады» приз лæвæрд æрцыд Даниил Чернявскийæн, «Приз зрительских симпатий», зæгъгæ,  райста Джиоты Артур.

НОМАРÆН ТУРНИР ФУТБОЛÆЙ

     Кæронмæ бахæццæ тренертæ Зассеты Владимир æмæ Тедеты Нодары номарæн турнир футболæй. Хъæзтытæ уагъд цыдысты къуырийы дæргъы. Йæ организатортæ уыдысты республикæйы футболы тренертæ, футболон скъола «Фыранк»-ы директор Цхуырбаты Николайы сæргълæудæй. Призтыл тох кодтой 6 коман-дæйы, кæцыты архайдтой 13 азы онг кæуыл цыд, ахæм футболисттæ. Уыдон уыдысты куыд республикæйы столицæ, афтæ Дзауы æмæ Знауыры районтæй.

Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы командæ дæр иннæтимæ акодта фæйнæ иу хъазты, ома сæ алкæцы командæйы дæр æдæп-пæтæй бахъуыд 5 хъазты акæнын. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ иууыл фылдæр очкотæ æрæм-бырд кодта æмæ турниры уæлахиздзау ссис коман-дæ «Ир – 1», дыккаг ссис «Ир – 2», æмæ æртыккаг бынат та бацахста Знауыры районы командæ «Проне».

«Ерыстæ ныр уагъд æрцыдысты 6-æм аз фæд-фæдыл. Стыр æх-хуыс нын бакодтой Гуыззыдтаты Эдуард, Битеты Сергей, Цхуырбаты Владимир æмæ Зассеты Сергей. Уый тыххæй сын республи-кæйы спортвион æхсæнады номæй зæгъын бузныг», – загъта турниры сæйраг тæрхонгæнæг Тедеты Владимир.

ФУТБОЛ

     Футболæй Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылдты Чемпионты къорды æрдæгфиналон хъазты «Цхинвал» фысымиуæг кодта горæт Прохладныйы командæ «Энергетик»-æн. Дзæуджыхъæуы цæуæг фембæлд фæцис æмдыхæй  0:0. Цхинвайлæгты тренер Хъоцыты Сослан куыд загъта, афтæмæй хъазт рауад æндыгъд.  «Тох цыд æнæхъæн хъазты дæргъы. «Энергетик» у хорз организацигонд командæ.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ рамбылдтаиккам, фæлæ нын пурти бакъуырынæн цы уавæр-тæ уыд, уыдон нæ сæххæст кодтам», – загъта Хъоцыты Сослан.

Командæты дзуаппон хъазт уыдзæн 13 ноябры Прохладныйы.

Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылдты Чемпионты къорды хъазынц ацы регионты чемпионатты уæлахиздзаутæ. Командæ «Цхинвал» у РЦИ-Аланийы чемпион, «Энергетик» та фæуæлахиз Кæсæг-Бал-хъары чемпионаты. 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг богалтæ дыууæ майданы рамбылдтой уæгъдибар хъæбысхæстæй Бердиаты Солтаны номарæн турниры. Дыгуры уагъдцæуæг ерысты хайад райстой 2002-2004 азты гуырд 150 спортсменæй фылдæр. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй сыгъзæрин майдан рамбылдта Дзæгъиаты Сослан. Уый 92 кг уæзы категорийы архайгæйæ, акодта 4 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр бæрæг тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй. Цхинвалмæ æвзист майданимæ та æрæздæхт Плиты Вадим. Уый та архайдта 51 кг уæзы категорийы.  Спорстменты бацæттæ кодта тренер Коцты Тамерлан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.